Студопедия — Ахлæуаты чындз
Студопедия Главная Случайная страница Обратная связь

Разделы: Автомобили Астрономия Биология География Дом и сад Другие языки Другое Информатика История Культура Литература Логика Математика Медицина Металлургия Механика Образование Охрана труда Педагогика Политика Право Психология Религия Риторика Социология Спорт Строительство Технология Туризм Физика Философия Финансы Химия Черчение Экология Экономика Электроника

Ахлæуаты чындз






Æвзæр æгъдæуттæ куыннæ уыди нæ фыдæлтæм!.. Уыди сæ цард цинæй дæр æмæ мастæй дæр, æууæнкæй, стæй мæнгардæй дæр, цард цæмæйты вæййы, уæдæ!.. Уыдис сæм хорз æгъдæуттæ дæр. О, фæлæ сын æвзæр æгъдау уыди, уæдæ цы, кæстæр æмæ сæм сылгоймаг æбарджын кæй уыди. Бæгуы, у, сабийæн амонын хъæуы, хъомыл æй хъæуы царды домæнтæм гæсгæ, фæлæ адæймаг йæ карæны куы бацæуы, йæхæдæг куы æрывæры æмæ царды размæ йæ домæнтæ рахæссынхъом куы фæвæййы, йæ зонд сæрмагондæй куы райдайы царды амæлттыл тæрхæттæ кæнын, уæд ма йæ уыцы дæрзæг уæрдæхæй, бариссыны уæрдæхæй цæмæн фæхъæуы æнæхъуаджы æнтъухын? Гъе, фæлæ æнтъъыхтой се уæнгтæ фæсивæдæн æмæ сылгоймагæн дæр нæ фыдæлтæ, æмæ цас райгонд уыдысты уыцы ’гъдауæй, уый Ахлæуаты чындзыл фæбæрæг.

Стыр дзуар у Рагъыдзуар, æппæт адæмтæ сæхи йæ фæдон хонынц. А бæстæ нæ, фæлæ йæ боны Иры кæрæттæй уыцы дзуары бын кæй нæ федтаис куывдхонæй, ахæм нæ баззадаид. Раст бæстастæу вæййы йæ бон, дыууæ куысты ’хсæн. Æвдæлон адæм æрымбырд вæййынц алы бæстæй æмæ æмбæр-бæр фæкæнынц дзуары бын. Ныр цард ивæнтæ кæны æмæ йæм уый бæрц ничиуал фæцæуы, дзуæртты кад нал ис. Фæлæ-иу раджы, ныр куыд загътон, афтæ иттæг арæхæй цыдысты адæм йæ боны Рагъы-дзуармæ: чи дæсныйы амындæй, чи барвæндон куывддонæй, чи та афтæ, адæмы фенынмæ, хъазтмæ, куывдмæ хи равдисынмæ.

Йе сыфтæн зын у, дзæвгар цæуын хъæуы хæрдмæ дзуармæ. Фæлæ иугæр сыфтыдтæ уæлæмæ, уæд райдзаст, уæрæх, дардыл ахаста фæз, минтæ дæр дзы бацæудзæн адæмæй.

Иу ахæмы та дын адæм дзуары бон чыртæ-чыртæй цыдысты уæлæмæ, дзуармæ. Алкæмæн йемæ йæ кувинæгтæ, алчи худаистæй æмæ бæгъæввадæй, чи йæм уæндыд цæуын къахыдарæсы мидæг, карз дзаур æй хуыдтой Рагъыдзуары.

Диссаджы хурбонтæ уыди рæстæг, афтæмæй æваст бирæ адæм æрымбырд куывддонæй. Гъемæ, куы схæрд кодтой дзуармæ, уæд æгас рагъ дæр нал зынди, Агуыры æфсад дын зæгъон, æмæ уый дæр уыцы адæмы бæрцæн нæ уыдаид. Ирыстоны алы кæрæттæй æрцыдысты адæм, уæд Куырдтатæй зæгъ, уæд Уæлладжырæй, уæд Æгъуызатæй, Дзауы кæмттæй, Къуыдарæй, суанг дзы дыууæ Иры быдыры хъæутæй дæр уыди куывддонтæ.

Сымбырд сты адæм Рагъыдзуары фæзмæ, уæдæ цы уыдаид. Алчи дзы йæхи бафæдзæхста, алчи йæ нысайнæгтæ радта дзуары лæгмæ, стæй куывдтыл сбадтысты адæм, фæсивæд та къордтæ-къордтæ иу цалдæр бынаты хъазт сарæзтой, иу хъазты кæм бацыдаиккой — симдыл сифтыгътой.

Иу нарон дæр дзы куывддон уыди фырт æмæ йæ чызджимæ — адæмæн, кæмдæр, æмбисондæн хæссинаг рæсугъдæй дæр æмæ хъаруйæ дæр — Фаризетимæ. Симды лæппутæ архайдтой, кæрæдзийæн бар дæр нæ уагътой Фаризетимæ расимыныл, Уæлæ Сæныкджыны Дудайтæй иу лæппу, Цæрай, зæгъгæ, уый дæр раст уыцы симды фæцы. Чызджы куы ауыдта, уæд цыма хъамайæ зæрдæрæхуыст фæци, афтæ йæ йæ зæрдæмæ айста.

Мæгуыр хæдзары цыбыр къух мад æмæ фыды лæппу уыди Цæрай. Гъе, фæлæ, уæддæр бакæс æм æмæ Уастырджыйы фыртау хæрзконд, уындджын, бакастджын, хъаруйæ дæр уæлдай никæмæн ауагътаид, уыд арæхстджын алцæмæ дæр, хъазты дæр бæрæг зынди иннæ фæсивæды ’хсæн. Афтæмæй Цæрай Фаризеты куы федта, уæд ыл йæ цæстытæ бандæгъта. Чызг дæр фæфиппайдта лæппуйы æмæ иттæг йæ зæрдæмæ фæцыди, йæ симды рад арæхдæр кодта Цæраимæ æмæ-иу симгæ-симын Цæрай чызджы цонг æнæцæстахадгæ тынгдæр куы ’рбалхъывта, цы æмбæлди, уымæй, уæд-иу ницæмæй равдыста чызг, хъыг ын у, уый. Афтæмæй кæрæдзи зæрдæты ахаст æрымбæрстой. Чызгыл йæ цæстытæ ’руагъта уæртæ Фæсзæнгаг бонджын Ахлæуаты Хъараманы фырт Азæмæт дæр. Хъал уыди йæ цардæй, йæ исæй Азæмæт, уæдæ цы уыдаид... Афтæмæй йæхæдæг тъæпæн, арсау бæзæрхыг, æнæуындджын уыди Азæмæт чызгмæ бакæстытæ кодта, стæй аивæй фæрсынтыл схæцыд, кæй чызг у, кæцон у, æмæ йын æй уалынмæ иу захъхъайаг бацамыдта. Уæд Азæмæт йæхи баласта чызджы æфсымæрмæ, уый дæр хъазты уыди, æмæ йемæ ныхæстыл схæцыди.

