Студопедия — Бонджын цы нæ кодта — мæгуыр цы нæ ’взæрста
Студопедия Главная Случайная страница Обратная связь

Разделы: Автомобили Астрономия Биология География Дом и сад Другие языки Другое Информатика История Культура Литература Логика Математика Медицина Металлургия Механика Образование Охрана труда Педагогика Политика Право Психология Религия Риторика Социология Спорт Строительство Технология Туризм Физика Философия Финансы Химия Черчение Экология Экономика Электроника

Бонджын цы нæ кодта — мæгуыр цы нæ ’взæрста






Цæй бæрц сабыр кусæг адæм уыдысты Къабусты Тотыратæ, уый бæрц æгæнон хъал, магуса адæм уыдысты Ходзы Тотыратæ.

Сæ зыд æмæ сæ кæрæфæн æмбал кæм уыди æгас Мæсгуыты бæстæйы. Æдзух æхсары сæрыл цыдысты, тых хастой алкæмæ, хастой йæ сæ къабустаг æрвадæлтæм дæр, уæдæ цы. Уымæй дæр се ’ппæт, мыййаг, ахæм нæ уыдысты. Фæлæ сæм уыди Ходзы Тотыратæм иу-дыууæ хæдзары, лæгджын, исджын хæдзæрттæ æмæ тугуарæн фесты адæмы ’хсæн. Никæмæн уыгæрдæн уагътой, никæмæн хуым, нал сæ фæрæзтой нæдæр адæм, нæдæр хи мыггаг. Кусгæ, мыййаг, нæ кодтой, ницы уадиссаг кусæгæй сæ зыдтой адæм, фæлæ-иу, гъе-ныр ды, цæвиттон, дæ уыгæрдæн æркарстай, мæкъуыл амад æй скодтай æмæ мæкъуыл æфтауцмæ æрластай, нæ? Уæд иу ахæмы баскъæрдтой галтæ æмæ раластаиккой де ’вастæй æвзаргæ мæкъуылтæ де ’фтауцæй, зæгъгæ, нæ уыгæрдæнæй нын уый бæрц æркарстай. Афтæ дын кодтой дæ хорæн дæр æмæ дæ фосæн дæр. Æфсоны сæрыл лæууыдысты æмæ дæм исты æфсон баххæссæнт, уадидæгæн де ’ккой абадтаиккой. Æргом гуырымыхъ тых кæй хастой, уый адыл сæм хъæу дæр схæрам сты, уæдæ цы, сæ туг сын æхсныфæй нуæзтой. Гъе, фæлæ сæм уæндæг ничи уыд, кæуылты мыггаг уыдысты дæ зæрдыйæ Тотыратæ дыууæ хъæуы мидæг дæр. Ай-гъай! Марадз-ма, сдзур сæм, мыггаг уадидæгæн сæ сæрыл рахъызыдаиккой æмæ уæд сар дæ сæр кодта. «Ме ’взæр уæддæр мæхи, мæ хорз дæр мæхи»,— уый чи нæ хыгъта уæды дуджы?

Уæд-иу, мæ хуртæ, ахæм æгъдау уыди нæ фыдæлтæм: цæвиттон, мыггаджы ’хсæн исчи сфыдуаг ис æмæ æгæр-æгæр хъыг дары мыггаджы, æфхæры сæ лæгæй, зæххæй, донæй, фæллойæ, нæ? Уæд ахæмыл мыггаг хъоды кодтой æмæ-иу æй æмвæндæй фæцагътой. Быцæуы æгъдауыл бирæ хæцыди.

Ходзы Тотыраты ’хсæн цы дыууæ хæдзарæй загътон, уыдон уыдысты гъе ахæм фыдбылыз тыхгæнæг æгас мыггагæн дæр æмæ, мæнæй-ма, цæмæннæ уыдаиккой ахæм дæр, æввонгæй хордтой мыггаджы фæллой, сбонджын сты, бæх хуыздæр уыдонмæ, кард хуыздæр уыдонмæ, авд бынатон мæсыг дæр ма ныццамадтой. Бирæ хæттыты сыл бафæнд кодтой сæ мыггаг, фæлæ дзы ницы рауади. Уыцы дыууæ хæдзары — Тотазы байзæддаг-иу мыггаджы сæ кæрæдзи мидæг схæццæ кодтой. æмæ-иу афтæмæй хъуыддаг фехæлди, æмвæнд никуы баисты се ’рвадæлтæ сæ ныхмæ Ходзы. Бонтæ цыдысты, уæдæ цы, афтæмæй дын иу ахæмы Къабусты Тотыратæ бафæнд кодтой: «нал нæ ныууадздзысты æвыдæй цæрын Тотазы байзæддаг, цæй æмæ сæ фæцæгъдæм». Радæлæ-бауæлæ, афтæмæй кæрæдзи æмбарæг адæм сæ фæнд сфыхтой. Зæрдæвæрæнмæ бамгъуыд кодтой. Зæрдæвæрæнмæ рæстæг æрхаста, афтæмæй сæрвыстой хонæг сæ уæллаг æрвадæлтæм: «Уæй, æрцæут нæм зæрдæвæрæн æхсæв æмæ мæнæ нæ иумиаг мæрдтæн иумæ рухс зæгъæм».

