Студопедия — Дзуары лæг
Студопедия Главная Случайная страница Обратная связь

Разделы: Автомобили Астрономия Биология География Дом и сад Другие языки Другое Информатика История Культура Литература Логика Математика Медицина Металлургия Механика Образование Охрана труда Педагогика Политика Право Психология Религия Риторика Социология Спорт Строительство Технология Туризм Физика Философия Финансы Химия Черчение Экология Экономика Электроника

Дзуары лæг






Нæ зыдтой раджы заманы нæ фыдæлтæ сауджынты, нæ сæм уыди аргъуантæ,— Уырысы агъоммæ иу аргъуан дæр нæ федтаис хæххон бæсты. Уый уырысы паддзах тых хæссын куы райдыдта нæ бæстæм, æмæ боны фæстагмæ куы стыхджын æмæ куы ’рфидар нæ кæмтты, уæд адæмæн хицæуттæ дæр баурæдта, сæ фылдæры ’лдары къухмæ дæр радта æмæ аргъуантæ дæр ныццарæзта, уæдæ нæм тых дæр æндæр цæмæ хаста? Аргъуан та æнæ сауджын нæ вæййы æмæ сауджынтæ дæр баурæдта. Мæнæ Мæсгуыты хъæуы аргъуан дæр уырысы паддзах сарæзта, æз мæ тæккæ лæджы бынаты уыдтæн уæд, æмæ йын йæ арæзт хорз хъуыды кæнын, ныр дзы, æнхъæлдæн, хъæууон кооперат, цыдæр æй хонынц, уый ис.

Ницæмæ уадиссаг дардтой фыдæлтæ уырысы æрхæсгæ дин, ницæмæ йæ сауджынты дæр. Сауджынтæ-иу гуырдзиæгтæ уыдысты, иронау дæр дзырдтой. Фæлæ кувгæ иронау нæ кодтой æмæ-иу цы дыгъал-дыгъул кодтой, уымæн чи цы зыдта. Гъе, сæ кад дæр афтæ. Уæлæ Рагъы хъæумæ иу-хатт ссыд сауджын. Донæй сæ аргъуыдта, зиареба сын лæвæрдта æмæ ницы уадиссаг йæ коммæ кастысты фыдуаг адæм. Сауджын сæ тæрсын кодта, йæхи сыгъдæг уд схуыдта, хуыцауæй æрвыст лæг, æмæ, дам, мæ коммæ куы нæ кæсат, уæд уæ хуыцау фесафдзæн, æз, дам, уæ уæ тæригъæдтæй сыгъдæг кæнын. Уыдон бавдæлдысты æмæ иу хъæдын къус хъуджы фаджысæй байдзаг кодтой æмæ йæ сауджыны раз авæрдтой, гъе, уый уæдæ ссыгъдæг кæн, зæгъгæ. Сауджын сыл сфурттытæ кодта, уæдæ цы уыдаид. Уæд уыдон дæр бавдæлдысты æмæ къусы дон айдзæгътой æмæ къус ссыгъдæг, уæдæ цы, æмæ зæгъынц сауджынæн: «Дæуæй ницы сыгъдæг уд ис, дон дæуæй сыгъдæгдæр у», æмæ йæ фæтардтой. Гъе, уæддæр паддзахы азарæй тарстысты æмæ иу бар-æнæбары дæр адæм хъуыстой сауджынтæм, ком сын лæвæрдтой.

Фæлæ уырысы æрцыдмæ дæр æнæ дин нæ уыдысты ирон адæм ардтой хуыцауы ном, зыдтой дзуæрттæ дæр, уыди сын дзуары лæгтæ æмæ куыд арæхстысты, афтæ куывтой хуыцауæн æмæ дзуæрттæн, сæ дин кодтой, фæлæ иу зыны куы бахаудысты, уæд-иу дзуары дæр фелгъыстой æмæ-иу дзуары лæгæн дæр аккаг фесты, цин дын фенон, тызмæг адæм уыдысты фыдæлтæ.

Цас зæхх уыдис нæ хæхты, мæ хуртæ, къуындæг уыдис, уынгæг, сæракдзабырау, уый адыл сæм хор дæр цас уадиссаг цыдаид æмæ уыимæ хор иттæг зын æрбафтæн кæй уыд, уымæ гæсгæ хорæй тыхсгæдæр ницæуыл кодтой. Исты фыдбылыз-иу куы сымбæлди тыллæгыл, йе басийынæй, йе ихæй, йе лæсæнæй уæд-иу бынтондæр царæфтыд фесты адæм.

Иу фыдуалдзæджы иу хатт фыдкъæвда скодта а бæстыл. Бæстæ доны бын фæци. Афтæмæй уæлæ уынгæг адагыл лæсæн рацыд, донлæхъир, лæмæгъ зæххы уæлæ фæтæнты нæ баурæдта, æмæ а хъæуы хуымтæн сæ фылдæр æрдæг раласта æмæ сæ комы доны амидæг кодта. Сау æрдиаг куыннæ бакодтаиккой мæгуыртæг адæм. Хуымгæнæн сæ уæлхъус æрбалæууыд, хуым цы бакодтаиккой, уый та сæ къухты нал уыд. Чи ма къахта йæ уыгæрдæны кæроны, чи айнæджы тигътæ, фæлæ цас хуымгæнд уыдаид уый дæр. Иу бон дын куы уыд, уæд адæм ныхасы бадынц уæнхъилæй, цыма сыл судзаджы мæрдтæй æртыгæйттæ æрцыди алкæуыл. Ратæрхон-батæрхон кæнынц, цæмæй ма цæрдзысты, ууыл, сæ сæр сæ кой сси. Уæлæ хъугомы кæрон хуыцауы дзуары кувæндон ис, йæ разы иу-ссæдз бонгæны фæз — заманайы хорз зæхх. Фæз æгайнæг уыди, астæумæ дзы кæрдæг зади. Ныхасы бадæг адæм уыцы фæзыл сæ цæстытæ æрывæрдтой æмæ бафæнд кодтой, дыккаг бон бакæнын уыцы фæз æгасæй. Кувæндон та хæссинаг баисты йæ уæлейæ, уæлæ айнæджы сæрмæ, ныр дæр уым ис. Зæхх цухы тыххæй нæ хастой нæ сæ дзуæртты кувæндæттæ цъуппыты сæртæм адæм цымæ? Бæргæ ма сæ иргъæвта дзуары лæг, бæргæ ма архайдта зæронд бонджын Хъуыдайнат дæр, цæмæй ахæм æбуалгъ хъуыддагыл ма ныххæцыдаиккой адæм — ничи сæм байхъуыста, гуыбын тæригъæд æмæ æфсæрм нæ зоны, æхсарæй дæр æм нæ ныллæудзынæ. Сыстадысты дыккаг бон адæм æмæ æмдзыхæй, æнæауæдз лыгæй афæлдæхтой уыцы фæз æмæ йæ ’хсæны байтыдтой.