Изæрырдæм хъазт куы фехæлди æмæ куывддæттæ куывдæй куы систадысты, уæд Цæрай дæр йæ æрвадæлты чызджытæй иуы сардыдта, хъазты чи уыд, ахæмы, цæмæй базона Фаризеты, æмæ йæ кæд Цæрайæ æрфæрса, уæд ын æй бацамона. Æрвадæлты чызгæн бантысти уыцы хъуыддаг бакæнын. Афтæмæй чызг æмæ лæппу кæрæдзи базыдтой.

Дыккаг бон дæр та куывддон адæмы гуылфæнты аивæй кæрæдзимæ хъахъхъæдтой Цæрай æмæФаризет, стæй та-иу хъазты бацыдысты, фæсимдтой-иу иумæ, æмæ афтæмæмæй кæрæдзи сбæрджытæ кодтой, æмæ фыдбылызы уарзт бакодтой кæрæдзийæн.

Азæмæт дæр кодта йæ хъуыддаг, уæдæ цы уыдаид, фæхæлар кодта йæхи чызджы фыд æмæ æфсымæримæ, куывды дæр семæ бадти, уæгъд сæ нал суагъта, суанг ма сæ йæ хæдзармæ дæр хуыдта.

Фесты уыцы хуызæнæй Рагъыдзуары бонтæ, фæфардæг сты, æмæ фæрныг адæм дæр куывддонæй æмæ уазæгæй дæр — алчи йæ хæдзар æрцагуырдта.

Рацæй-рабон, афтæмæй дын, иу бон куы уыд, уæд Цæрай йæ бæхыл саргъ сывæрдта æмæ иу цалдæр æмбалимæ усгур арасти Нармæ — Фаризеты курынмæ. Нары иу зонгæмæ æрфысым кодта, стæй йе ’мбæлтты æмæ йе ’фсымæры барвыста Фаризеты фыдмæ. Раныхас-баныхас, радзур-бадзур фæкодтой, уым, уæдæ цы уыдаид, æмæ боныфæстагмæ Фаризеты фыд ком радта, фæлæ бамбарын кодта Цæрайы минæварæн,— чысыл ирæдыл кæй нæ ратдзæн йæ чызджы, уый. Ирæдыл бæстон фидыд кæд не ’рцыд се ’хсæн, уæддæр дзырд радтой кæрæдзийæн, кæрæдзи къухтæ айстой æмæ Цæрай рафардæг фæстæмæ йе ’мбæлттимæ.

Куы ’рцыди Цæрай хæдзармæ, уæд рахъуыды-бахъуыдыйыл схæцыди, уæдæ утæппæт ирæд куыд самал кæна, æмæ хуыздæр амал куы нæ ссардта, уæд сыстад æмæ Хъудмæ афардæг йæ мады ’рвадæлтæм, цæмæй истæмæйты бафыстаид ирæд. Фæлæ Хъуды дæр цæй куыст уыдаид, афтæмæй йæ йæ мады ’рвадæлтæ арра кодтой æвæлмон фæллой ссарыны фæдыл. Æмбаргæ, цæсгомджын уæвгæйæ, бæргæ нæ фæндыд Цæрайы ахæм фæндагыл ныллæууын, фæлæ ма йын хуыздæр гæнæн кæм уыд. Загъта йæхицæн,— «мæ ирæд куыддæр ахицæн кæнон, афтæ хъоды бакæндзынæн ахæм хъуыддагыл». Æмæуый ныфсæй йæ мады æрвадæлты фæсивæдимæ афардæг кæдæмдæр Гуырдзыстонмæ æмæ бирæ рæстæджы йæ кой дæр нал æрыхъуыст ацы бæстæм.

Уыцы сæрды фæуды фæстæ Азæмæт дæр фервыста минæвæрттæ Фаризеты фыдмæ, дæ чызджы дын курын, зæгъгæ. Зыдта, кæй дзуры Фаризетыл Цæрай дæр, куырдуаты дæр ын кæй ис чызг, фæлæ цы аргъуыц кодта гуырымыхъ Азæмæт мæгуыр лæппуйæ, кæд йе ’мгар уыд, уæддæр. Кæрæф лæг уыди Фаризеты фыд, стыр ирæд бафидынхъом лæг сдзырдта иугæр йæ чызгыл, уæд ком радта. Уадидæгæн бафидыдтой дыууæтæ ирæдыл, æмæ Азæмæт йæ ирæд уадидæгæн амидæг кодта чызджы фыды хæдзары, чызджы арвитынæн та Джиуæргуыбатæ снысан кодтой æмгъуыдæн.

Джиуæргуыбатæм ма цы хъуыд, уымæй йæхи бацæттæ кодта Азæмæт æмæ хъуыддаг бынтон ахицæн. Бæргæ ма хурхбæстытæ кодта йæхи, сæр бæгънæджытæ Фаризет, бæргæ ниудта йы фыды раз, мæхи мын ма амарын кæн, зæгъгæ, фæлæ йæм чи æрыхъуыстаид, кæрæф фыд дынджыр ирæд куы райста, уæд ауæлдай кодта йæ чызджы, йæхицæн ныфсытæ æвæргæ, зæгъгæ, сонт æдылы у æмæ йæ коммæ кæсын нæ хъæуы, йæ амонд кæм ис, уый нырма нæ уыны. Æфсымæр дæр ма бæргæ хæцыд чызджы фарс, хæлар уыди Цæраимæ, саузæрдæ Азæмæт йæ зæрдæмæ нæ цыди. Стæй нæдæр æнæ зонгæ уыди, цы фыдбинонтæ сты Азæмæты бинонтæ, æмæ цы хæлар бинонтæ сты Цæрай æмæ йæ мад, кæд мæгуырдзæф сты, уæддæр, æмæ куыннæ ’мбæрста, йæ хойæн хуыздæр кæм уыдзæн, кæй уарзы, уый — Цæрайы къухы. Гъе фæлæ фыд ницæмæ æрдардта фырты дзырд дæр.

