Студопедия — Мæсгуытæ сдзырдтой
Студопедия Главная Случайная страница Обратная связь

Разделы: Автомобили Астрономия Биология География Дом и сад Другие языки Другое Информатика История Культура Литература Логика Математика Медицина Металлургия Механика Образование Охрана труда Педагогика Политика Право Психология Религия Риторика Социология Спорт Строительство Технология Туризм Физика Философия Финансы Химия Черчение Экология Экономика Электроника

Мæсгуытæ сдзырдтой






 

Мæсгуытæ сдзырдтой

Фæззæг, хъулон-мулон хилджын фæззæг æрбалæууыд Мæсгуыты бæстæйы дуармæ, хæлары уазæгæй. Бур-бурид бурæй æрттивынц кæрдинаг хуымтæ, фæмæкъуылджын сты угæрдæнтæ. Хъæд фæхъулонтæ ис алыгъуызон ахорæнтæй. Бæрзонд хæхтæ нал дасынц сæ хил æмæ æруагътой сæ урс зачъетæ сæ уæрæх риутæм — бæрзонд фæтæнтæм. Зачъе-мит æрвыл бон даргъæй-даргъдæр кæны, стæй иу бон бамбæрздзæн æппæт Мæсгуыты бæстæйы буар.

Йæ хуыз нæ ивы æрмæст тарбын кæрдæггъуыз нæзы хъæд. Царциаты къуыппыл нæзы хъæды къох фæлгæсæнтæ кæны фæйнæрдæм бæрзонд цъуппæй æмæ хаттæй-хатт басусу-бусу кæны рог уддзæфимæ. Йæ хæд бын Бурсæгаты зæппадз, йæ дæлийæ та сæ мæсыг æмæ фидæртты хæлдтытæ; уыдон дæр нæ ивынц сæ фæныкæнгæс хуыз, сæ алфæмблайы къулаив фæзтæ бæзджын гауызау мæцъæл сты сæууон æртæхæй, хур æххæст нæма систа æртæхы, æмæ йæ тынтæ хъазынц æртæхы, цæстыты диссаг æрттивæнтæй.

Баймæт бады йæ бынаты æмæ химидæг дис кæны: Куыд раджы ссыдысты абон йæ цурмæ йæ хæлар æнахуыр фæсивæд! Нæзы хъæды къох йæ иу гæбазæй æрбаххæст суанг мæсыджы æмбуар. Мæсыджы хæд фарсмæ хицæнæй, иннæ бæлæстæй иртæстæй, слæууыд æвæджиау стыр нæзы бæлас. Æвæджиау йæ бæрзондæй æмæ йæ ставдæй дæр. Йæ лæуды уаг афтæ у, цыма кæддæр незаманы æвзаргæ æфсады зæронд домбай фæтæг æд æфсад мæсыгмæ æрбалæбурдта, æмæ цыдæр хинæй йæхæдæг нæзы бæлас фестад, йе ’фсад та нæзы хъæд. Йæ домбай цæнгтæ ма бæргæ байвæзта стыр бæлас, фæлæ мæсыгмæ нæ баххæст. Бæласæн йæ сæр лыг у æмæ уый адыл æхсæвыгон бæласы фенхъæлдæуыдзæн дыккаг тъæпæнсæр мæсыг, æрмæст ноджы бирæ бæрзонддæр æмæ фæтæндæр мæсыг Бурсæгаты мæсыгæй.

Баймæт бады алы хаттау æгомыг, æдзынæг. Хъусы змæлгæ хъустæй фæсивæды ныхасмæ, фæлæ диссаг, хъыг ын уый уыди, ацы фæсивæд кæй цыдысты ардæм Баймæты хибар бынатмæ, кæй йæ хъыг дардтой сæ сонт дыбал-дыбулæй. Ныр та йын цыма, æхсызгон у, йæ цуры кæй сты, уый, æмæ куыддæр йæ зæрдæ фæсæххæтт кодта сæ ныхасмæ.