Йæ хурх ракæныны хуызæн фæкастй хъуыддаг зæронд Хъуыдайнатмæ. Зæхджын, угæрдæнджын уыди бонджын Хъуыдайнат, Алаз дзы хъæуы зæххцухтæ æмбисыл истой хаццон хуымы гæппæлтæ æмæ йын дзæвгар пайдатæ кодтой. Уыцы аз та ноджы фылдæр пайдатæ хыгъта йæхицæн йæхи нымæры лæсæны фæрцы. Лæсæн ын æппындæр нæ фæцагайдта йæ хуымты Хъуыдайнатæн, лæсæнвæдыл ын дзы ничи уыди æмæ æнхъæл уыди хъæу бынтон сæ зонгуытыл æркувдзысты йæ разы. Фæлæ иугæр дзуары фæз куы басастой, уæд Хъуыдайнатмæ фæстæмæ дæр ничиуал фæкаст адæмæй. Æмæма гъа уыцы аз цы ’рцыди, уый ’рцыди. Фæлæ Хъуыдайнат зыдта хъæубæсты дзуары фæз иннæ азты дæр бакæндзысты, уæгъд æй кæй нал суадздзысты, кувæндон дæр кæй ахæсдзысты уырдыгæй, стæй ма уымæй уæлдай иумæйаг сæрвæтмæ дæр кæй февналдзысты, хицæн тъæпæн гæппæлты хуымгондæн кæй скъахдзысты æмæ йæ уый æнæ кард æргæвст кодта.

Уæд хъуыдытæ байдыдта Хъуыдайнат, катæйттæ. Цæмæй фехала хъæубæстæн дзуары фæз схуымгонд кæныны фæнд, ууыл уыдысты йæ сагъæстæ. Афтæмæй дын иу бон дзуары лæгмæ фæсидти хибарæй. Бирæ ныхæстæ фæкодтой дзуары лæгимæ, æркойтæ кодтой, адæм кæй схивæнд сты, ууыл, кæй нал зонынц мард æмæ дзуар, кæй ферох кодтой цæсгом æмæ ’гъдау, басагъæстæ кодтой. Стæй Хъуыдайнат фергом ис дзуары лæгмæ. — Дæ хорзæхæй,— дистæгæнгæ, фæлмæнæй дзуры дзуары лæгæн,— куыд бары Хуыцауыдзуар ацы æнæгъдау хъæуæн уый бæрцытаг, куыннæ сæ бабын кæны сæ æбуалгъ мийы фæдыл? Искуы дæр ма цард-цæрæнбонты уый æрцыд æмæ дзуары фæз афæлдах, искуы фехъуыстай ахæм æбуалгъ хъуыддаг?

— Ма дын амæлон, Хъуыдайнат, Хуыцау тагъд нæ кæны, фæлæ куы цæвы, уæд ахъаззаг. Æвыдæй кæй нæ аирвæздзысты а хъæу сæ æбуалгъ мийæ, уый дæр дæ уырнæд,— дзуры йын дзуары лæг дæр.

— Адæм йе дзуарæй, йе Хуыцауæй куы нæ уал тæрсой, уæд сæ бæттæнтæ атондзысты æмæ хъæддаг сырдтæ фестдзысты, цард цард нал уыдзæн, æгъдау æгъдау, мæлæт та мæлæт. Стæй дзы лæг та лæджы бынаты нал уыдзæн. Ды дзуары лæг дæ, дины лæг æмæадæмы æгъдауы æфсарм дæумæ ис. Хъуамæ йæ сыгъдæгæй ды хъахъхъæнай,— хатæгау кæны дзуары лæгмæ Хъуыдайнат.

Иу ахæмы дын хуыцауы лæг бараст ис хуыцауы дзуары кувæндонмæ. Кæсы æмæ æрдхæрæны зад æркодта дзуары фæз, диссаджы хор дзы æрзади. Йæ нæмыг топпы нæмыджы йас, йæ æфсир æрмæрины дæргъæн, ахæм хорæрзайгæ хæхбæсты никуы ма федта. Уый зæрдæйæ дзуар æвзар ссæуын дæр нæ бауадздзæн фæзы æмæ йын тынг маст нæ уыди ныр диссаджы хорæрзад. «Уæдæ мæ куывдтытæ дæр дзæгъæлы фесты»,— уайдзæфгæнгæ бакасти дзуары лæг дзуармæ. Адæргæй арауай-бауай кодта дзуары алывæрсты, стæй йæм цыма цыдæр хорз хъуыды ’рцыди, йæ мидбылты бахудти, цæхгæр фæзылди æмæ хъæумæ фæцæуæг.

Хъæуы иу ацæргæгомау ус, дæсны уыди, ницы уадиссаг кад дзы уыди адæмы цæсты, йæ уаг нæ бæззыд, кæмдæр, фыдсыл, расыггæнаг, стæй хæтаг дæр уыди, æвæццæгæн. Дзуары лæг дын комкоммæ уыцы дæснымæ бацыди æмæ йæм изæрымгъуыдмæ фæсидти йæ хæдзармæ. Изæры йемæ бирæ зæрдиаг ныхæстæ фæкодта, чи сын цы зоны, цæуылты бадзырдтаиккой дыууæ адæймаджы.