Джиуæргуыба ’рлæууыд, уæдæ цы, æмæ Азæмæт æрхаста Фаризеты, стыр чындзæхсæв дæр ма скодта.

Джиуæргуыбайæ иу æртæ къуыри рацыдаид, афтæ æрыздæхт йæ хæтæнæй Цæрай дæр, кæмдæр, дзæвгар фæллæйттæ æрхаста, йемæ иу рæсугъд диссаджы саргъы бæхыл. Йе ’рцыдæй йыл Фаризеты хабар тагъддæр сæмбæлди. Иттæг бахъынцъым кодта, маст ын йæ хуылфы арт суагъта, афæндтæ кодта Азæмæтыл дæр, уый уæнгтæм æрцыди, фæлæ йæ мад йæ лæппуйы хъуыры йæхи æрцауыгъта.

— Æппын мацы æрхъуыды кæн, мæ хъæбул, бабын кæн дæ уды, фæлæ мæн, зæронд-зæронды кæуыл ныууадздзынæ, мæн — дæ ныййарæджы? — дзырдта æдзухæй йæ фыртæн æмбаргæ ус. Зыдта, йæ лæппу йæхи дæр йæ мадыйас кæй нæ уарзы.

Цæрай дæр цадæггай йæхиуыл æрхæцыд, фæлæ йæ бон йæхи бауромын нæ уыд, тарст йæ масты фæдыл ацæуынæй. Фаризет йæ цæстыты разæй нæ хицæн кодта æмæ та балцы цæуыныл ныллæууыди. Иу бон асидти йæ зæронд мадмæ:

— Нана! Мæ зæрдæ ам нæй æппындæр, ауадз мæ балцы. Фосæй, холлагæй, хорæй мацæуыл бакатай кæн, кæд дын фæззæджы нæ бакуыстон хæдзары куыстæй, уæддæр дæ алцæмæй сфагджын кæндзынæн, цы æвæлмон фæллой æрхастон, уымæй. Здæхгæ дæр тагъд æркæндзынæн, саузым хæссы æмæ мæ æфцджыты нæ бауромдзæн.

Мад ма бæргæ архайдта йæ хъæбулы бауромыныл, фæлæ иннæмæй та æмбаргæ кодта, лæппу йæхи куы нæ аирхæфса, уæд исты фыдбылызы кæй бафтдзæн Азæмæтимæ, æмæ лæппу куы нал лæууыд, уæд ын ком радта. Цы фæллой æрхаста Цæрай, уыдонæй фæивта хор, хорз хъуццытæ, иу дзæвгар лыстæджытæ, уыдонæн зымæгваг холлагæй цы хъуыд, уый, стæй йæ сау бæхыл бабадт иу бон æмæ йæ зонгæ дæр ничиуал бакодта, кæдæм скодта йæ фæндаг, уый, хæдзар та дзагæй ныууагъта.

Бонтæ цыдысты, уæдæ цы, рæстæг ивгъуыдта, зымæг дæр та ацыди æмæ ралæууыд уалдзæг. Гъе, фæлæ Цæрайæн йæ кой дæр нал æрыхъуысти. Йæ лæджыхъæдджын мад уæддæр хæдзар цудын нæ бауагъта. Зылди йæ чысыл муртæм æмæ æрвыста йæ æрвадæлтæм, кæд исты мыййаг зонынц Цæрайæ, фæлæ йæм ницы хабар хъуысти уырдыгæй дæр. Фаризет царди Азæмæты хæдзары. Диссаджы хъаруджын сылыстæг уыди кусынмæ дæр, æгъдаумæ дæр — адæм ыл джитæнтæ кодтой. Фæлæ фыдбинонты ’хсæн бахауди æмæ йæ утæхсæнæй мардтой, утæппæт бинонтæн лæггадгæнæг уыди æмæ руади. Азæмæт дæр ын æвзæр уыди. Æфсон, æнæ ’фсонæй йæ æфхæрдта «ме ’лхæдæй»,— чысыл ницæуыл дæр-иу æм куы фæмæсты, уæд-иу ыл фæхъæр кодта:

— Дæ ирæд цалынмæ баххæст кæнай, куыдзы гуыбынæйдзыд, уалынмæ дæ уд куы схауа, уæддæр хырх æхсæв дæр æмæ бон дæр.

Куыст æй уыйас нæ бадомдтаид, фæлæ йæ æнæвгъау, æнæхъуаджы кæй æфхæрдтой æппæт бинонтæ, уымæй царæфтыд фæци мæгуыр чызг. Фыдбинонтæ йын мысыдысты, уæдæ цы, йæ ирæд, кæй нæ куымдта Цæрайы тыххæй, уый, æмæ сæ уайдзæфты кæрон нал скъуыди æнæуый æфхæрды уæлдай — дзыхæй дæр æмæ армæй дæр. Афтæмæй, уалдзæг куы ’рцыд, уæд иу бон нал баурæдта æмæ йæ фыды хæдзармæ фæлыгъди. Хуыздæр фæрæз йæ сæрæн не ссардта, йæхи амарын та йæ сæрмæ не схаста: уæд æй тыхæй куы ’рвыстой Азæмæтæн, уæд амардтаид йæхи. Йæ фыдмæ куы ныллыгъд, уæд æй хорз фæнадта фыд,— дæхи аххос у, зæгъгæ, коммæгæс сын нæ дæ, æмæ йæ фæстæмæ рарвыста йæ лæгмæ. Дæ балгъитæгыл дæр Фаризеты бон куы ракæнид, æнæтуг æргæвст æй акодта йæ лæг, номхæссæны цъæл ын ныккодта. Уæдæй фæстæмæ бынтондæр зындон фестад мæгуыр чызгæн йæ цард.