— Не ’мгъуыд фæуыныл у, æмбæлттæ, афон у Чъребамæ аздæхынæн, стæй нæ ахуыры азы райдиан дæр æрыввахс. Чъребайы чысыл аулæфдзыстæм æмæ Мæскуымæ сбæлццон уыдзыстæм фæстæмæ, æрымысыдтæн Мæскуыйы, цы йæ æмбæхсон.

— Андо, æмæ ма иу-дыууæ боны куы афæстиат уæм, уæд цы кæны. Акæс-ма, цы диссаджы рæсугъд у фæззæг Мæсгуыты бæстæйы. Æз ам цæрынæй нæ бафсæдин,— цыбæлæй дзуры Дзыллæ æмæ стыр нæзы бæласы цонджы къалиуыл хъеллæуттæгæнгæ фæлгæсы фæйнæрдæм.

— Нæ куыст фестæм æмæ цæуын хъæуы, Дзыллæ. Æниу, æвæдза, мæныл дæр цыма базыртæ базад ацы диссаг бæстæйы, афтæ æнкъарын мæхи. Ныртæккæ дæр фестин, мæ базыртæ айвазин æмæ атæхин цæргæсау,— акасти Андо Дзыллæмæ куыддæр æнахуыр фæлмæн цæст ферттывдимæ. Чызг ын йæ цæстæнгас ацахста, фемдзаст лæппуйы цæстытæм, стæй цæсгом фæсырхимæ йæ мидбылты бахудт, æмæ цæстæнгас атыдта лæппуйæ, æнæдзургæйæ.

— Æмæ уæртæ фаллаг фарс куырм уыгау дæхи къæдзæхтыл сцæвис,— багуым-гуым кодта Тугъан æнæхудгæйæ, Андомæ Бакæсгæйæ.

— Андо, схиз-ма, кæддæра нæ чи раздæр схæццæ уаид бæласы сæрмæ,— фæхъæр кодта Дзыллæ.

— Андойы сыййафдзынæ ды, хъæлдзæг сæныкк! — фæгæпп кодта цингæнгæ лæппу æмæ уыцы-иу æхст скодта йæхи, чызг цы хус къалиуыл бадти, уымæ. Дыууæйы уæзæй хус къалиу æрсаст, рахаудтой æмæ кæлкæлгæнгæ фæзы, уырдыджы атылдысты дæлæмæ.

— Æнкъард мæм кæсыс, Тугъан, цыма разы нæ дæ цардæй Мæсгуыты бæстæйы. Ау, æппын дæ зæрдæ ницæмæй байради сæрды дæргъы? — фæрсæгау бакодта Асиат йæ цæстæнгас Андойы фæдыл хæсгæйæ. Уыдон кæрæдзи фесхойынц æмæ тулынц дæлæмæ, куы сæ иу, куы се ’ннæ фæразæй вæййы, афтæмæй.

— Рагон царды цаутыл таурæгътæ фаг не ’рымбырд кодтам, кæд æнæуый фольклор æрымбырд кодтам, уæддæр. Æнæ уыдон та зын сбæлвырдгæнæн у, цы социалон, экономикон цард кодтой, цы классон тох уыди фыдæлтæм, уый. Дысон дæр æй куы загътон, нæ куыстытæ куы бахыгътам, уæд. Цæмæн ма мæ фæрсыс? — æмæ Тугъан мæстыгæрæй йæхи Лæгъзцъитимæ кæсæг скодта.

— Уый куыстæй ма у разы, фæлæ æндæр ницæмæй дæ разы, ам цы рæстæг арвыстай, уый дæргъы? — æхсгæ каст бакодта лæппумæ чызг.

— Æмæ мæ æндæр цы æндæвта Мæсгуыты бæстæйы? — джихæй афарста Тугъан æмæ йæ цæстытæ зæхмæ æруагъта, фыссæнæй йæ дыууæ ’рфыджы астæу ныхгæйæ.