Уыди тæккæ хосгæрдæны карз, афтæмæй дын иу изæр куы уыди, уæд адæм куыствæлладæй æрцыдысты угæрдæнтæй сæ хæдзæрттæм. Дзуары лæг балцы уыди æмæ йын кувæндоны дæгъæлтæ йæ хæдзары æфснайд уыдысты. Адæм фæлладæй бахъилтæ сты сæ лыстæнты, уæдæ цы уыдаид, æрмæст ма мæйрухсмæ изæры иу-дыууæ магусайы Ныхасы бадынц, къæцæлтæ амайынц. Уалынмæ сæ иу фæхъæр кодта:

— Кæс-ма, кæс, дæ хорзæхæй, уæлæ дзуар ратахти — æмæ йæ худ систа, стæй уырдыг сыстади.

Иннæ дæр фæтæррæтт кодта, кæсы æмæ дзуары кувæндоны сæрмæ рагъæй цыдæр цæхæркалгæ ратахти æмæ дзуары кувæндоны цур фæтары. Дыууæ лæджы сæхи хуыцауы дзуарæн бафæдзæхстой æмæ та сæхи сæ бынæтты æруагътой. Уалынмæ та сæ иу иннæмæн дзуры тæрсгæ ризгæйæ:

— Кæс-ма, кæс, дæ хорзæхæй, хуыцауы дзуары кувæндонæй уый цæй рухс цæуы?

Кæсынц дыууæ дæр æмæ æцæг кувæндоны хуылфæй рухс цæуы, фæрссагæй пиллон уадзы. Джихæй, сагъдау аззадысты сæ дыууæ дæр, стæй уæд сæ иу бакодта табугæнгæ:

— Чидæр нын нæ дзуар фæкъахта, науæд та дзуар иннæ дзуæртты йæхимæ тæрхоны æрхуыдта, адæмы адзалыл тæрхон кæнынмæ. Цæй æмæ фæдис ныхъхъæр кæнæм нæ хъæубæстыл.

Афтæмæй фæдис ныхъхъæр кодтой сæ дыууæ дæр хъæуыл. Хъæу сызмæлыдысты цъиуæй-бæдулæй æмæ æдгæрзтæ Ныхасмæ стымбыл сты. Уым сын дыууæ лæджы уæлдайджынтæй радзырдтой, цы федтой, уый æмæ адæм афæдис кодтой дзуары кувæндонмæ.

Уалынмæ дзуары кувæндонмæ сабыр бацыдысты æмæ æввахс нæ уæндынц. Кæд дзы хуыснæджытæ ис, уæд уыдонæй тас у, кæд дзы дзуæрттæ тæрхоны сты, уæд уыдон фæхъызынæй. Уæд иу лæппулæг йæхи фæхъæбатыр кодта иу асджын Улданимæ æмæ сæ фæстæ Хъуыдайнат, афтæмæй дзуары кувæндонмæ сæхи баластой. Бакастысты фæрссагæй æмæ уынынц: мыдадзын цырагъ судзы, фæлæ мидæгæй ничи зыны. Уæд адæммæ фæдзырдтой æмæ адæм дзуармæ æрбагуылф кодтой. Дуарыл архайынц æмæ дуар нæ комы. Дуар гуыдырæй æхгæд. Арвыстой дзуары лæджы фырты хъæумæ дæгъæлмæ, уый йæ лæфлæфгæнгæ æрбахæццæ кодта. Бакодтой дуар, сгарынц кувæндоны хуылф, никуы æмæ ницы. Дисы бафтыдысты, ай цы диссаг уыдзæн, зæгъгæ.

Уалынмæ æддийæ хъуысы кæуын, цъæхахст:

— Фескъуыйын, мæнæ адæм, фæтонын, уæу, цыма кæцон? Адæм хъæрмæ ракалдысты, уæдæ цы кæсынц æмæ мæнæ дæсны адæнгæлтæ, йæ комы фынк калы, йæ тæрттæ арæмыгъта æмæ зæххыл сæмбæлди, хъæр кæны дæсны.

— Æз куы ницы кодтон, хуыцауы дзуар, куы ницы аххосджын дæн. Адæмы тæригъæд мæнæй цæмæн исыс? Мæ уд дæ къæхты бынты фæхъхъау, ма фесаф дæ кувæг адæмы, сæ рæдыдыл фæсмон кæндзысты! И-и-и, хуыцауы дзуар, фыд тæрхон ма скæнут, ма фесафут талынг, ницы æмбарæг адæмы,— сæнттæ цæгъды, йæ буары нуæрттыл ратул-батул кæны дæсны. Уæд Хъуыдайнат ныхъхъæр кæны адæмыл: — Дзуæрттæ нæм æргом рацыдысты, фæфыдæх нæм сты. Кувгæ, адæм, лæгъстæ кæнгæ, сæфæм!

Адæм сæ зонгуытыл æрхаудтой,— кувынц, лæгъстæ кæнынц, сæ риутæ хойынц, фæсмон кæнынц сæ тæригъæдтыл. Уым дын адæм нывонд ныббастой урс гал æмæ ахицæн кодтой алаз дзуарæн йæхи бæрæгбоны уæлдæй бæрæгбон кæй кæндзысты уыцы бон, нывонд та йын урс гал æргæвддзысты. Фæкуывтой, фæтабутæ кодтой адæм, стæй рацыдысты, уæдæ цы.

Хъæумæ куы рацыдысты, уæд Ныхасæй кæсынц æмæ кувæндоны мидæг цырагъ ахуыссыд йæхи гъæдæй! Райсомæй гал адзæнгæл кодтой, дзуары лæг дæр бонрæфты æрцыди æмæуым уыди, федтой æмæ цырагъ уыди æрдæг сыгъдæй.