Тотазы байзæддаг, æввонгхор ахуыр адæм, лæгрæгъауæй куыннæ ’рцыдаиккой Къабустæм? Æрцыдысты Ходзы иннæ Тотыратæ дæр, уæдæ цы уыдаид.

Уæд рабадтысты сæ фынгты раз дывæлдахæй Тотыратæ. Райдыдтой уым хæрынтæ æмæ нуазынтæ. Уалынмæ куы барасыг сты се ’ппæт, уæд Тотазы байзæддаг зарынмæ баздæхтысты æмæ фыдохы фынгæй куывды фынг фестын кодтой. Мæстæй куыннæ аскъуыдаиккой дæллаг Тотыратæ. Бæргæ уæллæгтæй бирæ йæхиуыл хæцыди, фæдзæхстой иннæты дæр зарынæй, фæлæ ма Тотазы байзæддаг кæм лæууыдысты, кæмæ байхъуыстаиккой. Афтæмæй зæххыл, нал хæцыдысты.

Тотазы байзæддагæй иу Елхъан хуынди, хуыцауы къахæргæвдæг кæм федтат, ахæм уыди. Райста дын уыцы Елхъан нуазæн йæ къухмæ — бæгæныйы нуазæн, уæрæхтæ рабадти æмæ фыдæнæн Къабусты Тотыраты зæрæдтæм базары:

Æрсдзуаны иу сæумæйы æз араст дæн,
Арсмæ æд хъыбылтæ иу лæгæты уæд бафтыдтæн.
Акæнон сæ, мæ галтимæ мын кусдзысты,
Цъыхыры, зæгъай, мæкъуылтæ, зæгъай, æнувыдæй мын æмпъухдзысты.

Уæд Къабусты Тотыратæй иу æдылы — рæуæггомау уыди. Нал фæлæууыд Елхъаны дзырдтæм æмæ йæм дзуаппæн базары:

Арсы дæндæгтæ фæринк кардæй цыргъдæр вæййынц.
Арсы ныхтæ — цъæх æрцытæ — сырх туг дæйынц.
Уæууау, галты æд хицау мын куы ныттона.
Кæлды бынты сæ æхсæвæрæн куы ныгæна.

Елхъан та ноджы мæстæймарынæн айсы йæ æртхъирæны зарæг:

Арсы дæндæгтæн мын болатæй конд цæттæ фæрæт,
Арсы ныхтæ хъандзал кард у хуыздæр цæгъдæг.
Æрсыты мыггаг мæ цагъартæ, мæ хуымгæнæг,
Науæд фæззæг мæ хосгæрдæг.

Фæлæ, хъавæгæй цæвæг фæраздæр вæййы, мæ хуртæ. Нæма фæци Елхъан æххæстæй йæ зарæг, афтæ Къабусты Тотыраты фæсивæды къухты хъаматæ ферттывтой æмæ арвы цæфау арæхуыстытæ кодтой Тотазы байзæддаджы. Уæ балгъитæг дæр афтæ, калд бæлæстау фынгтыл бафæлдæхтысты æмæ туджы зæйтæ хæринæгтыл лæсæнтæ кæнынц зæхмæ. Ходзы Тотыратæй ма дзы чи уыд, уыдон фынгтæй фæтæррæттытæ кодтой æмæ сæ кæрдты сæртæм фæлæбурдтой, фæлæ æдзæм фæлæууыдысты.