Æрлæууыди Уациллайы бæрæгбон, афтæ кæцæйдæр фæзынди Цæрай æнæнхъæлæджы. Дзæвгар фæллæйттæ та æрхаста, йæ хæдзары куыстытæ бакодта бынтондæр æмæ цыма никуы ницы уыди, афтæ хъæлдзæгæй дардта йæхи. Нал дæр æй йæ хæдзары нæдзæрин кодта, нал дæр æм балцы койтæ уыд, бынтон дæр æй цыма ферох йе ’намонды уарзондзинад Фаризетмæ.

Уациллайы кувæндон Фæрсзæнджы ис æмæ йæм куывдмæ куыннæ ’рымбырд уыдаиккой æгас комы адæм. Æрцыди йæм Цæрай дæр. Хъаруджын уыд — хъаруджын гуырд Цæрай. Бæрæг зынди уæд хъазты мидæг, уæд фынджы рагъыл æмæ адæм цы уыдысты, уымæй йыл сæ цæстытæ æрывæрдтой, алкæй дзыхы бафтыд йæ лæгдзинады кой. Цыдæр фыдбылызæн Азæмæт йæ быны бабырыд, хъазты дæр йемæ, фынгыл дæр афтæ. Цæрай сæры суангæй сау дæнгæл аци, фæтигъ кæнинаг уыди йæхи Азæмæтæй, фæлæ стæй цыдæр хъуыды ферттывта йæ зæрдæйы æмæ йæм йæхи нывыл дардта. Афтæмæй Цæрайæн йæ фысым дæр цæттæ уыди, йе ’рвадæлты чызг уыцы хъæуккон ус уыдис æмæ уымæ, фæлæ Азæмæт уый онг бакодта æмæ йæ æхсæв дæр нал ауагъта сæ хæдзарæй. Йæхи сæры суангæй кæлæхы галау ауагъта Цæраймæ, сардыдта йыл хъæуы дзырддзæугæты дæр æмæ бафидыдтой дыууæ лæппуйы.

Æхсæвæры уазæгдоны куы бадтысты Азæмæты хæдзары, уæддæр ма катайты уыди Цæрай, уæдæ цæмæн йемæ фидыдта æмæ йыл цæмæн афтæ зæрдиагæй узæлы Азæмæт. Йæ усаджы йын кæй байста, уый тыххæй, ай-гъай, у азимаг Азæмæт, фæлæ ахæм хъуыддæгтæ бирæ ’рцæуы, æххæст фидыд нæ уыд Цæрай ирæдыл, фидгæ дæр ницы бакодта Фаризеты фыдæн, æгæрыстæмæй йын исты нысайнаг лæвæрд дæр нæ уыд, æмæ цы бардариуæг кодта чызгмæ. Стæй дæр уыцы уæзданæй нæ зоны Азæмæты, ахæм лыстæджытæ чи æрхъуыды кæна; æмгары охыл цинтæ кæна, æмæ уыцы хæлар дæр никуы уыдысты, афтæмæй катайты ныгъуылы Цæрай.

Фæлæ уалынмæ, æхсæвæр куы ахицæн кодтой, уæд бамбæрста Цæрай хъуыддаг. Азæмæт дæрдтыл фæзылд, стæй йæ уæд æрфæрстытæ кодта йæ хæтæнтæй æмæ фергом кодта йæ сусæг хъуыды, кæй йæ фæнды бамбал кæнын Цæраимæ йæ хæтæнты. Цæрай дæр ын «нæ» нæ загъта, фæлæ йын цæхгæр ныфс дæр нæ радта, зыдта, цы æууæнчы æмбал у Азæмæт, уый, куыннæ йæ зыдта.

Æхсæвæр ахицæн, ныхæстæ дæр фесты, æмæ уæд Азæмæт бахъæр кодта хæдзармæ, уазæгæн хуыссæн бакæнут, зæгъгæ. Йæхæдæг Цæраимæ æддæмæ рахызт, Цæрайы бæхмæ базылдысты, сæ кæнинæгтæ бакодтой æмæ та уæд фæстæмæ уатмæ бахызтысты.

Цæрай йæ мидхъуыдыйы бæллыди Фаризеты фенынмæ, æхсæвиуатыл дæр Хъараманты хæдзармæ уымæн сразы, фæлæ йæ нырма нæ федта. Хъарамантæн иударон Фаризет — никуыцæй фæзынд уазæгдонмæ, æвæццæгæн, куыстытыл уыди, науæд та, чи зоны, йæ лæджы зондæй йæхи не ’вдыста. Фæлæ ныр, уатмæ куы бахызт Цæрай, уæд æй ауыдта, хуыссæнтæгæнæг Фаризет уыд, æмæ йын арфæтæ ракодта:

— Зæрдæрухсæй у, Фаризет, дæ царды ныв чемæ саккаг кодтай, уыимæ.

Фаризет митвæлурс аци иу уысммæ Цæрайы фендæй, химидæг атыхсти æмæ цыдæр арфæ ракодта Цæрайæн æхгæд хъæлæсæй æмæ цæстытæ зæхмæ уагъдæй. Цæрай, цæмæй ус ма стыхса бынтондæр, цæуылдæр ныхæстæ кæныныл схæцыди Азæмæтимæ. Уæд Азæмæт фæрсырдæм бакæсы:

— Уазæджы æрынцайын кæнут,— йæхæдæг Цæрайы хотыхтæ рауын-бауын кæны, Цæраимæ ныхæстæгæнгæ.

Фаризет Цæрайы хæдбынтæ æмæ зæнгæйттæ раласта, стæй хъæрмуст донимæ тас æрывæрдта Цæрайы раз æмæ йын йæ къæхтæ æхсыныл ныллæууыди. Цæрайы зæрдæ бахъыдзытæ кодта, Фаризеты къухты хъарм йæ буар куы банкъардта, уæд æмæ суанг сæрæй къæхтæм барызти. Æнкъары Цæрай йæ бæгънæг къæхтæй, Фаризеты къухтæ дæр кæй ризынц лыстæг рызтæй, фæлæ йæхи ныхъæддых кодта æмæ цыдæр худæн æмбисæндтæ хæссы Азæмæтæн. Азæмæт ницы фæфиппайдта: Цæрайы хотыхтæ рауын-бауыныл у æмæ æмбисæндтыл бахуды.