— Ницы! — хъæстгæнгæ фæзылланг кодта чызджы хъæлæс. Лæппу джихæй бакаст чызгмæ, хъуыдыгæнгæ азылд йæ цæстытыл, йæ фæлурс цæсгомыл. Стæй куыддæр химидæг тыхархайд акодта, цыма цыдæр уæззау уаргъ йе ’ккойæ аппæрста, афтæ суæгъд кодта йæхи йæ хъуыдытæй æмæ чызгмæ фæкомкоммæ йæ æнкъарæнтæй. Уадидæгæн ацахста чызджы æхсгæ цæстæнгасы мидæг мастимæ цыдæр фæлмасы ’рттывд æмæ ноджы ныджджихдæр.

— Асиат! Æмæ æз...— хъуыры цыдæр къуыбылой фæсагъд æмæ дзырдты нæ уадзы уæлæмæ. Чызг куыддæр æнхъæлмæгæсгæ ныттынг, фæгæмæл, цыма Тугъаны æд ныхæстæ аныхъуырдзæн...

— Æндæр... ницæуыл хъуыды кодтон. Ды та? — схаудта фæстагмæ Тугъаны дзыхæй æмæ уадидæгæн фæмæсты йæхимæ йе ’нарæхст æмæ æнæуæндаджы тыххæй, бынтондæр уыцы ныхæстæ зæгъинаг нæ уыд чызгæн.

— Æз? Æз та бирæ цæуылдæрты, фæлæ ды цы фендзынæ, цы банкъардзынæ? Куырм дæ! — уæззау ныуулæфтæй феуæгъд кодта йæ фæгæмæлæй йæхи æмæ фæхъæр кодта мæстыгæрæй чызг, стæй фестад æмæ хъæды гæбазы фæмидæг.

— «Куырм?» Цымæ цы зæгъынмæ хъавыди Асиат уымæй? Ау, цы нæ уынын, цы нæ æнкъарын?» — катæйттæ кæны Тугъан. «Æмбаргæ чызг у, æрвонг сæры магъзджын Асиат, фæлæ мæ цыдæр домы, цæмæдæр мæм æнхъæлцау у æмæ йæ куы нæ æмбарын. Æвæццæгæн æй фæнды мемæ æрдзы рæсугъддзинадыл дзурын, цин кæнын, æндæр цы? Æмæ уымæй раст у, чызг у! Сылгоймаг арфдæр æнкъары рæсугъддзинад, эмоционалон æгъдауæй тыхджындæр у нæлгоймагæй. Айдагъ интеллект ын бирæ ницы давы... Фæлæ мæ зæрдæмæ цæуы Асиат, æмбалæн бæзгæ у æмæ мын ме ’нкъарæнтæ куы бамбара, уæд мыл куы фæхуда, куы мæ схынджылæг кæна? Цæй, исчердыгон сæ бамбæхсдзынæн».

— Асиат, о, Асиат! — фæхъæр кодта Тугъан йæ катæйттæ аскъуынгæйæ.

— Цы дæ бахъуыди? Хъуыддæгтыл уынаффæтæй бафæлладтæн,— кæцæйдæр æрбайхъуыст чызджы хъæлæс.

— Рацу, цæуыл дæ фæнды, дзур!

— Мæн дзурын кæныс? Æмæ æз дæ дзурынмæ куы ’нхъæлмæ кæсын! — йæ фæстæ февзæрди æмæ фæлмæнæй бакодта Асиат.

Тугъан фæстæмæ азылди чызгмæ æмæ йын йæ цæстæнгас куы ацахста, уæд сыстади. Бакæстытæ кодта Асиатмæ, стæй йын æнæрхъуыдыйæ йæ къухыл фæхæцыд. Чызджы къух куыддæр бадыз-дыз кодта, фæлæ йæ нæ атыдта. Лæппуйæн йæ цæсгом, фæсырх, цыдæр зæгъинаг ныхæстæ сæры згъорæнтæ кæнынц, фæлæ сæ æвзаг зæгъын нæ арæхсы. Уалынмæ чызг йæ къух атыдта æмæ фæхъæр кодта:

— Гъей, Дзыллæ! Ма фæхудинаг кæн сылгоймаджы!

— Æз сразæй дæн,— тыхулæфт кæны æмæ амонды цæстæнгас æрттивæнтæ кæны йæ цæстытæй.— Гъы, хорз лæппу, ныр дæр ма æппæлдзынæ дæхицæй? — æмæ цæхгæр фæзылди Андомæ. Уый дæр лæфлæфгæнгæ схæццæ иннæтæм.

