Студопедия — AElig;лбегаты Батай æмæ Барсæгаты чындз
Студопедия Главная Случайная страница Обратная связь

Разделы: Автомобили Астрономия Биология География Дом и сад Другие языки Другое Информатика История Культура Литература Логика Математика Медицина Металлургия Механика Образование Охрана труда Педагогика Политика Право Психология Религия Риторика Социология Спорт Строительство Технология Туризм Физика Философия Финансы Химия Черчение Экология Экономика Электроника

AElig;лбегаты Батай æмæ Барсæгаты чындз






Æхсар бæрæггæнæг лæгнымæцæй уыди, мæ хуртæ, раджы заманы, цард бæрæггæнæг зæхфылдæрæй æмæ исбонæй, лæг бæрæггæнæн та Тъдауæй. Æгъдауыл мард уыдысты фыдæлтæ, царды сæрфад аразæг дæр æгъдæуттæй. Æмæ уæдæ, æндæр куыд уыдаид, паддзах уыдон нæ зыдтой, æлдар иннæ ахæм, хицау æмæ закъон та æрхæсгæ сты нæ бæстæм. Уæд та хицау — мыггаджы хистæртæ, закъон — нæ хохбæсты æгъдæуттæ, уыдонæй цардысты, уæдæ цы, чи ахызтаид æгъдауы сæрты, уыцы быны сæфт чи уыдаид, фæлæ тыхджынæн цы нæ ’нтысы — æгъдауы сæрты дæр-иу ахызти, йæ зæрдæ куы загътаид, уæд, æмæ йын батадаид, æвæдза, æгъдауы сæрыл карздæр дзурæг кæддæриддæр тыхджын уыди.

Цæй, дардыл цы нывæндон ныхас, таурæгъæн райдайын хуыздæр у йе ’цæгæй.

Æгуыдзæг мыггагыл мыййаг нæ хыгътой нæ Мæсгуыты хъæу, нæ, æппæт нæ Мæсгуыты бæстæ дæр Æлбеджы мыггаджы. Лæг ифтонг, гæрзифтонг уыди Æлбеджы мыггаг, цы ма хъуыди цæрынæн уæдæ æмæ хæрынæн ахæм мыггаджы. Цардысты Æлбегатæ дæр, уæдæ цы, алцæмæй фагджынæй. Цардæй бухъхъытæ кодтой. Бон сын куывдæн уыди, æхсæв та чындзæхсæвæн, афтæмæй цардысты сæ рындзыл, уæлæ акæсæны сæрмæ ныр дæр ма куы зынынц сæ мæсгуыты, сæ хæдзæртты бындзæфхæдтæ, кæлдтытæй.

Фæлæ кæм вæййынц иудадзыг царды бонтæ амондæй, хурджын уалдзæгау, хаттæй-хатт схъызынц тымыгъæнамондæй зымæгау. Æрзылд æнамонды тымыгъ бонтæ Æлбеджы мыггагыл дæр. Ахæм æнамонды тымыгъ бонтæ, æмæ Æлбеджы мыггагæн йæ кой дæр ныддымдтой.

Æлбеджы мыггагæй та тыхджындæр æмæ ныфсджындæр Барсæджы мыггаг уыди. Кæуылты мыггаг уыди Барсæджы мыггаг, паддзахадимæ дæр хæстхъом уыди йæ лæг арæхæй, æхсарджын, æнæбасæттон йæ лæг хæцæгтæй! Зæххæй та афтæ исджын уыди, æмæ уын хæххон æлдар зæгъон æмæ кæм, Тæгиатæм дæр уыдон зæххы бæрц нæ уыдаид. Фæлæ бирæ исджыны цæст æнæфсис у. Барсæгатæ дæр афтæ, кæм æхсарæй, кæм фыдмийæ ноджы фылдæр кодтой сæ исбон, сæ зæххытæ. Адæм сæ фæразгæ дæр нал кодтой, фæлæ сæ цы бон уыди, æмризæджы рызтысты иннæ мыггæгтæ Барсæгатæй, фыдуаг уыдысты, æнæбарон, æнæрцæф Барсæгатæ: сæ сæрты маргъ тæхын дæр нæ уæндыд.

Хæлар уыдысты Барсæгатимæ Æлбегатæ, хуыцау зоны, цы сæ фæхæлар кодта уыцы тызмæг мыггаджимæ, гъе, фæлæ сæ сæфт дæр уыцы хæлардзинады фæдыл æрцыди.

Иуахæмы тутыр æрлæууыди. Адæм æрымбырд сты æгас Мæсгуыты бæстæйы Мæсгуыты хъæумæ тутыры хъæзтытæм, уæдæ цы уыдаид, æмæ бæстæ æмризæджы рызт, æмбу кодта адæмы хъæрæй.

Барсæгатæ хъал мыггаг — сæ сæр кæм дардтой æндæр мыггæгтимæ хъазынмæ æмæ хъазыдысты сæ кæрæдзиимæ. Фæлæ уалынмæ сыстад Æлбегон лæг Сæлдженыхъ, зæгъгæ, æмæ балæууыд Барсæгаты хъазты. Æрдхæрæн барæг уыди кæмдæр адæмæн Сæлдженыхъ, иууыл æрдхæрæн та йæ сау араппаг уыди, кæддæр стæры уыди Гуырдзыстоны æмæ йæ отыр æлдары бынæй байста. Барсæгаты æвзаргæ фæсивæд бæхтыл хъазыдысты æмæ Сæлдженыхъы айстой сæ хъазтмæ: рафæнд дын кодтой, мæ хуртæ, рафæнд, барæгæй, бæхæй, йæ хъару равзарын Æлбегонæн. Куыд нæ уыдаид хорз бæхтæ Барсæгаты фæсивæдмæ дæр, куыд нæ уыдаид се ’хсæн хорз барджытæ дæр, афтæмæй хъазынтæ систой Сæлдженыхъимæ, хъазынтæ. Дзæвгар фæхъазыдысты, уæдæ цы, бон акъул, фæлæ дзы ничи басаст номдзыд барджытæй. Уæдæ дугъæй зæгъай, уæдæ тæргæ бæхыл нысан æхсынæй, зæгъай, уæдæ бæхыл хъазын арæхсынæй, зæгъай, уæлбæх хъазтæй иннæ ахæм, уæлдай ничи никæмæн уагъта.