Фаризет куы фæци Цæрайы къæхтæ æхсад æмæ сæрфт, уæд уыцы æхсгæ каст скодта Цæрайы цæстытæм фыццаг хатт изæрсарæй. Дыууæйы цæстытæ иу уысммæ кæрæдзи мидæг аныгъуылдысты æмæ кæрæдзийы зæрдæтæм ныккастысты, зæрдæтæ ссыгъдысты, пиллон уагътой уарзондзинадæй. Стæй арфæ ракодта Фаризетæн, æмæ ус уатæй рахызти.

Рафт-бафты арвыста уыцы ’хсæв йæ бафхæрæджы — йæ амонд фехалæджы хæдзары Цæрай, йæ хуыссæнтыл цъынды хъæстæ дæр нæ фæци. Дыккаг бон сæумæцъæхæй фестад, йæ бæхыл абадт æмæ сæхимæ сфардæг. Зæрдæ дымстытæ, æмпылдтæ кодта æмæ тарст йæхицæй, ноджы мæгуыр сылгоймаджы фыддæр зынты хай куы фæкæна, мыййаг. Уæдæй фæстæмæ фæцагъуыди Цæрай Фæсзæнгмæ. Куы-иу цæй æфсон, куы цæй, фæкæс æмæ та дæлæ Фæсзæнджы балæууыд Цæрай, йе ’рвадæлты чызг та йын фысым уыди. Афтæмæй дын иу ахæмы Цæрай йе ’рвадæлты чызгæн йæ фæнд бамбарын кодта æмæ дын, иу бон куы уыд, уæд ус ацыди сæ хъæуы уæлейæ, уым, бæрзджынмæ калддзаг сугтæ æрхæссынмæ, æмæ Фаризеты дæр йемæ акодта. Бæрзджыны арф куы бацыдысты дыууæ сылгоймаджы, уæд сугтæ уидзыны фæдыл фæиппæрд сты, уæдæ цы, кæрæдзийæ. Афтæмæй дын уым Цæрай Фаризетыл рамбæлди, æрбадтысты уым, мæгуыртæг, иу дуры хъæбысы, дыууæ æнамонды сæ зæрдæты бæттæнтæ кæрæдзимæ сыхæлдтой, чызг хæкъуырцц куыдимæ фæкодта йæ мæстытæ, лæппу та йæ æнамонд уазал царды хабæрттæ. Афтæмæй дын, мæ хуртæ, уым лæппу æмæ чызг кæрæдзимæ фæрæдыдысты.

Цас рæстæг арвыстаиккой хъæды арфы, чи зоны, стæй Цæрай сыргом кодта Фаризетæн йæ сусæг раджы бахъуыдыйы фæндон. Йæ фæстаг балцы, кæмдæр, Хъобаны дæр уыд Тæгиатæм, уыдонимæ хæтæнты фæхатт, стæй сын куы базонын кодта йæ зæрдæйы рис, уæд ын фысымы ныфс радтой. Зæхх æмæ йын дон дæр ныббастой. Ныр Фаризетмæ ныууырдыг, цæмæй сразы уа йемæ фæлидзыныл. Цæрайы мады дæр семæ акодтаиккой. Фаризет цæхгæр дзуапп нæ радта, катай кодта, худинагæй тарст йæхицæн æмæ йæ фыд, йе’фсымæры сæрæн, тарсти хъуыддаг фæхъæрæй дæр, фæлæ «нæ» дæр нæ загъта, æрмæст куырдта, лæппуйæ иу чысыл фæгæдзæ кæнын.

Уæдæй фæстæмæ ’мбæлдысты исдугæй-исдугмæ дыууæ адæймаджы уыцы хъæды, уæдæ цы. Цæрайы Фæсзæнгмæ цæуыны сæр нал хъуыди. Фаризетимæ-иу йæ дзырд конд уыди — уыцы æмæ уыцы бон сымбæлыныл.

Чи йæ зоны, кæдмæ уыдаид афтæ, фæлæ иу бон куы уыди, уæд Фаризет сразы ис Цæрайæн фæлидзыныл, æмгъуыды бон дæр скодтой æмæ боныфæстагмæ, æвæццæгæн, алыгъдаиккой Хъобанмæ. Уым тыхджын мыггаджы уазæг сæхи бакодтаиккой, сæ кой дæр куыннæуал æрыхъуыстаид а бæстæм, фæлæ адæймагæн йæ фыдбылыз йæ фæсхъус бады æмæ йæ æнæнхъæлæджы цæвы.

Иу бон куы уыди, уæд дын æнæуаг Азæмæт цæуылдæр фæмæсты йæ сыхаг усмæ, Цæрайы æрвадæлты чызгмæ, æмæ йын алывыд фæкалдта, цæфтæ дæр æй ракодта — фыдæх цæфтæ. Фыдсыл ус йæхи нал баурæдта æмæ йын бафидис кодта.

— Кæд уыцы æнæрцæф дæ, уæд дын, лæппуты бын цы ус баззад, уый баиргъæв.

Гъайда-мардзæ, усмæ дын фæлæбурдтой Ахлæуатæ æгас мыггагæй, суанг йæхи лæг дæр, йæ хурхыл ын кард сывæрдтой, радæргъытæ йæ кодтой.

— Тагъд зæгъ, цы зоныс Фаризетæй!

Гæнæн ын нал уыд æмæ бар-æнæбары ус радзырдта, цы зыдта, уый. Уæ балгъитæгыл дæр æрцæуæд, Фаризетыл цы ’рцыди, уый. Цæраймæ ма слидзинаг уыд, слидзын йæ къухы нал бафтыд. Афтæмæй сбастой мæгуыр чызгæн йæ цæнгтæ, йæ фындз, йæ хъустæ æмæ йын йæ дзыккутæ ракодтой, стæй йын йæ уæрагæмбæрзæн йе ’фцæгыл æртыхтой, хæрæгыл æй зыгъуыммæ сæвæрдтой æмæ йæ хъæуы лæппутæ хъæууынгты æрзилын кодтой. Тæригъæддаг дæр ма цы федтаид адæймаджы цæст, туг тæригъæддагæй мардта Фаризет, йæ тæригъæдæй фæрсскъуыдтæ кодтой къæдзæхтæ, зæнг скъуыдтæ бæлæстæ, фæлæ дзы адæймæгты зæрдæтæй Фаризетæн тæригъæдгæнæг нæ фæци æнаккаг мыггаджы ’хсæн. Стæй йæ, мæ хур, æнæрдызт бæхы къæдзилыл бабастой, æмæ йæ уый хуыртыл æмæ дуртыл гуыргай бакодта. Афтæ бабын ис æнамонд Фаризет.