— Уый хæрды... ды фæразæй дæ! Фæзы мæ никуы.., аййафдзынæ! — уарзæгой цæстæй бакаст Андо Дзыллæмæ.

— А-а-а, сæрæй сымах хæрды зындзинад ахицæн кодтат! — бахудти Асиат.

— Æмæ сымах та? Цы дыл æрбамбæлди, Тугъан, дæ цæрæнбонты дæ ахæм уыргъуыйауæй куы никуы федтон? — хынджылæг кæны Дзыллæ æмæ Асиатмæ фæрсгæ цæстытæй бакасти. Дыууæ чызджы куыддæр иу уысмы дæргъы сæ цæстытæй кæрæдзиимæ ныхасы фесты.

— Æвæццæгæн, хæрды не сфæрæзта Асиаты фæдыл,— худы Андо.

Дзыллæ Асиаты цæстæнгасмæ æнæ разыйæ йæ сæр банкъуыста. Тугъан ницы æмбары æмæ хинымæр мæсты кæны.

— Цæй хъазынæн æмæ хынджылæгæн æгъгъæд уæд,— йе ’муд æрцыд æмæ та гуым-гуым кæны Тугъан, куыддæр тызмæгæй.— Мæнмæ иу зæгъинаг ис сымахæн. Цæвиттон, алы æрмæг дзæвгар æрымбырд кодтам. Уыдоныл ма, алы ахуырадон чингуыты ирон адæмы ивгъуыд царды тыххæй, уыдон куы бафтауæм, уæд ис ныффыссæн сæрмагонд куыст исты проблемæйыл. Цæй, æмæ райсæм нæхимæ исты ахæм проблемæйыл иртасынады куыст бакæныны хæс.

— Æмæ цы, ахæм проблемæ сыхалæн ис цардыуагæй фольклоры æрмæджы фæрцы? — йæ цæстытæ æнæразыйæ æрцауыгъта Тугъаныл Асиат.— Æрæмбырд кодтам кадджытæ, таурæгътæ, уыци-уыциутæ, æмбисæндтæ, аргъæуттæ. Фæлæ, раст дын зæгъон, цы пайда сæ скæндзыстæм мах, уый бæстон нæ хатын.

— Уый институты хъуыддаг у, мæнмæ гæсгæ. Спайда сæ кæнæд, куыд æй фæнды, афтæ. Мах нæ хæс сæххæст кодтам уæлдайджынтæй. Асиат цы ранымадта, уыдон нæ уæлдай куыст сты, уымæн æмæ нæ хæс æрмæст материалон Культурæ уыди рафæлгъауын. Мæнæн уый зонын дæр æгъгъæд у, нæ адæмон фольклор иттæг бæзджын æмæ бæрзонд кæй у, кæй сывзæрди нæ адæмы историйы хицæн дугты, кадджын, хъайтарджын дугты. О, фæлæ нын кæд институт бахæсджын кæна йæ «уацтæн» ахуырадон куыст ныффыссын, уæд æз «нæ» зæгъинаг нæ дæн,— ныхас айста йæхимæ Андо.

— Стæй, цæй диссаджы рæсугъд кадджытæ æрæмбырд кодтам, цæ! Кадæггæнæгмæ хъусгæ-хъусын-иу мæ рох дæр æрбаци, фыссын сæ кæй хъæуы, уый,— бæллицæй бакодта Дзыллæ æмæ нæууыл йæхи æруагъта.