Уæд Сæлдженыхъ йæ бæхы æфцæг дауы æмæ зæгъы:

— Уæдæ афтæмæйты дæр ма уæд, Барсæгаты сахъхъ фæсивæд. Нæ бæхты бафæлварæм сыджыт къахæны сæрæй æмуырдыг дæлæ комы доны былмæ. Чи раздæр ныххæццæ уа, чи нæ фесхъиуа йæ бæхæй, уый амбылдта.

— Фæуæд дæ дзырд, уæ, хорз Æлбеджы фырт. Æрмæст дæ рагацау фæдзæхсын, дæ бæхæй дæхæдæг уырдыджы доны былмæ раздæр ма ныххæццæ у,— бадзырдта йæм хъазæн ныхасæй Барсæгаты фæсивæды ’хсæн разагъта Дадай.

— Уый дæр фенгæйæ у, хъæбатыр Дадай,— бакодта Сæлдженыхъ æмæ барджытимæ схæрд кодта сыджыткъахæны сæрмæ.

Æмуырдыг у, уæлæ ма йæм скæсут, сыджыткъахæны фахс суанг донмæ, кæуылты бирæ бæрзонд у. Ныры фæсивæд дзы æдæрсгæ тагъд æруайын дæр нæ бауæнддзысты фистæгæй, бæхыл бадгæйæ, нæ, фæлæ. Уæд та, мæ хуртæ, домбай уыдысты адæм, арæхстджын уыдысты алцæмæ дæр, хæстон хъуыддагмæ æмæ æхсар равдисынмæ та æрдхæрæн. Ахæм чи нæ уыдаид, уый фæсивæд сæ рæнхъы дæр нæ уагътой, чызджыты ’хсæнмæ йæ тардтой се ’хсæнæй, лæгæн бæзгæ нæ дæ, зæгъгæ. Чызг дæр ыл æнæввæрсонтæ кодта, былысчъилтæ æмæ сар йæ сæр кодта, æвзæры номыл-иу сбадти пъæззыйау. Æвзæры ном та йæ сæрмæ ничи хаста æмæ уый адыл алчи архайдта рæгъы цæуын, æвзæры номы бæсты мæлæт æвзæрста фæлтау.

Куы схæццæ сты Барсæгаты фæсивæд Сæлдженыхъимæ сыджыткъахæны сæрмæ, уæд дын уыцы иу тъæбæртт фæкодтой æмуырдыг, уæдæ цы. Æртæхынц уырдыджы сахъ фæсивæд, иуæй-иутæ дзы фæстийæ дæр аззади. Уалынмæ доны уæлхъус балæууыдысты барджытæ æмæ Сæлдженыхъ иннæтæй фæразæй раст бæхы сæры бæрц.

Арвы цæфау куыннæ фæуыдаиккой хъал фæсивæд. Дыккаг хатт дæр та сфæлвæрдтои æмæ æртыккад хатт дæр, фæлæ-иу зына-нæзына гъеуæддæр фæразæй Сæлдженыхъы араппаг.

Уæд æм баздæхт æнæрцæф Дадай æмæ бадзуры мæстыгомауæй:

— Хæларæй цæрæм, Сæлдженыхъ, æфсымæртау демæ. Бæхы байраг не ’хсæн ма бацæуæд фыдæхы хæссæгæй. Рауæлдай кæн дæ араппаджы æмæ йæ, дæ дзых цы зæгъа, уымæй дын мæнæ лæг цæттæ.

Чи зоны, нæ бацауæрстаид Сæлдженыхъ бæх Дадайæн, хæлар уыдысты, фæлæ йæм хъыг кастысты йæ ныхæстæ, мæстыйæ кæй загъта, æмæ йæм бадзуры:

— Æвæлтæрдæй дын исты разнаггад кæндзæн, Дадай, мæ хайуан. Фæлтау йæ цин дæр æмæ йæ маст’ дæр мæн уæнт, йæ амонд дæр æмæ йæ фыдбылыз дæр.

Ницы уал сдзырдта Дадай, фæлæ маст бавæрдта арф йæ зæрдæйы.

Уæд Сæлдженыхъæн иу æфсымæр уыд Кудзан, зæгъгæ. Ницæйаггомау уыдис сæрхъæн, рæуæг лæг Кудзан. Йæ сырх цухъхъа-иу нарæг æрбалвæста, бабадти-иу йæ кафаг бæхыл, стæй фæкæс æмæ уæртæ Кудзан фæтæхы уым чындзæхсæвмæ, уым куывдмæ, уым дзуары бæрæгбонмæ. Афтæмæйты æрвыста йæ цард къуыдипп магуса Кудзан.

Гъе, уыцы Кудзаны бын бацыди Дадай. Æнæуый дæр дыууæ æфсымæры ’хсæн ницы уыцы фарны хæлардзинад уыди. Цас зæрдæмæдзæугæ уыдаид Сæлдженыхъæн йе ’фсымæры æдзæлгъæд къуыдиппдзинад лæджыхъæды бæсты, йе ’нæхъуаджы цоппай куысты бæсты? Амыдта-иу рæвдаугæ уæд, тызмæгæй уæд йе ’фсымæрæн Сæлдженыхъ, фæлæ амынд кæй хъусы бахызтаид, ахæм гуырд дæр нæ уыди Кудзан. Гъе мæ йе ’фсымæрæн мастхæссаг уыди Кудзан. Афтæмæй Дадай æдылы Кудзаны ноджы ардыдта Сæлдженыхъыл.