Цæрай дын уый куы фехъуыста, уæд бирæгъы ниуд ныккодта æмæ æд гæрзтæ хъæдмæ афардæг ис. Зилынтæ райдыдта Азæмæтыл, зилынтæ, Ахлæуатæ дæр цы уыдысты, уымæй йæ фæдыл бафтыдысты. Афтæмæй дын, раст Рагъыдзуары бон Азæмæтимæ хæрхæмбæлд фæкодтой кæрæдзийыл. Рагъыдзуары бын хъæдджын ададжы, куывддонæй цыдысты Ахлæуатæ Рагъыдзуармæ. Дамбацатæм æмæ топпытæм нал фæцарæхстысты сæ дыууæ дæр, фæлæ кæрдтæм фæлæбурдтой, кæрдтæй райдыдтой кæрæдзи цъыччытæ кæнын дыууæ знаджы. Тыхджын уыди арсау Ахлæуы фырт, фæлæ уымæй гæрзарæхстдæр та Цæрай уыди, рариуыгъта дын Азæмæты æмæ йын йæ бæрзæй ахауын кодта, йæ сæр дзагъырдзастæй зæххыл атылди. Уыцы афон бахæццæ сты Цæраймæ Ахлæуаты иннæ фæсивæд дæр. Хъазуаты тох ма бæргæ самадта мæгуыр лæппу, кæмæн йæ цонг ахауын кодта, кæмæн нæмыгæй йæ риу байгæрста, фæлæ йыл барцæй фæтых сты æмæ йæ боны фæстагмæ скъуыхтæ кодтой, цалынмæ фæдис хæццæ кодтой сæ цурмæ, уалынмæ. Афтæ бабын æнамонд Цæрай дæр.

Аластой Ахлæуатæ сæ мæрдты æмæ сæ цæфты, фыд бæрæгбон фесты. Сластой Цæрайы мард дæр хъæубæстæ æмæ йæ йæ фыдæлты зæппадзы бавæрдтой. Сылтæ та хъарджытæ уагътой дыууæ æнамонд адæймаджы байсæфтыл.

Уыцы фыдæгъдæуттимæ цардысты, гъе, нæ фыдæлтæ. Ныр фыдæлтимæ фæныгуылынц æмæ сымахмæ дисау дæр ма кæсдзæн, о, мæ дзæбæх хъусджытæ, куыд сæ фæрæзтой адæм, зæгъгæ, фæлæ уæд сæ цард уыдæттæй конд уыди, мæ хуртæ, уыдæттæй.

7. Слантæ æмæ Фæрниатæ;

Кæуылты кадджын зæрондæй базæронд Сланты Дæхтæби, уый зæгъæг нæ зæгъдзæн. Дардыл ныхъхъæр ис Дæхтæбийы зонд æмæ æмбаргæдзинад. Уынаффæйы лæг уыди, кæцæй йæм нæ цыдаиккой фæрсынмæ, туджы тæрхоны бацæуынмæ, мыггæгты бафидауын кæнынмæ, ахæм ком нæ уыдаид нæ хæхбæсты. Кадджынæй базæронд Дæхтæби, кадджынæй амарди зæронд лæг. Фæлæ бирæйæн æлгъыстаг фæци йæ мæлæты фæстæ. Куы амарди Дæхтæби, уæд ын стыр кады хæрнæджытæ æмæ хистытæ фæкодта Сланты мыггаг, нæ йæм уыди, цы, хойраг кæнæ кусæрттаг Сланы мыггагмæ, кæуылты бирæ мыггаг уыди, кæуылты исджын-бонджын. Афæдзæй афæдзмæ хистыты кæрон нæ аскъуыд, афæдзæй-афæдзмæ Слантæ фæкодтой марды кæндтæ Дæхтæбийæн, цæмæй йын, уæлæуыл цы кад уыди, уый мæрдты дæр ма фесæфтаид, ма фæцудыдтаид. Стæй сæхицæн дæр кад уыди, уæдæ цы, йæ мардæн фылдæр чи бахæрын кодтаид, уый йæхицæн стыр ном кодта нæ бæсты раджы заманы.

Иу ахæмы дын Дæхтæбийæн æмæ се ’ннæ мæрдты ном ссарынæн дæр Слантæ æрымысыдысты хæрнæг скæнын. Фæстаджы хæрнæг уыди уый Дæхтæбийæн, æмæ Слантæ бафæнд кодтой, зæххыл цы нæма уыди, ахæм хист скæнын сæ кадджын мардæн. Уæд-иу, мæ хуртæ, уæлдай кад чи скодта йæ мардæн, уый-иу арæзта дугътæ, хъабахъытæ, æлæмтæ æмæ бирæ цыдæртæ. Слантæ дæр ахæмтæй цух цæмæн ныууагътаиккой сæ мæрдты æмæ а ныр хæрнæг уыдзæн, афтæ уымæй æхсæз мæйы размæ байуæрстой дугъты Дугъ байуæрстой, фылдæр сын хæлар чи уыди Слантæн, уыдонæн, кадджын адæмæн, алчи дæр-иу афтæ кодта. Афтæмæй дзы иу Слантæн сæхи уыди, иу та дзы Фæрниаты Тотазмæ лæвæрд æрцыд, цас кадджын лæг уыди, фæлæ сын цæйдæр хæстæг баххæсти, аннæтæ дæр æндæр æмæ æндæр мыггаджы лæгтæн. Дугъы-иу æртæ бæхы уыди, фæлæ Слантæ уæлдай цытæн байуæрстой фондз.