Цалынмæ куывдыл æрбадтысты, уалынмæ дзуары лæг адæмы бафæдзæхста, стæй куывдыл куы æрбадтысты, уæд фæсидти дæснымæ æмæ йæ адæмы ’хсæн æрфарста, цы амонынц адæмæн дзуæрттæ, уымæй. Дæсны загъта:

— Хуыцауы дзуар фæсидти нæ хохы дзуæрттæм дысон изæр æмæ нæ хъæуы тæрхон кодтой, мæ бон бакалд, сæ сыгъдæг цæсгæмттæ пиллон рухс кодтой фыдæхæй æмæ мæм хуыцауы дзуар куы фæкомкоммæ, уæд ницы уал базыдтон, мæгуыр мæ бон, адæнгæлтæ дæн. Уæ амондæн мын ме ’взаг нæ байстой дзуæрттæ æмæ ныхъхъæр кодтон. Стæй куыд зæрдиагæй табу кодтат, афтæ сæ цæсгæмттæ рухс байдыдтой, мæ уд сæ къæхты бынты фæхъхъау фæуа, æмæ алаз урс гал нывонд куы ныббастат, уæд хуыцауы дзуар дæр барухсцæсгом æмæ мæм лæгъзæй ракаст. Стæй мын загъта: «Зæгъ адæмæн, дзуæрттæ сын барынц сæ рæдыд æмæ сыл тæрхон нал кæнынц ацы хатт. Фæлæ мæ номыл мауал кусæнт майрæмбон, сабат æмæ къуырисæры. Стæй мæ кувæндоны фæзæй цы хор æркæрдой, уый æрмæст дзуæртты бæрæгбонты хойраг æмæ хуымилагæн куыд фæхъæуой, æвæргæ та йæ дзуары лæгмæ ныккæнæд, æмæ мын мæ фæзæн йе ’мгæрон дæр куыннæ уал ацæуой». Стæй куы рацыдыстут, уæд уын дзуæрттæ тæрхон кæй нал кæнынц, уый федтат уæхæдæг, цырагъ ахуыссын кодтой.

Адæм фæтарстысты уый бæрц алæмæттæй æмæ æмризæджы рызтысты. Табу æмæ лæгъстæ кодтой, куысты мæт дæр сæ нал уыд æмæ хæрды мæт дæр. Фæлæ хъуыддаг ууыл нæ ахицæн, мæ хуры тынтæ. Бонтæй рацыд иу дзæвгар, афтæ та фыдуаг адæм æрбайрох кодтой сæ дзырд æмæ та райдыдтой кусын æнæфæтчиаг бонты дæр. Хæрам дæр сæм нæ уыд, куысты тæккæ тæмæн уыди. Фæззæджы куыстыты карздæр бонтæ бадти сæ уæлæ æмæ сæ куы ауагътаиккой, уæд, стæй, зымæг къæсæрмæ æрбалæууыдаид æмæ хæрз сæфт кодтой.

Афтæмæй дын, иу бон та куы уыд, уæд адæм изæры фæскуыст Ныхасы бадынц. Ныхæстæ кæнынц, хъазæн ныхас, таурæгътæ хæссынц. Уæд дзуары лæг баздæхт æмæ сын уайдзæфтæ кæны, кæй фехæлдтой сæ дзырд æмæ кæй кусынц æнæфæтчиаг бонты, уый тыххæй. Æргхъирæнтæ кæны хуыцауы дзуар фæзынынæй. Адæм æм хъусынц, уæдæ цы.

Уæд хуыцауы гæрах кæм нæ уыди хъæуы мидæг цæрæг лæг Улдан, сыстад, йæ сины сæрыл ныххæцыд æмæ ныхъхъæр кæны æгас ныхасыл:

— Уый цавæр æдылы дзуар у, уæ хорзæхæй, мæнæ адæм, кусын дæр чи нæ уадзы? Мах куы ницы бакусæм, æмæ нæм куы ницы уа, уæд цы бахæрдзæн, стæй мæлынæй дæр нæ тæрсы йæхицæн? Уæдæ кусгæ нæ, фæлæ та уалдзæджы фæз афæлдахдзыстæм, ныр та уал тыллæг хæрынæн байуардзыстæм. Бынбауинагæн, цы нæм уа, уымæй скувдзыстæм, нысайнæгтæй та йæ байдзаг кæндзыстæм, уый дæр æфсæст æмæ мах дæр.

Адæм уыцы ныхæстæм ныкæл-кæл кодтой æмæ хынджылæг-худын ахастой, дзуары лæг дæр ма цы сдзырдтаид. Хъуыдайнат дæр ма цыдæртæ сдзырдта дзуары лæджы фарс, фæлæ йæ ныхас ницыуал акарста, адæм уый дæр худыны бын фæкодтой, йæ ныхæстæ йын схынджылæггаг кодтой. Ууыл ахицæн.

Иу ахæмы та бадынц хъæу сæ Ныхасы изæрдалынджы. Цæст уый бæрц ницыуал ахсы. Улдан уым нæ фæци, Уæллаг хъæуы йæ каистæй чидæр амарди æмæ йæм мæрддзыгой уыд æд бинонтæ, хъæуы дæсны дæр йемæ, фæстаг рæстæджы йын Улданимæ тынг хæлар асайдта. Бадынц адæм, уæдæ цы, Ныхасы æмæ уынаффæ кæнынц райсом хуыммæ цæуыныл. Дзуары лæг та сын цыдæртæ дзуры, фæдзæхсы сæ, дзуары хъыджы куыннæ цæуой, фæлæ йæм хъусæг нæй. Уалынмæ адæм кæсынц æмæ уæртæ дзуары кувæндонæй цыдæр æхсидавы хуызæн судзгæ рагæпп кодта æмæ йæ цуры хоры смидæг. Адæм сагъдауæй аззадысты, сæ сæры хъуын барцау сбадти. Кæсынц æмæ зад хуым ссыгъди. Хур рæстæг уыд, хур зæххы цъарыл тылди æмæ бæстæ схус, дзуары фæзы хор та сыгъзæринау æрттывта, дыккаг бон æм кæрдынмæ бавналинаг уыдысты.