Фæсивæд зæронд бæласы бын нæууыл сæхи æруагътой æнæдзургæйæ, кæмæ куыд хуыздæр касти, афтæ. Чи бадгæ æркодта, чи æрдæг фæрсыл. Чысыл фалдæр хибарæй мæсыджы аууон бады зæронд Баймæт. Адæмæй сæрхызт, дис кæны йæхи мидæг, цæмæй йæ æлвасынц сæхимæ ацы æнахуыр фæсивæд, афтæ æнæхъинæй йын йæ сæрхызтдзинад чи халы æмæ йæ ам дæр чи хъыг дары. Цæмæн æм кæсы дзæбæх ацы фæсивæдмæ хъусын, хъыг ын куы у хъусын адæймаджы ныхасмæ. Æмбаргæ сæ куы кæнид, уæддæр ма цынæ ис, фæлæ сæ æрдæг цъæррæмыгъдтæй гæзæмæ йеддæмæ æмбаргæ дæр куы нæ кæны. Стæй йын цæмæн афтæ хъыг у сæ сомы кой? Мæнæ сæм ныр дæр алы хаттау æдзынæгæй хъусы, лæдзæг ныхмæ быцæу сывæргæйæ, æмæ дис кæны, куысты койæ дарддæр сæм кæй никуы ницы вæййы, ууыл. Раст у, абонау хаттæй-хатт æнæаипп хъæстытæ дæр акæнынц, фæлæ цыма фефсæрмы вæййынц, афтæ уадидæгæн фæуадзынц сæ хъæзтытæ. Стæй сæ рох никуы уыд, Баймæт ам кæй бады, æмæ дзурынц сабыр, хъазынц æнæ хъæлæба, цæмæй йæ йæ хъуыдытæй ма аиртасой; уый нæ хатынц, Баймæт уыдонмæ хъусæг кæй вæййы, цалынмæ йæ цуры вæййынц, уалынмæ. Рæсугъд фæсивæд сты. Мæнæ иу æртæ къуыри дæргъы сæ ам къуыппыл нал федта æмæ сæ мысыди. Æнæрхъуыдыйæ сæ агуырдта, афтæ сыл фæцахуыр ис. Цæмæйдæр ын байдзаг кодтой йæ иунæджы царды бонтæ, фæлæ цæмæй, уый нæ хаты. Дзæбæх фæсивæд сты, адæмыл сæхи ауындзынц, æххуыс сын кæнынц алцæмæй, æгъдауджын сты, æфсармджын. Гъе, фæлæ куыддæр æнахуыр сты, йæ дуджы æфсармджын фæсивæды æууæлтæй сæм ницы ис, ницы уадиссаг ныры фæсивæды æууæлтæй дæр. Науæд искуы-ма уый дæр æрцыди, æмæ чындздзон чызджытæ æмæ усгур лæппутæ бонтæ иумæ æрвитой? Нæй. Ирон фæсивæд сты, фæлæ цавæрдæр æндæр царды фæсивæд сты, ахæм царды фæсивæд, Баймæт кæй нæ зоны. Гъе, стæй сæхи ног царды койтæ куы фæкæнынц, уæд æй барынтæ сисынц Баймæты дуджы цардимæ. Æвзарынц йæ дуджы цард. Хаттæй-хатт сæмбæлынц йæ дугон цардыл, гъе, раст цыма сæхи цæстыты раз ацыд, хаттæй-хатт та йæ бынтон зыгъуыммæ æмбарынц. Диссаг фæсивæд. Стæй сæ цæмæн бахъуыд рагон дуджы цард зонын, цы дзы къахынц? Хъæуы фæсивæдау, хуымæтæджы цымыдисæн æмæ аргъауыл хи ирхæфсынæн нæ! Уый Баймæтæн бæрæг у. Фæлæ уæдæ цæмæн? — Æмæ Баймæт ноджы тынгдæр гæмæл кæны йæ хъустæ фæсивæдмæ.

— Фольклор æмæ уæлдайдæр та цардæй исты таурæгътæ раст сыхалдзысты махæн æхсæнадон дзыллæйон ахастытæ, экономикон уавæр, классты сконд æмæ классон тохы змæлдтытæ нæ фыдæлты ’хсæн. Уыдон нын ратдзысты раст сбарын нæ дзыллæйон рæзынад. Фæлæ, раст зæгъгæйæ, мах цы ’рмæг æрымбырд кодтам афæстаг къуыриты дæргъы, уыдон иттæг бæзгæ æрмæг не сты. Раст зæгъын хъæуы, фæззæджы куыстыты тæмæны адæмы не ’вдæлы махмæ. Фæлæ мæнæ Баймæты хуызæн зæронд адæм нын куы ракæниккой комкоммæ цардæй исты, сæ цæстыты раз æрцæугæ, науæд фехъусгæ хъуыддæгтæ, схонæм уыцы ’рцæугæ хабæртты «Кадджытæ», гъе, уæд нæ хъул сах абадид, гъе.— Асиатæн æрæджиау дзуапп дæтты Тугъан.

