Студопедия — Уанелы тутыр
Студопедия Главная Случайная страница Обратная связь

Разделы: Автомобили Астрономия Биология География Дом и сад Другие языки Другое Информатика История Культура Литература Логика Математика Медицина Металлургия Механика Образование Охрана труда Педагогика Политика Право Психология Религия Риторика Социология Спорт Строительство Технология Туризм Физика Философия Финансы Химия Черчение Экология Экономика Электроника

Уанелы тутыр






Фыдæлты заманы нæ хохы дзуæртты ’хсæн Уанелы тутыры хуызæн кадджын ничи уыди дзыллæты ’хсæн. Чъехæй мидæмæ цæрæг адæмæй суанг Зæрæмæгмæ чи не ’рцыдаид тутыры æртæ боны Уанелмæ, ахæм нæ баззадаид. Канд уыдон нæ, фæлæ цыдысты тутыры æртæ боны Уанелмæ суанг Уæлладжыры, Куырттаты, Хъобаны кæмттæй, цыдысты суанг Гырдзыстонæй дæр, гъе стæй, дæ хорзæхæй, куыннæ æмбырд кодтаиккой дзыллæтæ тутыры бонты Уанелмæ — стыр базар-иу уыди тутыры бонты Уанелы. Нæ хæхбæсты цæрæг адæм хастой уæймæ сæ къуымыхцыйы муртæ, къуымбыл, скъæрдтой уæймæ фос. Фалæ Ирæй хастой Уанелы базармæ уæймæ алыгъуызон кæрдтæ, хъаматæ, топпытæ, дамбацатæ. Гуырдзыстонæй ластой цæхх, нурытæ, хъæдындз, хор, хъæдур, сæн, зæгъай, æмæ хъуымац — бæмбæгæй ирон æлвыст хъуымац. Уыцы хъуымацæй кодтой адæм сæхицæн хæдæттæ, сырх ахорæнæй ахуырстæй дзы сылгоймæгтæ кодтой сæхицæн уæрагæмбæрзæнтæ дæр. Æмæ цы нæ федтаис, æвæдза, Уанелы базары, уæд æвзист дзаумайæ, уæд хæрдгæйæ, уæд хъæдабæйæ? Кæй бон уыди, уый æлхæдта æмæ дардта, кæй бон нæ уыди, уымæн та йæ цæстæн æхсызгон уыдысты.

Фæлæ Уанелы базары уæлдай тутыры æртæ боны дæргъы уыди кусыны фадат дæр алкæмæн. Цæвиттон, ахæм фыдбылызæй хызт ут, фæлæ ды туджджын дæ, нæ? Уæд æхсæвæй дæр бон кæныс, архайыс дæ æттæ куыстытæ бакæныныл, кæм хъæдтæ ласыныл, кæм дуртæ, кæм цы, фæцагайæн дæм нæ уыди. Тутыры æртæ боны æмгъуыды бонтæ уыдысты æгас ирон дзыллæйæн. Туджджын-иу туджджыны фарсмæ дæр абадтаид — нæ йæм уыди сдзурæн. Тарстысты Тутырæй, æмæ чи фехæлдтаид æмгъуыды бонтæ, уый уæлтау афастаид. Афтæ дзырдтой уæды адæм.

Уалынмæ-иу уыцы æртæ боны куы ацыдысты, уæд-иу ацæуæнтæ нал уыди. Туджджын-иу йæ туджджыны агуырдта кард æмæ уартæй, туджджын-иу тых хаста æдыхмæ, бонджын — мæгуырмæ. Иугæр-иу тыххæссæг æрцахста мæгуыр лæджы, уæд-иу царæфтыд фæци мæгуырæг, цагъар æй кодта, уæй йæ кодта, мардта йæ,— йæ бон нæ уыди, цы?

Уыцы æмгъуыды бонтæ уыдысты тутырæн йæ къуырисæр, дыццæг æмæ æртыццæг — уыцы бонты дæ хъуыддаг кæн. Сæ фæстæ цыппæрæмы алчи йæ хæдзармæ тындзæд, хæдзар агурæд, цыппæрæмы дæр кæрæдзимæ февналæн нæ уыди. Фæлæ йæ фæстæ, майрæмбоны, лæбурæн майрæмбон æй хуыдтой, хуыцау дæ бахизæд, дæ хæдзарæй æддæ баззайын, уæд додой æмæ сар дæ сæр кодта. Чи дыл рамбæлдаид, чи дыл баныдзæвдаид, уый дыл иугæр фæтых и, уæд дæ йе маргæ кодта, йе дæ йæхицæн цагъар кодта.

Гъе уый адыл-иу Уанелмæ чи ацыдаид æмæ фæстæмæ хæдзар чи ссардтаид, ууыл-иу цинтæ кодтой йæ бинонтæ, йæ хъæубæстæ, зæрдæрухсытæ. Æхсадтой йæ, уæрджытæй дæлæмæ йын сойæ сæрстой йæ къæхтæ йæ бинонтæ, цæй, дард балцæй мын, мæнæ ма йæ уд æрирвæзт, зæгъгæ.