Дзуары фæзы хуым куы ссыгъд æмæ адæм цавддурауæй чысыл се ’муд куы ’рцыдысты, уæд афæдис сты. Куы бахæццæ сты, уæд кæсынц æмæ зынг гуылф-гуылф кæны, хор уыцы иу гуыппæгæй судзы. Сылгоймæгтæ нынниудтой, уæдæ цы, лæгтæ хъæр кæнынц, дон хæссут, зæгъгæ. Фæдисонтæй чи фæцарæхст, ахæмтæ дæр уыди. Уыдон цæвджытæ семæ раскæфтой æмæ ныр фæзы хуымы алфæмблай дыгай уистæ æрзылдысты, цæмæй зынг иннæ хуымтæм ма ахиза. Уалынмæ ма дон дæр æрбаскъæфтой, фæлæ сыл дзуары лæг фæхъæр кодта:

— Ма бакалут дон, фæсæфдзыстут! Дзуар йæхион исы, йæхицæн æй нывондæн судзы. Кувгæ, адæм, цæмæй хуыцауы дзуары зынгæй уæхæдæг дæр ма басудзат!..

Адæм калд бæлæстау зæххыл адæлгæмттæ сты, табу кæнынц, богъ-богъ кæнынц, кувынц, лæгъстæ кæнынц хыуцауы дзуарæн, цæмæй сæ быны сæфт ма фæкæна. Уалынмæ фæзы хуымгæнд иууылдæр сыгъд фæци. Адæм рабадтысты, худаистæй уырдыг слæууыдысты. Дзуары лæг ма зæххыл кæм хæцы. Æлгъиты, æфхæры адæмы, уайдзæфтæ сын кæны, йæ коммæ кæй нæ бакастысты, уый фæдыл æмæ ныхъхъæр кæны:

— Цæмæн байсæфтыстæм, цæй ныр, æгас хъæуæй. Ныр дæр удæттыл баззайдзыстæм, уый хуыцауы къухы ис. Улданмæ хъуыстат? Æмæ уын хорз куы бакуыста Улдан, уæ дзуары уæм сфыд-зæрдæ кодта. Дурты бын ныгæнинаг у ацы хæйрæджыты сайд, дурты бын, мæнæ хорз адæм!

Мæсты адæмæн сæ маст сыхсыст æмæ сæ азар Улданы ’рдæм фæци. — Дуры бын фæкæнын хъæуы, æцæг, уыцы хуыцауы ’лгъыст хæйрæджы,— ныхъхъæр кодтой иууылдæр, цы уыдысты, уымæй. Афтæмæй дын мæсты адæм рафæдис кодтой дзуары кувæндонæй Улданы хæдзармæ. Агурынц, зилынц, хæдзары къуымты, фæлæ Улданы уым кæм ссардтаиккой. Се знæтæй сæ ферох, Улдан мæрддзыгой кæй ацыд, уый. Уæд хъуыддаг аргъæвтой йæ æрыздæхынмæ æмæ мæстæйдзагæй сæ хæдзæрттæм аздæхтысты. Улдан куы рыздæхт æмæ хъуыддаг куы базыдта, уæд дæснымæ фæмидæг æнæ искæмæн йæхи равдисгæ. Бон сау изæрмæ фæузæлыд дæсныйыл, фæныуæзта йемæ æмæ хуыцау зоны, цы митæ ма кодта йемæ... Афтæмæй йæ фæракъах-бакъах кодта, суанг стыр фæсахсæвæрмæ йæ уæгъд нал суагъта.

Дыккаг бон куы уыди, уæд Улдан ныхасмæ ссыди сæумæ цъæхæй æмæ йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодта:

— Уæй, мæнæ хъæу! Йæ ’хсырф чи райста, уый йæ фæстæмæ æрывæрæд, йæ цæвæг чи райста, уый та йæ цæвæг æрæвæрæд æмæ ныхасмæ рацæуæд, кæд йæ царды сæфт йæхи цæстæй фенинаг нæу, уæд!

Адæм йæ хъæрмæ æрымбырд сты Ныхасмæ.

Уæд Улдан сыстад, йæ худ систа æмæ сын фæдзырдта, цыдæриддæр дæсныйæ фехъуыста, уый.

Кæмдæр, хъуыддаг сæрæй бынмæ кæнгæ уыди, дзуары лæджы хиндзинад уыд. Бавдæлди дзуары лæг æмæ фыццаг хатт йæхæдæг цæст фæливынæн балцы ацыд, йæ фыртæн та рагъæй æхсидав раппарын кодта кувæндонмæ, дзуар, зæгъгæ, ратахт. Стæй цырагъ дæр лæппу ссыгъта æмæ адæм куы раздæхтысты кувæндонæй, уæд та йæ ахуыссын кодта. Хуым дæр лæппу басыгъта, æхсидав раппæрста кувæндоны хуылфæй, афтæмæй. Дзуары хæд фалыйæ адаг ныууад донмæ, хъæумæ нæ зыны уыцы адаг, æмæ дæлийæ донмæ кæм ныххæццæ, уым хæрисджын у. Афтæмæй-иу лæппу йæ хъуыддаг куы бакодта, уæд-иу адаг-адаг ныууад æмæ-иу хæрисджыны нынныгъуылд Стæй-иу дон-дон рауад æмæ талынджы адæмимæ баиу.

— Гъе, уый уын уæ дзуары лæджы митæ, мæнæ хорз адæм. Ахæм цъаммар, хъæуы знагыл хъæудзырд бакæнын хъæуы, æндæр ницы,— загъта фæстаджы Улдан.

Куыннæ бамæсты уыдаиккой мæгуыр адæм. Дзуарæн дæр алывыд фæкалдтой сæ мæстæй, стæй фæлæбурдтой дзуары лæгмæ æмæ йын йæ туг йæ хъæлæсæй акалдтой сау надæй. Стæй йыл бахъоды кодтой æмæ йæ æд хæдзарвæндаг се ’хсæнæй сыстын кодтой, бирæгъы сырд ын фæкодтой.

Уый фæстæ дзуары лæгæй баурæдтой Улданы.

Ахæм æнаккаг дзуары лæгтæ дæр-иу уыди, мæ хуртæ, гъе, раджы заманы.