— Ус æмæ зæнæгджын у Сæлдженыхъ, хæдзары куыстыл дæр йæхи галау сивтыгъта, ды та уыцы иу уды къоппа дæ æмæ иу бон куы уа, уæд дæ афтид армæй æмæ гом риуæй рарвитдзæн, бауырнæд дæ. Нырыуонг дæр дын бакодтаид уыцы æбуалгъ ми, фæлæ йæ зæнæджы бахъомылмæ кæсы. Нæ йæм хъусыс, æвзæрæй æмæ дæ æдылыйæ куы тоны хæдзары, зæгъай, адæмы рæнхъы, зæгъай, уæд афтæ чи фæкæны йæ уарзон æфсымæрæн? — дзырдта-иу Дадай Кудзанæн æмæ-иу хибарæй зæрдиаг ныхасы, фæлæ-иу æй мæстæй дæр арæх мардта æмгæртты ’хсæн ахæм ныхæстæй: «Уæ, Æлбегаты уæлдайаг», уæ, иу боны гæлæбу уæ, æнæхайвæндаг» — æмæ цын ноджы цынæ дзырдта гæрдах Дадай.

Иуахæмы та дын Дадай стыр фæсахсæвæрмæ фæдардта йæхимæ Кудзаны. Куыннæ йын бадардтаид цъæх арахъхъы нуазæнтæ; сау бæгæныйы дзæбидыртæ, хæрд æмæ нуæзт нæ уыди цы йæ дзаджджын, бæзджын хæдзары. Цы базындæуа, цытæ йын фæдзырдта уым Дадай йæ фынджы рагъыл, фæлæ Кудзан куы рараст ис йæ хæдзармæ, уæд йæ хъримаг йе ’фцæгыл дæр нал бафтыдта, афтæ йæ йæ дæларм рахаста. Цухтæмухтæгæнгæ сæ хæдзары куы фæмидæг, уæд кæсы æмæ уæртæ артдзæсты къæйыл, йæ чъылдым арты ’рдæм, афтæмæй хуыссы йе ’фсымæр. Рынчын уыди, æнæфæразгæ кæмдæр уæд Сæлдженыхъ. Иннæ бинонтæ дæр батылдысты сæ сынтæджытыл, æгæрæстæмæй йæм йæ чындз, Сæлдженыхъы ус дæр нæ бады, афтæ, æд гæрзтæ йæхи æруагъта кæмдæр къуымы. Кудзан фæмæсты йæ чындз æм кæй нæ фæбадти, уый тыххæй, зæгъгæ, мын æндæр аргъ нæй мæ хæдзары, æмæ фæскъонайы дыууæ цæджындзы ’хсæнмæ йæхи бахаста æмæ уырдыгæй топп ныххуырста йе ’фсымæрыл. Топп æрхуы нæмыгæй ифтыгъд уыди. Нæмыг чъылдымы стæгыл басаста дыууæ уоны астæу æмæ риуы гуыдырæй ахызти. Де знаг дæр афтæ, змæлгæ дæр нал скодта Сæлдженыхъ йæ бынаты, дзыхъмард фæци.

Уæдæй фæстæмæ цыдæр фыдбылызы сæфты къахыл ныллæууыдысты Æлбæгатæ æгас мыггагæй. Дзырдтой, Гуырдзыстоны, дам, сæ чидæр уыди æмæ уырдыгæй цыдæр рын æрбахаста,— рынчынæй æрбаздæхт йæ балцæй уыцы дуджы. Уый аххос уыдаид æви сыл нæ хохы дзуæрттæ рахæтыдысты, Кудзаны æбуалгъ ракæнды фæдыл, чиу йæ зонæг, фæлæ бирæ нæма рацыд Сæлдженыхъы фæмардæй, афтæ цавæрдæр рын сыстади мыггагыл æмæ сæ цæгъдынтæ райдыдта, цæгъдынтæ, æхсæвæй-бонæй дзы хъарæджы æмæ дзыназыны кæрон нал скъуыди. Адæм рынæй фæтæрсгæйæ лигъдонтæм фæцыдысты. Æлбегатæм ма йе фæкæсынмæ, йе мæрддзыгоймæ чи бауæндыдаид бæгуы, уыцы æрра чи суыдаид. Цалынмæ ма сæ бон уыд, мæгуыртæг, уалынмæ мæрдты хастой сæ мыггаджы зæппадзмæ, стæй сæ бон нал уыд, æмæ сæ æддæмæ кæсæг дæр нал разынди. Боны фæстагмæ сæ кæуын æмæ дзыназын дæр нал райхъуыстис, фæздæджы худ дæр нал бадти сæ рудзгуыты сæрмæ.

— Мыггагскъуыд фæци, мæгуырæг, Æлбеджы мыггаг,— загътой адæм лигъдонуæтты æмæ алчи фæстæмæ йæ фæрныг хæдзармæ ’рфардæг ис.

Иу бон куы уыди, уæд дын Æлбегаты мæсыгæн йæ тæккæ сæрæй райхъуысти:

— О, Мæсгуыты хъæу! Рынсонæй уæ нæ хохы дзуæрттæ бахизæд. Рынæй фæцагъды ис ме стыр мыггаг. Иунæг удæй ма дзы æз баззадтæн. Уæй, кæд исчи йæхицæн удыбæстæ кæнинаг у, уæд мæм фæкæсæд — мæ мыггагæн мын рухс зæгъæд.