Куыд нæ бацæттæ кодтаиккой, дугътæ кæмæн лæвæрд уыдысты, уыдон сæ бæхты. Фæрниайы фыртæн йæхицæн диссагæн хæссинаг уайаг бæх уыди. Райдыдта йæм зилынтæ, райдыдта. Сыгъдæг хорæй йæ хаста, кæрдæджы цъупмæ йæ нал ауагъта æрвыл бон æй надта сыгъдæг суадоны, хъазыд ыл, фæлварæн æмæ йæ сфæлтæрыны раскъæр-баскъæр кодта, афтæмæй æвæджиау сыууæрста йæ бæхы. Бæх æндонау сси, сылвæста, æндон хъандзалау хъазыдысты йæ уæнгты хæцъæфтæ, фæринк кардау æрттывта йæ буар.

Аннæ мыггæгтæ дæр зылдысты сæ дугъонтæм, уæдæ цы. Йæхи бæхæй ныфс кæй нæ уыд, уый æркодта номхъуыст бæх æмæ йæм йæхи хæдзары зылди,— æууæрста йæ дугъмæ. О, Слантæн сæхимæ дæр нæ разынд, сæ зæрдæ кæуыл сывæрдтаиккой, ахæм бæх, æмæ Нары иу номдзыд бæх уыди, уый æрластой æмæ йæм хорз фæзылдысты хисты бонмæ.

Уалынмæ æрлæууыди хæрнæджы бон дæр. Æрымбырд сты адæмтæ Брытъатæм æмхист хъæутæ, цъиуæй-бæдулæй, фæстейæ ничиуал баззад æгас Мæсгуыты бæстæйы хъæутæй.

Куыннæ уыдаиккой цæттæ Слантæ, афтæмæй бон аходæн афон рабадын кодтой дзыллæты Брытъаты хъугæмтты, Сланты зæппадзы дæлейæ, рагацау æвæрд фынгты уæлхъус, Фынгтыл къæбæр нæма æрывæрдтой уырдыглæуджытæ,. афтæ дын зæппадзты цурмæ бакодтой фондз дугъон бæхы. Адæм уырдыг сыстадысты, æмæ Сланты зæрæдтæй сæ иу, иу дзæвгар адæмимæ æмæ дуæмæ дæлæфарс фæндагыл æрбатæхынц барджытæ. Разæй цæуы Сланы фырт, йæ фæстæ Фæрниайы фырт, иннæтæ та дзæвгар фæстæдæр. Адæмæй чидæртæ абадт сæ бæхтыл, фæлæ адæм схор-хор кодтой, стай-тай æмæ сæ рахизын кодтой сæ бæхтæй: дугъы хъузæттæ дзырд нæ уыд сæрысуангæй.

Уайынц бæхтæ, уæдæ цы, фæрс фæндагыл. Сæ фæздæг арвыл æмбæлы. Æрбаввахс кæнынц зæппадзмæ. Адæм хъæрахст кæнынц. Сланы фырт æрбаразæй уыдзæн, зæгъгæ. Уалынмæ дын Фæрниайы-фырт куыддæр æнахуыр æхситт фæкодта, йæ бæхы æрцæфтæ кодта æмæ йын йæ рохтæ суагъта. Кæс æмæ дын уæртæ уадау æрбаййафы Сланы фырты. Адæм дисты бафтыдысты, Сланы-фырт уайы нарæг фæндагæй рæбыны ’рдыгæй. Бæргæ ма нæмы йæ бæхы, йæ бон цæмæй у, уымæй, фæлæ кæм, Фæрниайы фырты бæх цыма ныртæккæ фезмæлыд дугъы, афтæ æвæлладæй рог уайы размæ. Адæм бамбæрстой Фæрниайы фырт ныры уонг йæ бæхы тыхыл кæй ауæрста æмæ йæ ныр кæй рауагъта йæ тых-йæ бонæй. Уынынц. Фæрниайы фырты бæх æрбаразæй уыдзæн æмæ хор-хор кæнынц, Ахлæу та сау дæнгæлтæ кæны, мигъæрфгуытæ.

Уалынмæ дын Фæрниайы фырт æрбаййæфта Сланы фырты æмæ а-ныр æрбаразæй уа, афтæ Сланы фырт йæ бæх фæцæхгæр кодта æмæ Фæрниайы фырты бæх йæ фарсæй сæмбæлди йæ бæхы риуыл. Дæ балгъитæг дæр афтæ, бæх æд барæг фæхаудта былы ’рдæм, фæдæлвæндаг æмæ дæлæ комы рæбын ныппырх, нызгъæлæнтæ сты барæг дæр æмæ бæх дæр.

Бæргæ ма фæлæбурдтой сæ хотыхтæм Фæрниатæ, фæлæ сын цы бантыстаид утæппæт адæмы ’хсæн. Аиргъæвтой сæ. Æбуалгъ æркаст адæммæ Сланы фырты ракæнд. Уæ мард уæхæдæг сæнаггаг кодтат, æмæ уæ марды кæнд дæр, зæгъгæ, загътой адæм, фынгтыл дæр нал сбадтысты. Цы уыдысты, уымæй рацыдысты, ахастой Фæрниайы фырты, схастой йæ кæугæ ’мæ ниугæ йæ мыггаджы зæппадзмæ, Астæуккаг хъæумæ æмæ йæ уым бавæрдтой, стæй алчи йæ хæдзармæ фæфардæг.

Туг асайдта дыууæ мыггаджы ’хсæн, уæдæ цы уыдаид. Топпы кæсæнæй æмæ кæрдты фындзæй кæрæдзи агурыныл ныллæууыдысты. Ахлæуы фырты æбуалгъ ракæнд Слантæн сæхицæн дæр уадиссаг бирæйы зæрдæмæ дæр кæм фæцыдаид, худинаджы ном сыл сывæрдта, сæ марды кæнд сын сынаггаг кодта, æмæ сæ чъылдымæй азылдысты Ахлæумæ. А-Фæрниатæ та сæ зæрдæмæ фыд маст бахастой, цы уыдысты, уымæй, кæд цъус мыггаг уыдысты, уæддæр æмæ Ахлæуы йæ ’ввахсдæр æрвадæлтимæ æддæмæ кæсын дæр нал уагътой.