Хæрзбон, мæсгуытæ

Уыцы фæстаг ныхæстæ каст куы фæци Тугъан, уæд йæ блокнот сабыргай бамбæрзта, йæ фарсдарæн хызын йæ уæрджытæм æрбазылдта æмæ блокноты, хъавгæ, хызыны нытъыста, йæхæдæг систа хызынæй къаннæгдæр блокнот, райгом æй кодта, фыссæнæй йæ ных хъуыдыгæнгæ аныхта æмæ йæ цæстытæ йе ’мбæлттæм базылдта.

Бадынц фæсивæд æнæдзургæйæ, æдзынæгæй, цæстытæ иуырдæм арæзтæй, цыма рагон царды нывтæ сæ разы кинонывыл истæй кæттагыл згъорынц. Хъуыдыйæ ахсынц рагон цардæн йе ’цæгдзинæдтæй цæмæй уыди, уый куыд уыди, цы бындурæвæрдыл арæзт уыди æмæ дзы цæст атонын нал фæразынц.

Фæтæгенсудзæныл фыцы цайдан, йæ тæф фу кæны æддæмæ йæ къæдз фындзæй æмæ йæ сæрæмбæрзæны чысыл хуынкъæй. Халагъуды рæбын, рæбинаг михыл ауыгъд тасмачъи лампæ сабыргай пæртт-пæртт кæны, йæ фæтæген сыгъд фæци æмæ йæ хуыссæг ахсы, фынæймæ хъавы. Лампæйы пæртт-пæртмæ халагъуды къуымты бæлццон сынтæджытæ, михтыл ауыгъд бæлццон хызынтæ — рюкзактæ æмæ лæдзджытæ куы сæхи ирдæй равдисынц, куы та уысммæ талынджы æмбæхсынц. Æддийæ мæйрухс æхсæв. Мæйрухсы фæлурс тынтæ лампæйы фæнымæгмæ сæхи ныццæвынц халагъуды хуылфмæ кæттаджы зыхъхъыртæй, стæй та ралидзынц, лампæ рухс пæртт куы скæны, уæд, тæппуд гæлæбутау.

— Нæ, фæлæ куыд раст фæфыстай дзырдæй-дзырдмæ зæронд Баймæты таурæгътæ, Тугъан,— цыма йæ адджын фынæйæ райхъал, афтæмæй бакодта Асиат æмæ хæлар цæстæрттывдимæ бакаст Тугъанмæ.— Цæмæн æмбæхстай, стенографист кæй дæ, уый, стæй кæд сахуыр дæ, Мæскуыйы дæ куы никуы фехъуыстон, зæгъгæ, стенографи ахуыр кæныс,— йæхæдæг сыстад æмæ ссыгъта йæ цуры авджы хъуыры сагъд мыдадзы цырагъ, бацыд лампæмæ, ахуыссын æй кодта æмæ йæ быны бадæг Тугъаны уæхскыл æруагъта йæ къух.

— Алы ахуырадон кусæг дæр хъуамæ стенографист дæр уа, стæй алы фыссæг дæр, æндæра цæй ахуырадон кусæг, кæнæ фыссæт у,— багуым-гуым кодта Тугъан æмæ æнæзынтæ йæ уæхск фезмæлын кодта, цыма йын чызджы къух дæс центнерон дзæггоры уæз кодта йæ уæхскыл æмæ йын æй æртыдтаид. Андо æмæ Дзыллæ ныр дæр ма æнæзмæлгæ сты. Ныр дæр ма сæ цæстытыл бадынц рагон царды нывтæ...

— Æмæ ирон æвзагыл цæй стенографи ис? — ныуулæфгæйæ бакодта Дзыллæ æмæ æнæрхъуыдыйæ ариуыгъта йæ къахæй. Къах Андойы фарсыл сныдзæвд æмæ лæппу æнæнхъæлæджы, цыма йæ фынæйæ фехъалчындæуыд, афтæ фесхъиудта, стæй куы ’рымбæрста, уæд йæ мидбылты бахудти тæлтæг чызгмæ.

— Цал хатты дын загътон, уыцы æвзæр ахуыр ныууадз, нæ дын бæззы. Искæй фындз асæтдзынæ иу ахæмы,— йæ къухтæ фæйнæрдæм фæхаста æмæ сæ кæрæдзийыл атыхта Асиат йе ’мбалыл хъуырхъуыргæнгæйæ.

— Æмæ дæуæн цас рæсугъд у дæ къухтæ кæрæдзийыл тухын, фæйнæрдæм сæ фæхæссын — цыма ныртæккæ искæй ахъæбыс кæндзынæ, уыйау,— стай-тай кодта Дзыллæ,— æз дæр дæ бирæ хæттыты фæдзæхстон уыцы æгъдауæй, фæлæ мæм нæ хъусыс.

— Цæй, нæ фæндаджы кой бакæнæм,— æнæразыйæ æмæ æнæ фæндгæйæ сдзырдта Андо æмæ сыстади, æгæнон чызджытæ йæ нæ бауагътой фаг фæбыгъдулджытæ кæнын йæ цыбæлты, рагон таурæгътæ йын кæй æрдавтой сæ хуызджын базыртыл.— Нæ уæргътæ баст, нæ лæдзджытæ цæттæ, нæ Албегаты Табайы диссаг сау араббаг ифтыгъд. Мæнæ ма халагъуд бæттын хъæуы æмæ уæлæмæ сыстут. Диссаджы мæйрухс у,— кæсы дуарæй Андо æддæмæ.— Цъититæ сыгъзæринау тыбар-тыбур кæнынц. Сымахæн уæ халагъуд баст у, фæлæ æнæуый цæттæ стут, чызджытæ? — фæзылди Андо Дзыллæмæ.

— Цæттæ стæм. Æцæг цæуын хъæуы,— цæуылдæр хъуыдыгæнгæ дзуры Дзыллæ.

— Мæнæ ма фæстаг хатт цай бацымæм Мæсгуыты хъæуы æмæ стæй фæндараст,— æвæры агуывзæтæ чырыны сæрыл Асиат,— гъæй, цæй æгуыдзæгтæ уын бантыст, цæ, чъизийæ куы нæ уал зыны уæ фынг! Уæдæ ма мах фынг фенут. Кодзырты Тохтæйы фæринк карды буарау рухс калæнтæ кæны! — æмæ йæ мидбылты бахудт таурæгъты хъайтары ном æрбаймысынæй.