Адæм сæ цæстытыл схæцыдысты, уæдæ цы уыдаид. Кæсынц, æмæ мæсыджы сæрæй хъæр кæны Æлбегатæй иу, Батай, зæгъгæ. Æвæджиау хæрзхъæд, æгъдауджын лæппуйæ зыдтой хъæу Батайы. Ныхасы хистæртæ бадынц, уæдæ цы уыдаид, æмæ зæгъынц кæстæртæн:

— Рынæй тас нал уыдзæн, фæлæ фердæхут æмæ Æлбегаты сгуыхтыты уæлæуыл ма наууадзут, худинаг у.

Сыстадысты уæд хъæу мæрддзыгой Æлбегатæм, фæбогъ-богъ сыл кодтой, фæкуыдтой, стæй сæ зæппадзы бавæрдтой. Зæппадз байдзаг, йæ дуары дур ыл бахгæдтой, хæдзæртты ныссыгъдæг кодтой, сæ фостæ-йедтæм сын базылдысты, стæй сæ хæдзæрттæм æрцыдысты.

Йæ хæдуæлвæд Батай хæрнæг кæнын æрымысыд йæ мыггагæн, мæгуырæг. Фервыста, хæстæгæй-хионæй чи уыд йæ мыггагæн, уыдонмæ, æппæт адæмтæм нæ Мæсгуыты бæсты кæмтты. Æмгъуыды бон дын дуне дзыллæ куы æрымбырд сты, уæд бавдæлд Батай æмæ цыдæриддæр мыггагмæ хорæй уыди, уый хойрагæн фæци, цыдæриддæр фосы къахæй уыди,— уый кусартæн. Бæргæ ма йæ иргъæвтой адæм — дæхи дæр ма истæмæй цæрын хъæуы, зæгъгæ, фæлæ никæй коммæ бакасти, цыдæр фæнд бацыди йæ хуылфы. Адæм хæрнæгыл æрбадтысты, уæдæ цы уыдаид, æмæ рухс загътой мæгуыр мыггагæн.

Уалынмæ хæрнæг куы фæци, уæд Батай ралæууыд адæмы ’хсæн æмæ зæгъы:

— О, мæнæ хорз адæм! Арфæ кæнын уе ’ппæтæн дæр абон мæ мæгуыр мыггагæн чи балæггад кодта. Уæлдай арфæйаг уæнт нæ хохы дзуæрттæй Барсæгатæ, мæ мæгуыр мыггаджы йæ сыджытыл чи сæмбæлын кодта, уæлæуыл сæ чи нæ ныууагъта. Цыдæриддæр ма ис фосæй, агъуыстæй, зæххæй, донæй Æлбеджы мыггаджы номыл, уыдон иууылдæр, мæ бар сыл цæй бæрц цæуы, уыдон дæттын Барсæджы мыггагмæ. Цæрæнт æмæ сыл кусæнт хуыздæр амондимæ. Искæмæн дзы хорз зæгъинаг уой, искæй дзы æрымысой, æви нæ — сæ бар уæд. Абонæй фæстæмæ сыл мæ бар нал цæцы. Æз та мæ царды сæр райсинаг нал дæн, мæ дынджыр мыггаг кæм сты, уырдæм мæ фæндаг. Чи мæ баиргъæва уыцы фæндагæй, уый Æлбеджы мыггагæн фæлдыст уæд, уый мыггаджы Æлбеджы мыггагау адзал баййафæд.

Йæхæдæг джих адæмы ’хсæнты рахызт, бараст сæ зæппадзмæ, бахызт йæ хуылфмæ æмæ йæхиуыл зæппадзы дуар бафæлдæхта. Бæргæ ма йын ныллæгъстæ кодтой дзыллæтæ, йе ’мгæрттæ, дæ мыггаг ма аскъуын, зæгъгæ, фæлæ никæмæуал байхъуыста. Тыххæй уромынмæ та йæм йæ ныфс ничи бахаста йæ ралгъысты фæдыл.

Кæм ма фæцыдаиккой адæмы хæрзæджытæ æмæ дзырддзæугæдæртæ Мæсгуыты хъæуæй. Æдзæлгъæды адæм куы аивылдысты хæрнæгæй сæ хæдзæрттæм, уæд кæм цы хорз лæг уыд, уыдон æрымбырд сты Мæсгуыты хъæуы ныхасы æмæ тæрхæттæ кодтой, цы ’гъдауæй расайой Батайы зæппадзæй. Бирæ алы мадзæлтты сæрыл-иу бæргæ ныххæцыдысты, фæлæ нæ басасти Батай, нæ рахызти зæппадзæй. Суанг æм хатæгæй сæрвыстой Барсæгаты мыггаджы хистæр зæронд, дунейыл кадджын Бæтæджы дæр. Фæлæ ницæмæ æрдардта Батай уый арф зондджын ныхæстæ дæр, нæ ракуымдта уымæн дæр зæппадзæй. Афтæмæй лæг хуыздæр нал баззади а бæсты, чи не ссыди хатæг Батаймæ, æмæ адæм ницыуал сæ сæрæн зыдтой, цы амалæй ма йæ ракæной йæ фыдæлты зæппадзæй. Бонтæ та сæ цыд кодтой, уæдæ цы, æмæ рацыди фондз боны Батайы зæппадзмæ бахызтæй.