Фæззæг куы ралæууыд, мæ хуртæ, фæззæджы куыстыты рад куы æрзылди, уæд Ахлæу иттæп тыхсынты бацыд. Бонджын, мулкджын лæг уыд йæ мыггаджы ’хсæн дæр æмæ йæ комы ’хсæн дæр, фæззæджы куыстытæ йæ кæнын хъуыди, фæлæ кæм уæндыди Фæрниатæй хуыммæ дæр æмæ уыгæрдæнмæ дæр.

Гæнæн ын нал уыди, афтæмæй бавдæлд æмæ æмгъуыд курыныл нылæууыди Фæрниатæй. Фæрниатæ дæр бар-æнæбары сразы сты, æгъдау нæ уыд туджджынæн æмгъуыд ма радтын, иугæр кура, уæд. Радтой мæй æмгъуыд Сланы-фыртæн Фæрниатæ, Мæргъитæ та сын фидары бацыдысты æмгъуыд бонмæ, æмæ Ахлæу æмгъуыддзаг бафыста йæ туджджынтæн æхсæз хъуджы, æвзаргæ хъуццытæй. Стæй йæ фæззæджы куыстытæм æргуыбыр кодта æдасæй, уæдæ цы уыдаид.

Æнæуаг, æнæгъдау адæймаг уыди Ахлæу, мæ хуртæ, бухъ уыди йæ цардæй æмæ дзы хъулау хъазыд. Йæ зæрдæ-иу цы срæмыгътаид, æмæ цы нæ бакодтаид, ахæм ын нæ уыди. Уæлæ йын Къæбырджыны хъæуы лæджыхай уыди иу идæдз ус, æнæ æрвад, æнæ мыггаг сидзæргæс йæ хæдзармæ ныффардæг, куынничи йæ фæфиппайдтаид. Кæм уыди æгъдау, æнаккаг цъаммардзинад нæ фыдæлтæм!

Æмгъуыды мæй йæ къухты куы бафтыд, уæд дын иу ахæмы Сланы-фырт ссыд йæ лæджыхай идæдзмæ. Цы базындæуа, цæмæй йæ хъыджы бацыдаид усæн, дзырдтой уый фæстæ, тыххæй, дам, æй балæджыхай кодта æмæ, дам, æм карз фыдзæрдæ хаста ус. Цæвиттон, кæддæр иу ахæмы Къæбырджыны чиндзæхсæвы бахауд уазæгæй Сланы-фырт. Чындзæхсæвы ныррасыг æмæ йæхи хъуыдыйы æддæмæ рацыд, стæй уыцы усы хæдзары фæмидæг, æвæццæгæн, усæн хицау кæм уыд æмæ йыл уым йæ хæдзары тыххæй ныххæцыд æнæуаг лæг,— афтæ йæ фæзмыдтой. Афтæмæй дын ус фæхабар кодта, хæрзгæнæг фæци Фæрниатæм, бамбарын сын кодта, уыцы ’хсæв æмæ уыцы ’хсæв Сланы-фырт цæудзæн Къæбырджынмæ — уæ хъару æмæ уæхæдæг.

Æмгъуыды мæйæ уыди уыцы æхсæв, ус сын кæй самыдта, фæлæ Фæрниаты сæ маст нал баурæдта, нал бафарста. Бабадтысты дын, мæ хур, уыцы ’хсæв Ахлæуы раз Брытъаты худисæны уæлейæ хъæды. Уалынмæ мæйрухсы Ахлæу сæ разы æрбалæууыд, цæмæй зыдта йæ фыдбылыз. Фæрниатæ йæм фæлæбурдтой æмæ йæ сæ кæрдтæй скъуыхтæ кодтой, фехæлдтой æмгъуыды ’гъдау сæ масты фæдыл, æнæгъдауæй сæ туг райстой.

Кæм удæстой, мæ хуртæ, уыцы дуджы адæм æгъдау халын. Æбуалгъ фæкасти æмгъуыд фехалын адæммæ, кæд сæры суангæй аххос Ахлæуыл уыд, уæддæр. Иууыл æбуалгъ та фæкасти Мæргъитæм, фидары цыд уыдысты Слантæн Фæрниаты раз. Афтæмæй дын, фæззæджы иу бон хъæды сыфтæрыйасæй æрбафсад кодтой Фæрниатæм. Бацыдысты дын Фæрниаты зæппадзмæ. Уым скъуыхтæ кодтой гадзайы æд хъæвдынтæ æмæ сæ зæппадзы бакалдт







Дата добавления: 2015-08-31; просмотров: 407. Нарушение авторских прав; Мы поможем в написании вашей работы!



Картограммы и картодиаграммы Картограммы и картодиаграммы применяются для изображения географической характеристики изучаемых явлений...

Практические расчеты на срез и смятие При изучении темы обратите внимание на основные расчетные предпосылки и условности расчета...

Функция спроса населения на данный товар Функция спроса населения на данный товар: Qd=7-Р. Функция предложения: Qs= -5+2Р,где...

Аальтернативная стоимость. Кривая производственных возможностей В экономике Буридании есть 100 ед. труда с производительностью 4 м ткани или 2 кг мяса...

Тема 5. Организационная структура управления гостиницей 1. Виды организационно – управленческих структур. 2. Организационно – управленческая структура современного ТГК...

Методы прогнозирования национальной экономики, их особенности, классификация В настоящее время по оценке специалистов насчитывается свыше 150 различных методов прогнозирования, но на практике, в качестве основных используется около 20 методов...

Методы анализа финансово-хозяйственной деятельности предприятия   Содержанием анализа финансово-хозяйственной деятельности предприятия является глубокое и всестороннее изучение экономической информации о функционировании анализируемого субъекта хозяйствования с целью принятия оптимальных управленческих...

Значення творчості Г.Сковороди для розвитку української культури Важливий внесок в історію всієї духовної культури українського народу та її барокової літературно-філософської традиції зробив, зокрема, Григорій Савич Сковорода (1722—1794 pp...

Постинъекционные осложнения, оказать необходимую помощь пациенту I.ОСЛОЖНЕНИЕ: Инфильтрат (уплотнение). II.ПРИЗНАКИ ОСЛОЖНЕНИЯ: Уплотнение...

Приготовление дезинфицирующего рабочего раствора хлорамина Задача: рассчитать необходимое количество порошка хлорамина для приготовления 5-ти литров 3% раствора...

Studopedia.info - Студопедия - 2014-2024 год . (0.01 сек.) русская версия | украинская версия