— Ууыл æз дæр разы,— рæуæг фестад Дзыллæ æмæ дзул кæрдыныл схæцыд.

— Ныр куыд у уæ фæнд,— цай схуыппæй-схуыппы ’хсæн æууилы Тугъан,— цыдæриддæр фембырд кодтам Мæсгуыты бæстæйы æрмæгæй, уый афтæ хомæй дæттæм институтмæ?

— Нæ, физонæгæй йæ авæрдзыстæм институты разы, цъыс-цъыс кæнгæйæ. Уæдæ йын цы ми кæнинаг дæ? — баппæрста йæм Андо худæндзастæй.

— Физонæг дæ скæнæд иу галихор кулак, æвзæр цыдæр! — цай йæ дзыхæй ныппыррыкк кодта Дзыллæ раст Асиаты цæсгоммæ. Асиат фесхъиудта, йæ бандон мæнг æвæрд уыд, фæсайдта йæ æмæ чызг зæххыл афæрсыл, йæ агуывзæ йæ къухæй фæхаудта æмæ æгасæй ныккалд Тугъаны бæгънæг агъдыл. Тугъан фæтæррæст кодта, йе ’ннæ къахыл адæргæй ачипп-чипп кодта æмæ мæстыгæрæй багуым-гуым кодта:

— Цæй æнарæхст цыдæр стут, физонæг фыцын дæр нæ зонут! Тфу,— атутæ кодта адæргæй Тугъан, физонджытимæ йæ зæрдæ адзæгъæл, уый куы фембæрста фæсивæды ныккæл-кæлмæ, уæд йæхæдæг та чипп-чиппыл схæцыд.

— Раййаф мæ, Тугъан, кæд лæг, уæд,— фæхъæр кодта Дзыллæ æмæ йæ разæй чиппчипгæнгæ арæуæг. Лæппу фæзылд æмæ мæсты цæф æркодта йæхи йæ бынаты. Иннæтæ худæгæй къæцæлтæ кæнынц.

— Цæй, ныр цы бæгъ-бæгъ кæнут? Стæй уæ дзыхтæ халоны стонг лæппынтау ныххæлиу кæнут.— Хъуыр-хъуыр кæны Тугъан æмæ йæ сыгъд къах, сойæ йын æй сæрдæг Дзыллæйы къухтæй атыдта.

— Æз хъуыддагыл дзурын, сымах та фæлхæрстытæ фестадыстут. Æрмæг нæм бирæ ис, æмæ институтæй ракурæм, цæмæй нын бахæсджын кæна хицæн проблемæтыл иртасæг куыстытæ бакæнын.

— Гъе, уый чи бæззы, уыцы ныхас у, сæры суангæй дæр нæ фæнды куы уыдис! — йæ цæсгом сæрфгæйæ ферттивын кодта йæ цæстытæ æхсызгонæй Асиат.

— Разы, разы, разы,— йæ мидбынаты скафы Дзыллæ,— ныртæккæ ахицæн кæнæм темæтæ! Чи цæй фæдыл фыссы?

— Æз...— йæ цæстытæ бæллицæй систа цармæ Андо, фæлæ йæ Тугъан æрчъицын кодта уадидæгæн.

— Хицæнæй æппындæр ницы, Андо. Хъуамæ куыст коллективæй бакæнæм. Æппын кæд нæ, уæддæр дыгæйттæй. Уый нæхицæн дæр хуыздæр уыдзæни æмæ куыстæн дæр.

— Ууыл дæр разы! Чи — чемæ æмбал? — фæзылди Дзыллæ Тугъанмæ.

— Æз демæ, кæд дæ фæнды, уæд,— Тугъан ын йæ дзырд кæй айста, ууыл исдугмæ фæмæстыйæ, фæлмæнæй бакодта Андо, æмæ фæрсæгау бакасти чызгмæ.— Нæ темæ та уыдзæн: «Ирон сылгоймаджы уавæр мæлæг натуралон хæдзарады заманы æмæ уарзондзинады фарстытæ адæмон таурæгътæм гæсгæ».

— Гъемæ дзы рауайдзæн идеалистон, романтикон дзæнгæда! — багуым-гуым кодта Тугъан.— Æппæт æрмæгæй сархайын хъæуы, æппæт æрмæгæй, суанг фыст æмæ мыхуыргонд æрмæгæй дæр.

— Омæ хорз, стæй йæ кæрон æппæрст æрцæуæд, науæд ын æндæр ном скæндзыстæм, фæлæ сымах та цы темæйыл фысдзыстут? — тæвдæй фæрсы Дзыллæ.

— Мах? — хъуыдыгæнгæ бакаст Тугъан Асиатмæ,— мах та ахæм темæйыл: «Социалон-экономикон уавæр æмæ классон тох хохы Ирыстоны æстдæсæм сæдæазты».

— Фæци хъуыддаг ууыл, кæрæдзимæ къухтæ карз æлхъывдæй! — фестад Андо æмæ йæ къух æнæрхъуыдыйæ бадаргъ кодта Дзыллæмæ, фæлæ стæй фембæрста æмæ Тугъаны къух алхъывта лæппу.

— Æри,— фæгуым кодта Тугъан æмæ цыппар къухы дзуарса æндæгъд акодтой кæрæдзийыл иу уысммæ.

— Алыг,— йæ галиу къухæй алыг кодта æндæгъд къухтæ Асиат.

— Цæй, ныр æфснайгæ æмæ стæры цæугæ, стæры, сахъ абырджыты бал! — ныззылди Дзыллæ иу къахыл, иннæмæй та фæрсырдæм ариуыгъта...