Уæд иу зæронд лæг Къæлæутæй Хæмæт, зæгъгæ, фысыммæ Абайтæй иу сидзæргæсмæ уыд. Уыцы сидзæргæс Къæлæутæн сæхи чызг уыди æмæ йæм Хæмæт дæр уый охыл æрфысым кодта. Къæлæуон ацæргæ сылгоймаг уыди, æмбаргæ, хæрзæгъдау æмæ Хæмæтмæ куыннæ уыдаид алы æхсæвæрыл дæр Æлбегаты Батайы кой Къæлæуонимæ. Ус дæр ныхæстæ кодта йе ’рвадимæ, уæдæ цы. Фæлæ Батай куы нæ ’мæ куы нæ хызти зæппадзæй, уæд иу æхсæв баздæхти Къæлæуон Хæмæтмæ æмæ йæм дзуры: — Батайы рахизынæн ма æз иу фæрæз зонын, фæлæ стыр тæригъæддаг фыдбылыз тæссæй мæ сæры хъуынтæ арц слæууынц, мæ зæрдæ цъæх арты судзы æмæ ме ’взаг нæ тасы комы арынджы, уæ ме ’фсымæр!

— Зынг зæгъынæй ком нæ судзы, мæ хо! Кæд ма исты фæрæз зоныс Батайы рахизынæн, уæд æй зæгъ. Æцæгæлон нын не сты Æлбегатæ, нæ хæстæджытæ сты. Ничи нæм хъусы, нæ дыууæ стæм, æмæ кæд исты фыдбылызаг уа, уæд æй нæ дыууæйæ дарддæр ничи зондзæн,— дзуры усæн Хæмæт.

— Уæдæ нæ дыууæйы судзгæ мæрдты цæсгом ма фен мæрдты бæсты, ды куы сыргом кæнай хъуыддаг, цалынмæ йыл уæззау ныхъхъуыды кæнай, уалынмæ. Æз æдылы сылгоймаг дæн æмæ ницы зонын, рæдийын æви нæ, уымæн ницы æмбарын, дæ сæр мæ сæр фестæд, фæлæ Батай дзырдта Барсæгаты Дадайы ус Цæрæхоныл. Арвæй зæххы ’хсæн ын уымæй адджындæр йæ бабын мыггаг дæр нæ уыдысты. Цæрæхоны йæм барвыстæуыд, зæгъгæ, уæд йæ зæрдæ нæ фæлæудзæн æмæ рахиздзæн, афтæ мæм дзуры мæ зæрдæ. Фæлæ фыд мыггаг сты Барсæгатæ, куы базоной хъуыддаг, уæд Батайы зæппадзæй дæр скъахдзысты сæ маст райсынмæ, стæй Цæрæхоны дæр ныргæвддзысты. Гъемæ, цы хуыздæр хос счындæуа, уымæн ницы зонын æз, æдылы ус, дæ фæхъхъау фон,— тæрсгæ-ризгæ дзуры ус.

— Æмæ ды хъуыддаг уыцы бæлвырдæй кæцæй хатыс?

— Куыннæ йæ хатын, сæ минæвар мæхæдæг куы уыдтæн. Чызгæй дæр уарзта Батай Цæрæхоны, стæй Барсæгатæм куы ’рцыди, уæд лæппу хæстæджы охыл мæнмæ арæх цыди æмæ кæрæдзи зæрдæ мæнмæ базыдтой. Арвæй зæххы ’хсæн хъуыддаг не ’ртæ удæй дарддæр ничи зоны. Гъенырæй фæстæмæ та йæ ды дæр зоныс, æрмæст æй дæхимæ дæр ма ныуулæф, æз дæ мæрдты уазæг, уыцы дыууæ уды зын мын ма фенын кæн,— лæгъстæ кæны ус.

— Тæрсгæ мын ма кæн, мæ хо, цы хуыздæр уа, уый сæрыл ныххæцдзыстæм, басабыр у, уæлдай тæригъæд нал æруадздзыс нæм,— дзуры усæн Хæмæт дæр.

Æхсæв-бонмæ хуыссæг нал æрхæцыд зæронд Хæмæтыл. Уæдæ куыд бачындæуа? Цæрæхоны зæппадзмæ барвитыны хъуыддагæн цы æнæ фæхъæр ис. Хъуыддаг æнæ фæхъæрæй барвыстæуа Цæрæхоны æмæ, уæуау, цы нæ ис, мыййаг куы рахиза Батай, уæд ма Барсæгатæн цы бамбарын хъæуы хъуыддагæн йе ’цæг. Уæд ма сифтыгъдæуа Цæрæхоны уыцы хъуыддагыл, æмæ æндæр куы ницыуал хос арынц адæмы хæрзæджытæ æмæ зæндджынтæ Батайы расайынæн. Афтæмæй йыл катæйтты сбон ис Хæмæтыл.

Райсомæй хуыздæр фадатæн æндæр ницыуал ссардта Хæмæт, фæлæ дын асидти æртæ дзырддзæугæдæр зæрондмæ — мыггаджы лæгтæм æмæ сын хъавгæйæ ’рымбарын кодта хъуыддаг. Ратæрхон-батæрхон фæкодтой цыппар зæронды æмæ боны фæстагмæ Бæтæджимæ æрныхасыл ныллæууыдысты æмæ йæм хибар асидтысты йæхи хæдзармæ. Уым Бæтæгмæ дæрдтыл æрзылдысты, афтæмæй йын сыргом кодтой хъуыддаг, сæхæдæг йæ разы ныззоныгуыл кодтой æмæ йын загътой:

— Гъерын махмæ зондæй ницы уал ис, фæлæ дæ зондæй цæрæг сты нæ мæгуыр дзыллæтæ æмæ дæ зонд нæ тæрхонгæнæг æмæ уыцы æнамонд удты тæрхонгæнæг дæр, дæ рын бахæрæм.

Æндон лæг уыди зæронд Бæтæг, ницы фезмæлыд йæ цæсгомыл æнамонд хабар фехъусгæйæ, ницы сдзырдта иу дзæвгар, стæй фæстагмæ бакодта:

— Уæ ныхас мæ хъустæй бахызти, кадджын зæрæдтæ, сæрыл сæмбæлдзæн, æви зæрдæйыл,— зонды фæдыл ацæудзæн, æви зæрдæйы, уымæй уын нырма ницы зæгъинаг дæн фæлæ уал мæ кæстæрты фенон.