— Мах цы æрмæг æрымбырд кодтам, уыдон дæр æгъгъæдыл нымайын цыфæнды проблемæ сыхалынæн дæр,— йæ къахæй ариуыгъта Дзыллæ.— Æниу ахæм куыст махмæ нæ кæсы, Андойы загъдау, фæлæ...

— Æмæ уæдæ æрмæг куы ’мбырд кодтай, уæд дæ зæрдыл никуы æрлæууыд хицæн фарстытæ? Дзырдæн зæгъæм: цы уавæры уыд сылгоймаг æмæ цæмæн? Цæй фæдыл уыдис карз тугисыны хъуыддаг æмæ цы экономикон бындурыл æнцади? Цæй тыххæй цагътой кæрæдзи фыдæлтæ? Ау, уæд цы ахуырадон кусæг дæ æмæ йæм бафтау: политикон кусæг,— йæ къухтæ фæйнæрдæм дисгæнгæйæ фæхаста Асиат.— Раст зæгъы Тугъан,— ныхасы апп аивта Асиат, цæмæй та Дзыллæ ма сзагъд кæна,— цардæй исты хабæрттæ нæм цъус ис, стæй нæм цы ис, уыдон дæр фæсивæд ракодтой, æмæ цух не сты сæ ракæнджыты субъективон æнгасæй, романтизмы дæлдзырæдтæй, уый адыл иттæг бæзгæ æрмæг не сты, æнæ асыгъдæг кæнгæйæ.

— Æз ныртæккæ дæр цæттæ дæн ныффыссын куыст, кæцы фæнды проблемæйыл дæр, цы æрмæг нæм ис, уый бындурыл. Æгæр хорз æрмæг дæр ма у! — хиппæлæгау бакодта Андо.

— Æмæ рауайдзæн æмбыд романтикон, науæд идеалистон дзæнгæда,— фæтызмæг Тугъан.— Махæн институт, куы ма йæ зæгъын, чи зоны бафæдзæхса исты ахуырадиртасæг куыст ныффыссын хицæн социалон кæнæ экономикон фарстыл 18-æм сæдæазæй. Ахæм стыр баууæнчы хъуыддагыл «нæ» зæгъинаг стæм мыййаг? Æппындæр нæ. Гъе æмæ нæ уый тыххæй хъæуы ноджы лæмбынæгдæр бакусын. Хъæуы нæ ссарын зæронд кадæггæнджыты, цæмæй нын уыдон радзурой сæ дуджы царды ’рцæугæ нывтæй, науæд кæй фехъуыстой сæ фыдæлтæй, уыдонæй. Ахæм зæрæдтæ ницы субъективон цъарыг хæссынц цауæн йæхимæ аивадон æвзагæй дарддæр.

— Уый фæнд у, гъе! — сцин кодта Асиат.— Фæлæ ахæм кæй зонæм Мæсгуыты бæстæйы? Амонынц нын, кæй фæрсæм, уыдон уæлæ Къæбырджын хъæуккаг Асæхы, æмæ мæнæ Бабийы. Асæх фырзæронд у кæмдæр, стæй хæццæ кæны цаутæ. Баби та рагæй нал кæны кадджытæ.

Æвиппайды Асиат цæуылдæр фæкатай, стæй цыма йæ катай абырста, стæй йæ сæр батылдта, сыстад æмæ Баймæтмæ бараст. Баймæты цур йæхи æруагъта.

— Баби, о Баби, ракæн ма нын дæ кадджытæй, æхсызгон нæ куы хъæуынц,— ласы фæлмасæй чызг йæхи Баймæтмæ, æмæ æнæуæндонæй дауы зæронды лæдзæг йæ къухæй.