Уæй, багъæц ма. Тотыры мыггаг, дæ карды сæрыл ма ма ныххæц,— ныхъхъæр кодта уæлейæ бадæг иу зæронд лæг — Къабусты Тотыраты хистæр æмæ уырдыг слæууыди,— знагмæ йæ, мыййаг, не сласдзынæ! — Ацы бирæгътæ дын, кæд æнæ чи дæ ’взаргæйæ дæ фос калдтой, дæ туг дын нуæзтой, дæ мæгуыры хурхыл хæцыдысты, уæд дæ цы сæр хъæуы, уыдон тыххæй дæ карды сæрыл цæмæн хæцыс? Нæ иумиаг бирæгътæ сты, иумæ сæ не ’хсæнæй ацух кодтам, иумæ сæ тыхстæй нæхи фервæзын кодтам.

Ууыл ахицæн хъуыддаг. Тугкалд нал æрцыд Тотыраты ’хсæн. Марды уæлхъус бафидыдтой. Стæй Ходзы Тотыратæ схæцыдысты æмæ раластой сæ мæрдты, æмæ сæ сластой сæ зæппадзмæ. Нæдæр хист, нæдæр хъыллист — бакалдтой сæ зæппадзы æмæ алчи йæхицæн сбадти йæ фæрныг хæдзары.

Фæлæ фыдбылыз фыдбылызы къæдзилыл баст у, мæ хуртæ. Тыхджыны фыдбылызæй та æдыхы сæр судзаг вæййы. Уыцы дуджы дын Куырдтатæ — æртæ Ерманы — æрдхорд уыдысты, йæ мыггаджы чи ныццæгъда, уый ныццæгъдыныл. Уыцы ард хастой канд сæхи мидæг нæ, фæлæ æндæр хъæутæм дæр, æндæр мыггæгтæм. Уыцы ардмæ æртардтой Куырдтаты мыггæгты сæ мыггæгты хистæртæ, разагъд адæмы лæгтæ, æвæццæгæн, алчи сæ йæхи мыггагæй уыцы æдас кæм уыдаид, æндæра сæ цы сæрæн хъуыди ахæм ард?

Афтæмæй иу бон куы уыди, уæд бавдæлдысты Куырдтатæ, æмæ сæ ардмæ гæсгæ рафсад кодтой Къабусты Тотыратæм æмæ сын сæ мæсгуытыл æмæ сæ цæрæнуæттыл æртыхстысты, уæдæ цы уыдаид. Тотыратæ стырæй, чысылæй дуры гуыбыны бацыдысты æмæ уырдыгæй хæцынтæ систой Куырдтатимæ, хæцынтæ.

Уæд Тотыратæй иу лæппу балцы кæмдæр уыди. Афтæмæй йæ цыдæр фыдбылызтæ æнæнхъæлæджы Куырдтаты ’хсæнмæ бафтыдтой — йæ балцæй æрыздæхт. Балыгъди ма, мæгуырæг, мæсыджы дуармæ, дуар дæр ын фегом кодтой мидæгæй. Фæлæ Фæрниаты Состæ хорз топпæхсæг уыди, мæсыджы дуармæ фехста Тотырайы-фырты æмæ де знаг дæр афтæ, йæ сæры тенка йын фæхаста. Куырдтатæ дын, мæ хур акæнат, цы ракодтаиккой дуры гуыбынмæ Тотыратæн? Схæцыдысты æмæ Тотыраты исæй цæуыл фæхæст сты, уый ратæлæт кодтой æмæ сæхимæ бафардæг сты. Уым фæллæйттæ айуæрстой сæ кæрæдзи мидæг сæ тыхджындæртæ, уæдæ цы уыдаид æмæ алчи йæхицæн сбадти.

Сызмæлыд уæд Тотыры мыггаг æмæ зилынтыл схæцыд Состæйы фæдыл, зилынтыл. Къæсæрмæ дæр æй нал ауагътой ракæсын æд хæдзарвæндаг Тотыратæ, йæ мыггагмæ дæр ын æрхъавыдысты. Чи уыди йæ сæрыл сдзурæг мæгуыр лæгæн, нæ хионæй, нæ мыггагæй фæхæцæг кæй ачындæуы. Бæргæ-иу ныллæгъстæ кодта Куырдтатæн, сымах тыххæй сæфын, уæ рын бахæрон, æмæ мæ баиргъæвут фыдызнагæй, зæгъгæ. Уыдон ын-иу хуыздæр дзуаппæн: — Æмæ дæ чи кодта, чи, топпæхсæг, мах дæ лæгмарынмæ куы нæ акодтам, цы сæр дæ хъуыди? Архай ныр дæхæдæг, цæмæй дæ къухы æфты, уымæй.