Фæцæуынц мæйрухсы цыппар бæлццоны. Алкæмæн йæ фæсуæхск риумæ æмæ астæумæ гæрзтæй баст бæлццон хызынтæ, йæ къухы туристон лæдзæг. Андо идадзæй ласы идон, йæ галиу рæмбыныкъæдзы ласт лæдзæг дæр уыцы къухы, афтæмæй йæ фæдыл уæззау цæуæг æмæ ту акæнынмæ цудæг бæхы. Бæх уаргъæй нал зыны йæ барцæй йæ къæдзилмæ. Йе ’ннæ къухæй Андо хæцы Дзыллæйы къухыл. Тугъан æмæ Асиат цæуынц разæй кæрæдзи фæдыл. Асиат тындзы, фæлæ Тугъаны не ’ййафы. Дзыллæ æмæ Андо æппындæр нæ тындзынц, сындæггай цæуынц. Бæлццæттæ схал сты Мæсгуыты хъæуы худисæн хъæды. Уалынмæ Асиат тых уад скодта æмæ фæхæцыд Тугъаны къухыл.

— Бафæлладтæн,— къæмдзæстыгæй сулæфыд чызг.

— Æмæ сыфцæй ласинаг фæдæ,— цæуылдæр хъуыдыгæнгæ багуым-гуым кодта Тугъан, фæлæ стæй чызгмæ фæзылдысты йæ хъуыдытæ æмæ фæлмæндæрæй бакодта: — Ма тæрс, ныртæккæ схæццæ уыдзыстæм хæрды сæрмæ.

Мæнæ худисæны сæр дæр. Тугъан æмæ Асиат ауырдыг кодтой фæндаг-фæндаг, фæлæ уадидæгæн сæ хъустыл аныдзæвдис Андойы сидт.

— Фæстаджы фæкаст ма, æмбæлттæ, Мæсгуыты бæстæм, Мæсгуыты хъæумæ.

Се ’ппæт дæр фæстæмæ фæзылдысты æмæ, кæрæдзимæ ’ввахс балæууыдысты, стæй сæ лæдзджыты æнцой, сæ къухтæ сæ кæрæдзимæ лæвæрдæй къайгай.

Мæсгуыты бæстæ сæ быны зыны мæйрухсмæ кæттагыл нывау рæсугъд, бæзджын ахорæнтæй. Мæйрухс хъазы цъитиджын хæхтыл æмæ цъититæ тыбар-тыбур кæнынц налхъуыты цæстытæй. Дæлейæ комы дон зæлланг хъæл-хъæл кæны йæ чысыл уылæнтæ дуртыл, цыма дзы доны чызджытæ мырмырæгтæй хъазынц. Мæйрухсмæ доны буар æрттивæнтæ калы донгонд æвзистау. Сау нæзыхъæд сиахъ нымæтау йæ таргъуызæй быцæу кæны уæйыг хæхты аууæттимæ. Фынæй хъæуты цæст гæзæмæ ахсы айнæгты рындзтыл цæргæсты цъæх ахстæттау мæсгуытæ æрдæг кæлдтытæй, сау уæйгуыты æндарæй лæууынц амцæф-умцæфтæй. Æмæ Баймæты фыдæлты мæсыджы цур стыр нæзы бæлас ивазы йæ цæнгтæ фæсивæды ’рдæм, цыма сын фæстаджы салам æмæ арфæтæ æрвиты сæ балцы йæхи æмæ Баймæты бæсты дæр.

Æгомыгæй лæууынц фæсивæд, зæрдæтæ хъазынц уæрыккау риуты æрдзы фидыц — рæсугъддзинадмæ, суанг Тугъаны цæстытæ дæр æрттивынц иттæг æгъгъæдæй йæ разы райхæлд нывæй.

— Хæрзбон, Мæсгуыты бæстæ, зæронд царды кард æмæ уарт, ног царды хотыхтæм цадæггай ивæг бæстæ,— сындæг, æнкъардгомауæй сыхъуысти Дзыллæйы хъæлæс.

— Хæрзбон, зæронд, дур мæсгуытæ, хæрзбон зæронд Баймæт удæгас мæсыг,— зæрдæбынæй бакодта Асиат æмæ йæ Цæстытæ фæкодта Тугъаны цæстыты æмæ ныккаст йæ зæрдæмæ.

Æвæццæгæн, Тугъаны зæрдæйы чызг ауыдта йæхицæн цыдæр Циндæттæджы æууæл, амондджын худт бакодта йæ мидбылты, лæппуйы къух карз æрбалхъывта, æмзылд фæкодта йемæ æмæ йæ гæппытæгæнгæ ауырдыг кодта фæндæг-фæндаг, ныззæлгæ хъæлæсæй бахъырнгæйæ хъæлдзæгæй базарæг Андойæн.

1934 аз. Сталинир.







Дата добавления: 2015-08-31; просмотров: 494. Нарушение авторских прав; Мы поможем в написании вашей работы!



Шрифт зодчего Шрифт зодчего состоит из прописных (заглавных), строчных букв и цифр...

Картограммы и картодиаграммы Картограммы и картодиаграммы применяются для изображения географической характеристики изучаемых явлений...

Практические расчеты на срез и смятие При изучении темы обратите внимание на основные расчетные предпосылки и условности расчета...

Функция спроса населения на данный товар Функция спроса населения на данный товар: Qd=7-Р. Функция предложения: Qs= -5+2Р,где...

Ганглиоблокаторы. Классификация. Механизм действия. Фармакодинамика. Применение.Побочные эфффекты Никотинчувствительные холинорецепторы (н-холинорецепторы) в основном локализованы на постсинаптических мембранах в синапсах скелетной мускулатуры...

Шов первичный, первично отсроченный, вторичный (показания) В зависимости от времени и условий наложения выделяют швы: 1) первичные...

Предпосылки, условия и движущие силы психического развития Предпосылки –это факторы. Факторы психического развития –это ведущие детерминанты развития чел. К ним относят: среду...

Мотивационная сфера личности, ее структура. Потребности и мотивы. Потребности и мотивы, их роль в организации деятельности...

Классификация ИС по признаку структурированности задач Так как основное назначение ИС – автоматизировать информационные процессы для решения определенных задач, то одна из основных классификаций – это классификация ИС по степени структурированности задач...

Внешняя политика России 1894- 1917 гг. Внешнюю политику Николая II и первый период его царствования определяли, по меньшей мере три важных фактора...

Studopedia.info - Студопедия - 2014-2024 год . (0.009 сек.) русская версия | украинская версия