Уазал рызт бакодтой зæрæдтæ æмæ дуарæн феддæ сты.

Уалынмæ Барсæджы мыггаг хотых ифтонгæй æрымбырд ис мыггаджы хистæры стыр хæдзармæ, мыггаджы уынаффæмæ, иу хотыххæссынхъом дæр дзы фæстейæ нæ баззади. Цы базындæуа, цы дзырдта æмæ цы бауынаффæ кодта Бæтæг йæ мыггагæн, фæлæ хур акъул, уæддæр нæма рацыд мыггаг Бæтæджы хæдзарæй. Адæм дистæгæнгæ хъомпал кæнынц уынгты: цæмæн æрымбырд æвирхъау Барсæгаты мыггаг мыггаджы уынаффæмæ. Хъуыддаг зонæг зæрæдтæ дæр сындзытыл бадынц ныхасы: æнхъæлмæ кæсынц, цы хуыздæрæн равзардзысты тызмæг, æнæрцæф мыггаг.

Боны фæстагмæ Бæтæджы хæдзар байгом ис, æмæ дзы Бæтæг рахызти йæ лæдзæджы æнцæйтты, йæ фæстæ йе стыр мыггаг, уыдон ’хсæн Дадай дæр саудæнгæлæй. Бæтæг ныхасмæ ссыд æмæ уым рабадт. Адæм Æнхъæлмæ кæсынц. Уæд Бæтæг зæгъы:

— Æлбеджы мыггаджы аскъуыдыл райæг æз нæ зонын ацы дзыллæты ’хсæн. Номджын, æгъдауджын мыггагæй йæ зыдтой нæ бæстæ йæ адзалы бонмæ. Ныр йæ адзал æрцыд, æмæ ма дзы иу æдылы саби баззад,— уый дæр цæрдудæй мæлæты дуар йæхиуыл бахгæдта. Фондз боны дæргъы фæцархайдтат, мæнæ адæм, йæ раздахыныл, фæлæ уæ къухты нæ бафтыд. Ныр бавдæлут æмæ ма сырвитут, æппæт а хъæуы цы сылгоймæгтæ ис, уыдон уазæгæй, бынæттонæй зæппадзмæ иронвæндаггæнгæ. Гъе уым нæм иу чындз ис, хорз кæуæг æй хонынц, уый сæ разæй афтæмæй. Æммыст æмæ кæд сылгоймæгты кæуынмæ йæ зæрдæ нал бауромид æмæ рахизид æнамонд Æлбегон, гъе уыцы хос ма зонын, мæнæ хорз адæм, æмæ йæ бафæлварут.

Уæд дын дзыллæтæ сызмæлыдысты, æрымбырд кодтой сылгоймæгты æмæ сæ уæлæ лæгъздæр фæндагыл сраст кодтой Æлбегаты зæппадзмæ иронвæндаггæнгæ, сæ разæй та кæугæйæ Цæрæхон. Сæхæдæг адæм цы уыдысты, уымæй сыстадысты, фæлтæргай-фæлтæргай, сæ разæй зæрæдтæ, афтæмæй æрлæууыдысты зæппадзы фæйнæрдыгæй æмæ зæхмæ сæ цæстытæ æруагътой. Уалынмæ иронвæндаг дæр схæццæ зæппадзмæ, æртæ фæлтæры рæгъæй, æртæ раззаг сылгоймаджы хъарæг кæрæдзи дзыхæй исынц. Уæд райдыдта хъарæг кæнын мæгуыр Цæрæхон.

Диссаг уыд, кæмдæр, æнæуый дæр адæмæн номхæссæн кæуынмæ Цæрæхон. Ныр куы ныккуыдта Æлбегаты зæппадзы раз, куы фергом кодта йæ хъæлæс æфсæрмыйы чындз, уайсадæг сылгоймаг йæхи æнамонддзинадыл, йæ æнамонд уарзондзинадыл, куы сыргом кодта, цы талынг уазал фидæнмæ кæсы фыды мыггаджы æрдыгæй йæ худинаджы фæдыл, Батай куы нæ рахиза, уæд, стæй Батайы сфæлывдыл уæд адæм сæмбу кодтой. Суанг зæрæдтæ дæр сæхи нæ баурæдтой зæрдæхалæн куыдмæ æмæ тымбыл къухæй райдыдтой цæсты сыг сæрфын. Хъæдтæ æмæ къæдзæхтæ згъæлæнтæ кодтой Цæрæхоны кæуынмæ, дон дæр ныхъус æфсæрмæй йæ хъæлæбайæ. Цы ма загъдæуа сылгоймæгтæй та, цæсты сыджы суадæттæ уади сæ уадултыл æмæ ивылд къадайау згъордтой дæлæмæ хъæумæ. Адæмæй Батай æрбайрох, фæлæ сæ кæуын уыди мæгуыр сылгоймаджы тæригъæддзинадыл.

Нал баурæдта Æлбеджы фырт, зæппадзы дуар уыцы иу тынд ракодта, рахызти æмæ Цæрæхоны цур зæххыл дæлгоммæ ныффæлдæхти богъбогъгæнгæ.

Адæм сæ кæуынæй сæхи куы æрымбæрстой, уæд схæцыдысты æмæ Батайы бахæццæ кодтой сæ хæдзармæ. Сылгоймæгтæ дæр æрыздæхтысты хъæумæ.