Фæсивæд кæрæдзимæ бакастысты Асиаты ныфсхастыл дисæй, стæй сæхи æввахс байстой Баймæтмæ.

— Баби, æз дæр дæ курын, æмæ мæнæ не ’ппæт дæр.— Дзыллæ адæргъ Баймæты къæхты раз æмæ фыр фæлмасæй ризы хъæлæс.

Лæппутæ дæр æрбадтысты Баймæты цур. Фæсивæд æфсæрмæй сæ улæфт фæурæдтой æмæ æнхъæлмæ кæсынц Баймæтмæ,— цы зæгъдзæн?

Зæрдæ куыддæр бахъыдзы кодта зæронд Баймæтæн. Æхсызгон ын у чызджыты рæвдаугæ, æфсæрм лæгъстæйы ныхас. Зæрдæйы их атади æмæ хъарм донау атавта зæрдæйы хъусты. Уыцы хъарммæ хъусæг фæци Баймæт, ницы дзуры. Фæсивæд алы хаттау «нæ» зæгъыны æнхъæлцауæй фенкъард сты. Фæлæ сæ дисæн ацы хатт Баймæт нæ дæр «нæ» загъта, нæ дæр «о». Йæ фыдæлты мæсыгау ма æнæзмæлгæ аци йу дзæвгар, йæ цæсгом цъæх айнæджы фарсау, стæй æнæфенгæ уæззау систа йæ сæр, ныхыл фæхæрд кодтой уæллаг рихитæ — æрфгуытæ, æнæуынæг цæстытæ ’рзылдысты, арв Лæгъзцъитийыл кæм æрынцад, уырдæм, сабыр базмæлыдысты æууад зачъетæ, сæ фæстæ та хус фæйнæджытæ — æфсæртæ æмæ диссаджы фæлмæн, риуæй цæугæ зæлджын хъæлæс ныззарыд фæсивæды хъусты.

Сдзырдта Баймæт — зæронд мæсыг:

— Куырм дæн æхгæд зæппадзау, къуырма — калд мæсыгау. Бампылдысты мæ хъуыды, мæ зонд хус серайау. Бахус и ме ’взаг мæ дзыхы, фæйнæджы гæппæлау. Къуымых у мæ ныхас, хуыр-хуыр у мæ хъæлæс. Кæд искуы æвзыгъд уыди мæ зонд, кæд искуы мæ хъæлæсы хъуысти æндон зæлланг, уæд абон талынг у мæ зонд, талынг мæйдарау, æмыр у мæ хъæлæс уæртæ уыцы бæласы зæнгау. Бирæ мæ ма ’нхъæлут, бирæйы адæймаг нал дæн.

Стыр уынаффæты мидæг стут, мæ хуртæ, цыргъ у, фæринкау, уæ зонд, хъримагау уæ цæст, æрдыны босау уæ хъус, фæндырау уæ хъæлæс, фæлæ уын уадиссаг ницы хаты мæ талынг зонд. Æнахуыр фæсивæд мæм кæсут. Нæ мæ дуджы фæсивæды ’нгæс стут, нæ нырыккон фæсивæды. Нæ кард æмæ уарт у уæ бæллиц, нæ хорз бæх, нæ хорз чызг, нæ æхсары ном æмæ кад, нæ чындзæхсæв, нæ марды дугъ — ахæм бæллицтæй царди мæ дуджы фæсивæд. Ныр дæр цæры фæсивæд хорз хосдзауы, хорз ахуыры, хорз барæджы, хорз кафæджы бæллицтæй, фæлæ уыдон дæр не сты уæ бæллицтæ. Æви æппæт царды бæллицтæ арф бæллицут, афтæ дæр мæм фæкæсы, фæлæ сæ æргом не ’вдисут æфсæрмæй, цы уын зонын. Æдзух уæм ис цыдæр ахуырады кой, хæссут арæх фыдæлтыккон царды койтæ, фæлæ не ’взарын, нæ хатын, цæмæй мæ фæрсут. Гъе, фæлæ цы зонын, уый уын нæ бахæлæг кæндзынæн. Фыдæлты намыс рæгъмæ хæссут, агурут, æвæццæгæн, ныры цардæн хуыздæр фæрæзтæ, адæмы амондæн æнцондæр фæндæгтæ. Рæстмæ уын уæд уыцы фæнд, рæстмæ уæ куыст, мæ хуртæ, мæ зæронд сæр уын уый фестæд, цæмæй дзы райгонд уат. Зæгъынц, цыдæр æмдзæрин цард, дам, рæзы, цыдæр хæлары цард,— бантысæд уын мæ фæндиаг æмæ уæхи фæндиаг.