Цы бон ма уыди мæгуыр лæгæн? Рахæцыд æмæ Слантæм ныллыгъд, Бырытъатæм, йæ сæр уыдонмæ бафснайдта, сæ хистæры худ йæ сæрыл æркодта. Уырдыгæй баминæвар кодта Тотыратæм: «Уе ’взаг уæ тæрхон, бафидауæм»,— фæлæ Тотыратæ æмгæрон дæр не ’руагътой Состæйы минæварты æмæ уыдон дæр сæргуыбырæй æрыздæхтысты мæгуыр лæгмæ.

Æдзæллагмæ æрцыди Состæ, уæдæ цы уыдаид, æдзæллагмæ æд хæдзар. Нал хуым бакæнын уæндыди, нал хос кæрдын уыцы хуызæнæй. Уæлæ-иу Кæфойауы сæрты йæ иу æфсымæр, милтæ дæр ыл нæма фæхæцыди, ахæм лæппу, ныууади сусæгæй, бæрæг нысангонд бонты Состæмæ Бырытъатæм. Уым-иу кæрæдзийыл бардиаг кодтой, уæдæ цы уыдаид.

Иу ахæмы дзуры Состæйæн йе ’фсымæр:

— Ратт мæ туджы аргъмæ Тотыратæн, æндæр гæнæн нын ницыуал ис. Кæд мæ искуы суæгъд кæниккой, сæ маст куы рысыса, уæд. Кæд мæ уæй акæной, уæд та лидзгæ ракæндзынæн дард бæстæй; куыд уыдзæн, цы уыдзæн, фæлæ мæ куы радтай, уæд кæд уæддæр бафидауиккой.

Худинаг касти Состæмæ йæ иунæг æфсымæры знагæн радтын. Иратаманы никуы ма ничи радта лæг тугмæ. Лæвæрдтой-иу тугмæ чызг мæгуыр æдых мыггаг, фæлæ-иу уый дæр, бон уæвгæйæ, сæрмæ чи хаста,— æгад уыди дæттæгæн. Уæд цы кæна Состæ, куыд радта йе ’фсымæры. Боныфæстагмæ гæнæн нал уыди Состæйæн, æндæр гæнæн æмæ йе ’фсымæры зондыл ныллæууыди.

Иу ахæмы та баминæвар кодта Тотыратæм.

— Мæ иунæг æфсымæры уын дæттын уæ тугмæ, Тотыратæ, æмæ бафидаут.

Тотыратæ æрдомдтой, цæмæй Состæ радта йе ’фсымæры фидыды агъоммæ. Никуы æрцыд ахæм хъуыддаг, фæлæ дзы Состæйæн хуыздæр гæнæн кæм уыд æмæ та сæм барвыста:

— Уыцы бон æмæ уыцы бон уæм цæудзæни ме ’фсымæр Кæфойауыл. Кæд мын ын йæ уд нæ аскъуынат, уæд хохы дауджытæ уæ арфæгæнæг.

Йæ уæлæ айсут — зæххæй, донæй мын цы ис, уыдон æмæ бафидаут.

Рараст дын сты Тотыратæ уыцы фыдбоны æмæ лæппуйы раз бабадтысты. Лæппу куы схæццæ сæ размæ Кæфойауы сæрыл, уæд æм рагæппытæ кодтой, се ’ууæнк бахордтой, æмæ лæппуйы уым нард уæныджы кæрдæнтæ скодтой. Сæхæдæг уырдыгæй рараст сты æмæ æнæ бафидаугæйæ бафсад кодтой Состæйы хæдзармæ. Хосгæрдæн уыди æмæ адæм уыгæрдæнты уыдысты. Цы муртæ ссардтой мæгуыры хæдзары, цы фосы къæрмæг, уыдон иууылдæр сæ разæй скодтой æмæ сæ сæхимæ ’рхæццæ кодтой. Сæхæдæг Состæйы æфсымæры хъус сæ марды ингæны бавæрдтой, ныффæлдыстой лæппуйы сæ мардæн, уæдæ цы.