Фæлæ иннæ хъæутæй адæм «хæдзар ссарон» нæ загътой. Тарстысты фыдбылызæй Цæрæхонæн дæр æмæ Батайæн дæр тызмæг мыггагæй, уæуау, куы нæ сæ баурома сæ маст Барсæгаты, уæд дыууæ мæгуыр удæн сæ хурхытыл бахæцдзысты.

Барсæгатæ та чысылæй, стырæй, усæй, лæгæй, сæ хæдзæртты бацыдысты, хъырдтызмæлæг сæ нæ зынди, цы базындæуыдаид, цы уыди сæ фæнды æмæ адæм æмризæджы рызтысты тасæй. Бæргæ ’рвыстой зæрæдты Бæтæгмæ, фæлæ сæ фыццаг хатт куы нæ айста, уæд сæ ныфс нал хастой æмæ та-иу хæдзары кæртæй фæстæмæ раздæхтысты. Уæд адæм хуыздæрæн равзæрстой банхъæлмæ кæсын, баззайын хъæуы мидæг, цалынмæ хъуыддагæн исты кæрон æрцæуа. Афтæмæй адæм уырдыг лæугæйæ сæхиуыл сбон кодтой, цъынды хъæстæ ничи фæци.

Хур рæгътыл йæхи нæма сцавта дыккаг бон, афтæ дын Бæтæг дыккаг хатт фæсидт йæ мыггагмæ, цыдæриддæр дзы уыди хæстхъом æмæ уынаффæхъом нæлгоймаджы къахæй, уыдонмæ. Æрымбырд та сты сæ мыггаджы хистæры хæдзармæ Барсæгатæ, уæдæ цы уыдаид. Бæтæг бады уæлейæ, йæ фыдæлты къæлæтджыныл æнæзмæлгæйæ, æнæдзургæйæ, цыма дурæй амад у. Æнæдзургæйæ цæуынц мыггаг стыр хæдзармæ æмæ алчи йæ карæнмæ гæсгæ йæ бынат ссары йе бадæгты ’хсæн, йе лæууæгты. Хъыпп-сыпп нæй хæдзары, цыма дзы удæгасæй ницы ис. Æрфгуытæ æлхынцъ, къухтæ хъаматы сæртыл алкæмæн. Мыггаг иууылдæр æрымбырд, фæлæ æгомыг у Бæтæг. Æмæ уый адыл æгомыг у алчи дæр. Æппынфæстагмæ Бæтæгæн уæззау байгом сты йæ цæсты тъыфылтæ æмæ цæстытæ комкоммæ арæзт разындысты рæхысмæ. Буар æнæзмæлгæ баззад, фæлæ цæстæн æнæацахсгæ гæзæмæ базмæлыд даргъ урс зачъе æмæ былтæ. Райдыдта Бæтæг дзурын, фæлæ цæсты тъыфылтæ иу хатт дæр нал æрныкъуылдтой.

— Æнæфенгæ, Иратаманы æнæрцæугæ худинаг худау дæ сæрыл æркодтой, Барсæджы мыггаг!.. Де ’фхæрд зонгæйæ, де ’фхæрæджы раздæхтай ингæнæй. Ирыстоны алы къуымты адæм æфсæрæлвæстытæ кæнынц фырджихæй ахæм æнæрцæугæ хъуыддагыл. Дæ ном фаджысы ныгæд, дæ цæсгом цъыфы тъыст, чи ма дын бахæрдзæн дæ къæбæр, Барсæджы мыггаг? Кæд æмæ хæсдзынæ дæ чъизи цæсгом адæмы ’хсæнмæ, æмæ дыл сабитæ тутæ кæндзысты, хъæдтæ æмæ дыл бæлæстæ кæугæ кæндзысты хохы цъупмæ,— æмæ дыл зымтæ худинаджы зарджытæ кæндзысты, быдыр æмæ дæ зæхх нæ бауромдзæн дæ худинаджимæ, цъыфдзастмæ дæ атулдзæн, цæмæй ма цæринаг дæ, Барсæджы мыггаг, æнæ ном, æнæ цæсгомæй цæрæн куы нæ ис нæ хæхты, уæд? Туджы зилынц цæсгæмттæ, пиллон арты сцъыс-цъыс кæнынц зæрдæтæ, мæстæй цæстытæ рахауынц сæ бынæттæй Барсæгаты тызмæг, æнæрцæф богалтæн.

— Дада, мæлæты бар хæрзиуæгæн курын, мæлæты бар. Ратт, дæ хорзæхæй! — ниудау схауд Дадайы хъуырæй.

— О, мæлæты бар, дада! — æмткæй сыхъуысти æппæт хæдзары лæууæг æмæ бадæг нæлгоймæгты риутæй.

Ссæдзаздзыд богалы цæстытау ферттывтой Бæтæджы цæстытæ — Мæлæт?! Æмæ кæд уыди мæлæт мæрддзаг хæдон худинагæн? Кæд ферох кæнын кодта худинаджы мæлæт адæмæн? Мæлæт худинагæй ирвæзынгæнæг уа? Стулут уæ кæрдты фындзтæ Æлбегоны цъаммар туджы, Цæрæхты чызджы туджы, æмæ худинаг уымæй ферох уыдзæн? Бафтут Цæрæхы мыггаджы кæрдтыл, бафтут, Æлбегæн цыдæриддæр хæстæгиуæг мыггæгтæ кæны, уыдон кæрдтыл уæхи фæцæгъдын кæнут, мæрдтæм, мыййаг, уемæ ацæудзæн уæ худинаг? Ракалут хурмæ Æлбегаты мæрдты, рахæссут сын сæ рæхыстæ фаджысмæ, нæ маст уымæй байсысдзæн? Мæлæт? Мæлæт цæсгом не ссыгъдæг кæндзæн худинагæй!— æруагъта йæ сæр зæхмæ тызмæг зæронд.