Дзурын нæ зонын, мæ хуртæ, сымахау, ма мыл бахудут, куыд къуындæг мæ зонынад, афтæ ме ’взаг дæр, куыд цыбыр мæ хъуыды, афтæ мæ ныхас дæр. Цы зонын æмæ куыд зонын, уымæй уын ракæндзынæн мæ фыдæлты кой, цæмæй цардысты, цæмæй радысты, гъе, цæмæй рыстысты, цæмæй тыхстысты, уый,— зæронд Баймæт йæ тамакойы æууылд райста йæ дзыхæй æмæ йæ йæ худы счъилы цæвæрдта, йæхæдæг мæсыджы фарсыл банцой кодта æмæ йæ зачъе уæззау æрдаудта.

Фæсивæд цинæй барухсгонд цæсгæмттимæ рабадтысты Баймæты алфæмблай, кæмæ куыд рæстмæ каст, афтæ. Тугъан йæ фарсыл хызынæй систа егъау блокнот, йæ фыссæны фындзмæ ’ркасти æмæ йæ аив цыргъæй куы федта, уæд блокнот йæ уæрджытыл æрывæрдта æмæ фыссынæввонг æнхъæлмæ гæсгæ нымдзаст Баймæтмæ.

Уалынмæ Баймæт райдыдта дзурын:

1. Кодзыртæ;

— Æз цæстæй нал уынын, мæ хуртæ, фæлæ ма уæлæ хурскæс







Дата добавления: 2015-08-31; просмотров: 480. Нарушение авторских прав; Мы поможем в написании вашей работы!



Вычисление основной дактилоскопической формулы Вычислением основной дактоформулы обычно занимается следователь. Для этого все десять пальцев разбиваются на пять пар...

Расчетные и графические задания Равновесный объем - это объем, определяемый равенством спроса и предложения...

Кардиналистский и ординалистский подходы Кардиналистский (количественный подход) к анализу полезности основан на представлении о возможности измерения различных благ в условных единицах полезности...

Обзор компонентов Multisim Компоненты – это основа любой схемы, это все элементы, из которых она состоит. Multisim оперирует с двумя категориями...

Анализ микросреды предприятия Анализ микросреды направлен на анализ состояния тех со­ставляющих внешней среды, с которыми предприятие нахо­дится в непосредственном взаимодействии...

Типы конфликтных личностей (Дж. Скотт) Дж. Г. Скотт опирается на типологию Р. М. Брансом, но дополняет её. Они убеждены в своей абсолютной правоте и хотят, чтобы...

Гносеологический оптимизм, скептицизм, агностицизм.разновидности агностицизма Позицию Агностицизм защищает и критический реализм. Один из главных представителей этого направления...

Тема: Составление цепи питания Цель: расширить знания о биотических факторах среды. Оборудование:гербарные растения...

В эволюции растений и животных. Цель: выявить ароморфозы и идиоадаптации у растений Цель: выявить ароморфозы и идиоадаптации у растений. Оборудование: гербарные растения, чучела хордовых (рыб, земноводных, птиц, пресмыкающихся, млекопитающих), коллекции насекомых, влажные препараты паразитических червей, мох, хвощ, папоротник...

Типовые примеры и методы их решения. Пример 2.5.1. На вклад начисляются сложные проценты: а) ежегодно; б) ежеквартально; в) ежемесячно Пример 2.5.1. На вклад начисляются сложные проценты: а) ежегодно; б) ежеквартально; в) ежемесячно. Какова должна быть годовая номинальная процентная ставка...

Studopedia.info - Студопедия - 2014-2024 год . (0.009 сек.) русская версия | украинская версия