Худинаджы кæрц скæнын йæ сæрмæ нал схаста Состæ, мæгуыр, уыцы æбуалгъы хъуыддаджы фæстæ, худинаджы царды сæрыл нал ныххæцыди: иу ахæмы йæ кард рабаста, йæ хъыримаг йе ’фцæджы бафтыдта æмæ абырæг алыгъди. Æбуалгъы ард бахордта йæ кардыл, Бырытъатæй куы алыгъди, уæд:

«Цалынмæ мæ цонг кард дарынхъом уа, цалынмæ мæ цæст топпы кæсæн ахса, уалынмæ æз искуы куы сауæрдон адæймагæй гуырдыл,— хионæй, æцæгæлонæй, хæларæй, знагæй, уæд-иу мæрдты мæ æргæвст æфсымæры цæсгом ма фенон. Уæд-иу, ирон адæмæй ма цалынмæ байзæддаг цæуа, уæдмæ мæ ном се ’хсæн æлъыстагæй, худинагæй лæууæд».

Афтæ рауæлдай кодта йæхи Состæ. Бирæгъ фестади хионæн дæр æмæ æцæгæлонæн дæр. Райдыдта дын йæхи мыггаджы, стæй Куырттаты мыггæгты ’хсæн дзырддзæугæдæрты фæдыл зилынтæ. Афтæмæй дын рамардта иу цалдæр лæджы, тæккæ тыхджындæрты, дзырддзæугæдæрты. Бæргæ зылдысты Куырттатæ йæ фæдыл, фæлæ йæ никуы æрыййæфтой. Арвы кæрæттæм дæр-иу фæфардæг Состæ, хиумæ зæгъай, мæхъхъæлмæ зæгъай, цæцæнмæ зæгъай, кæмдæриддæр йæ хæтæнтæ — йе ’мхуызæттимæ.

Уæд иу ахæмы дзæвгар йæ кой куынæуал хъуысти а-бæсты, афтæмæй Къабусты Тотыратæ цыдæр куывд кодтой,— мыггаджы куывд. Куывд йæ тæккæ карзы куыд бацыд, афтæ дын Состæ се ’хсæн стонг бирæгъау фæмидæг æмæ сæ цъыччытæ систа, цъыччытæ. Афтæмæй дзы иу дзæвгары йæ карды амæттаг фæкодта. Бæстæ схъæрахст ис. Тотыратæ дæр уайтагъд фæцарæхстысты æмæ Состæ йæ мæлæт ссардта сæ кæрдты бын. Йæ маст уæлдайджынтæй райста, фæлæ хæдзарвæндагæй дæр аскъуыд Состæ, йæ зæххытæ та йæ мыггагæн баззадысты.

Ахæм цæрдтытæй цардысты нæ фыдæлтæ, мæ хуртæ, талынг сырды цардæй. Бон æддæдæрæй æрвыстой сæ цард.







Дата добавления: 2015-08-31; просмотров: 431. Нарушение авторских прав; Мы поможем в написании вашей работы!



Практические расчеты на срез и смятие При изучении темы обратите внимание на основные расчетные предпосылки и условности расчета...

Функция спроса населения на данный товар Функция спроса населения на данный товар: Qd=7-Р. Функция предложения: Qs= -5+2Р,где...

Аальтернативная стоимость. Кривая производственных возможностей В экономике Буридании есть 100 ед. труда с производительностью 4 м ткани или 2 кг мяса...

Вычисление основной дактилоскопической формулы Вычислением основной дактоформулы обычно занимается следователь. Для этого все десять пальцев разбиваются на пять пар...

Методика обучения письму и письменной речи на иностранном языке в средней школе. Различают письмо и письменную речь. Письмо – объект овладения графической и орфографической системами иностранного языка для фиксации языкового и речевого материала...

Классификация холодных блюд и закусок. Урок №2 Тема: Холодные блюда и закуски. Значение холодных блюд и закусок. Классификация холодных блюд и закусок. Кулинарная обработка продуктов...

ТЕРМОДИНАМИКА БИОЛОГИЧЕСКИХ СИСТЕМ. 1. Особенности термодинамического метода изучения биологических систем. Основные понятия термодинамики. Термодинамикой называется раздел физики...

Классификация ИС по признаку структурированности задач Так как основное назначение ИС – автоматизировать информационные процессы для решения определенных задач, то одна из основных классификаций – это классификация ИС по степени структурированности задач...

Внешняя политика России 1894- 1917 гг. Внешнюю политику Николая II и первый период его царствования определяли, по меньшей мере три важных фактора...

Оценка качества Анализ документации. Имеющийся рецепт, паспорт письменного контроля и номер лекарственной формы соответствуют друг другу. Ингредиенты совместимы, расчеты сделаны верно, паспорт письменного контроля выписан верно. Правильность упаковки и оформления....

Studopedia.info - Студопедия - 2014-2024 год . (0.036 сек.) русская версия | украинская версия