— Маст фæтоны фæрстæ, зонд талынгтæ кæны, цы зонд æнхъæлмæгæсæг дæ махæй, о, нæ хистæр! Цы нын амоныс, уый нын зæгъ, мауал нæ мар масты мардæй, уый бæрц дæ хорзæх нæ уæд дæ кæстæрты,— ныллæгъстæ кодта Бæтæджы фарсмæ бадæг иу зæронд лæг.

Цæхæрцæст лæппуйау фæгæпп кодта йæ къæлæтджынæй зæронд Бæтæг. Хæдзары цар систа йæ уæлæ æндон хъæлæс.

— Уæдæ цы бакæнат, уый уын зæгъы зæронд Бæтæг. Худинаджы ивылд фурд хойæд дуртæ, къæдзæхтæ Барсæджы риуыл, нæ асæтдзæн æндон риу, бауромдзæн, Иратаманы цы нæма ’рцыд, уый бакæндзæн Барсæджы мыггаг, йæ кады ном куыд баззайа æнусмæ, цалынмæ ирон дзыхæй дзурæг ис, уалынмæ. Цæут, сцæттæ кæнут Цæрæхоны чындздзон цæттæ, цæмæйдæриддæр æмбæлы, уымæй йæ сфæлындзут. Æгуыдзæг мыггаг не ’рвиты чындзы, Барсæджы мыггаг у! Уæхæдæг чызг æрвитæг, уæхæдæг чындз хонджытæ! Райсом æхсæвæй схæссут чындз Æлбеджы фыртæн. Цæут чызг æрвитынмæ, Барсæгатæ.

Æнæдзургæ, æнæкъæрццæй, сабыр, æнцад-æнцойæ рацыдысты мыггаджы хистæры хæдзарæй Барсæгатæ.

Райсом дзыллæйыл ахъæр и Барсæгаты æнæфехъусгæ фæнд. Адæм фырдисæй сæхиуыл æнæууæнчытæ кодтой. Стæй хъуыддаг æцæг кæнын куы райдыдта, уæд ныххæррæтт кодтой Дзыллæтæ зæронд Бæтæгмæ. Сæ арфæйы, сæ бузныджы хъæр хъуысти уæлæрвтæм. Дзыллæ хастой Барсæгаты ном кады тырысайау. Стыр цытимæ схастой Барсæгатæ Цæрæхоны Æлбегаты хæдзармæ. Номхæссæны чындзæхсæвтæ дын куыннæ фæкодтаиккой иннабонæй-иннабонмæ. Стæй алчи Барсæгатæй арфæтæгæнгæ æрцагуырдта йæ фæрныг хæдзар.

Батай æмæ Цæрæхонæн зæнæг рацыди. Æлбег та фæмыггаг ис. Æрæджы дæр ма сæ иу куы уыди, зæронд Сосе, зæгъгæ,— кæуылты номджын лæг уыди! Стæй Хъобанмæ куы алыгъди. Цардысты Батай æмæ йæ байзæддаг Барсæгаты дæлбазыр. Цæмæй бæззыдысты Барсæгатæн, уымæй сын кæстæриуæг æмæ лæггад кодтой. Барсæгатæ дæр сын æрвадиуæг кодтой. Фæлæ даргъ, уæрæх нæ рахаста Батайы цæуæт. Цыдæр фыдбылызы æфтыд фесты æмæ-иу фæмардысты, саби сæ лæджы ранмæ нæ хъомыл кодта гæзæмæйы йеддæмæ. А хъæуы сæ ничыуал ис. Нæ зонын, кæд ма Сосейæн исты баззад Хъобаны, уый йеддæмæ мыггаг скъуыд фесты Æлбегатæ Мæсгуыты хъæуы, сæ зæхх, сæ дон та Барсæгатæн баззад.

Ахæм цæрдтытæй цардысты, гъе, мæ хуртæ, нæ фыдæлтæ.







Дата добавления: 2015-08-31; просмотров: 748. Нарушение авторских прав; Мы поможем в написании вашей работы!



Вычисление основной дактилоскопической формулы Вычислением основной дактоформулы обычно занимается следователь. Для этого все десять пальцев разбиваются на пять пар...

Расчетные и графические задания Равновесный объем - это объем, определяемый равенством спроса и предложения...

Кардиналистский и ординалистский подходы Кардиналистский (количественный подход) к анализу полезности основан на представлении о возможности измерения различных благ в условных единицах полезности...

Обзор компонентов Multisim Компоненты – это основа любой схемы, это все элементы, из которых она состоит. Multisim оперирует с двумя категориями...

Тема 5. Организационная структура управления гостиницей 1. Виды организационно – управленческих структур. 2. Организационно – управленческая структура современного ТГК...

Методы прогнозирования национальной экономики, их особенности, классификация В настоящее время по оценке специалистов насчитывается свыше 150 различных методов прогнозирования, но на практике, в качестве основных используется около 20 методов...

Методы анализа финансово-хозяйственной деятельности предприятия   Содержанием анализа финансово-хозяйственной деятельности предприятия является глубокое и всестороннее изучение экономической информации о функционировании анализируемого субъекта хозяйствования с целью принятия оптимальных управленческих...

ОСНОВНЫЕ ТИПЫ МОЗГА ПОЗВОНОЧНЫХ Ихтиопсидный тип мозга характерен для низших позвоночных - рыб и амфибий...

Принципы, критерии и методы оценки и аттестации персонала   Аттестация персонала является одной их важнейших функций управления персоналом...

Пункты решения командира взвода на организацию боя. уяснение полученной задачи; оценка обстановки; принятие решения; проведение рекогносцировки; отдача боевого приказа; организация взаимодействия...

Studopedia.info - Студопедия - 2014-2024 год . (0.01 сек.) русская версия | украинская версия