Гъе ахæм æууæнчытæй цардысты фыдæлтæ, сæ цард æрвыстой. Ныр та сыст дæ хæдзарæй, мæ хур, æмæ Мæскуымæ дæр ахæццæ у, суанг Сыбырмæ дæр фæфардæг у, и?

Уæд Гаглойтæй иу Заза хуынди; кæм федтат, ахæм æбуалгъ, фыдуаг, хуыцауы гæрах æмæ мæнгард адæймаг уыди кæмдæр уыцы Заза. Афтæмæй дын иу тутыры фалæ ирæй иу лæппулæг, Колыты Беци, зæгъгæ, æрхызти Уанелмæ фæсæфцæгæй, уæймæ æрхаста иу æрдхæрæны хъримаг ауыгъдæй. Кæсы Колыйы-фырт, æнахуыр уыди а бæсты æмæ дзыллæтæ хъомпал кæнынц мыдыбындзытау, бæстæ змæлæг сси, алчи сæ хъуыддаг кæны, йæ хъуыддаг. Уалынмæ дын адæмы гуылфы кæцæйдæр ауыдта Заза Колыйы-фырты. Бакæстытæ кодта зæронд хинæйдзаг Заза лæппумæ, бакæстытæ кодта топмæ дæр, уæдæ цы уыдаид æмæ химидæг хъуыдытыл фæци:

«Мæнæ ай топп дзæбæхдæр, æмæ ай та лæг дзæгъæлдæр, цæй æмæ æрхæцон мæхицæн сæ дыууæйыл дæр».

Уæдæ сыл куыд æрхæца, уæдæ сæ йæхицæн куыд бакъаддæр кæна фыдуаг зæронд? Ай нырма тутыры фыццаг бон у, исчи топп балхæндзæн, лæппу хæдзар æрцагурдзæн, Заза та къæпдзыхæй аззайдзæн, уæдæ сыл тыххæй æрхæцыдæуа æмæ тутырæй, стæй адæмæй дæр куыд бауæндыдæуа? Цы бачындæуа? — катæйттæ кæны йæхицæн зæронд Заза.

Боныфæстагмæ æбуалгъ хъуыды бацыди Зазайы сæры æмæ лæппумæ баздæхт:

— Мæнæ, лæппу, дзæбæх мыггагæй гуырд мæм кæсыс, дзæбæх лæппу дæ! Ам дын къæбæр ахæр ничи зæгъдзæн, мæ хур. Кæд Зазайы хæдзарыл æввæрсыс, уæд цом, цæхх æмæ дын кæрдзынæй мæгуыр фысым, лыстæнæй дын мæгуыры хуыссæн. Æндæр дын хион ахæм дæр куынæ хатын а бæсты,— дзуры Заза рæвдаугæ хъæлæсæй Колыйы-фыртæн.

Лæппу акатайтæ кодта, акатайтæ æмæ арфæтæ кæны рæдау Зазайæн.

Уыцы хуызæнæй скодта изæры лæппуйы йæ хæдзармæ æмæ йæ минасы фынгæй сыстын нал суагъта тутыры æртæ боны дæргъы. Топп æлхæныны æфсонæй куыддæрты æрурæдта Заза лæппуйы тутыры цыппæрæмы дæр. Кæм ма уыд Зазайæн æрвад, хæстæг, кæм ма йын уыд æфсымæр, хъæбул Колыйы-фыртæй дарддæр, æмæ йыл лæппу дæр куыннæ баууæндыдаид.

Уалынмæ дын, мæ хур, куы балæууыд лæбурæн майрæмбон, уæд баздæхти хинæйдзаг зæронд Бецимæ.

— Æфцæгыл топпы хуыздæр ацы топп рахызт, лæг дзæгъæлдæр та ды,— афтæмæй топпыл дæр æмæ лæппуйыл дæр æрхæцыди, уæдæ цы. Топпы рагъæныл æрцауыгъта, Бецийæ та йæхицæн бæхгæс скодта мæнгард Заза.

Цы ма бакодтаид мæгуыр Колыйы-фырт дæр, йæ мыггагмæ фæдис ныхъхъæр кодтаид æмæ йын фæсæфцæгмæ кæдæм фехъуыстаид, науæд куы фехъуыстаид, уæддæр цы хъомыс уыдысты Колытæ Гаглойтæн иу бæстæйæ иннæ бæстæм? Æфцæгæн ацырдыгæй та Беци хионæн хъæды халон дæр не ссардтаид. Гъемæ райдыдта, мæгуырæг, цæрынтæ Зазамæ, цæрынтæ æмæ тухитæ, бон уонгмардæй, æхсæв уонгбастæй. Бæргæ ма сархайдта йæхи байсыныл дæр, фæлидзыныл дæр сфæлвæрдта, фæлæ никуы æмæ ницы. Заза йын æдгæрзтæ фæсивæд йæ уæлхъус дардта — йæ гуырдзиæгты боныгон, æмæ фезмæлæн ничердæм уыди Бецийæн. Æхсæв та-иу æй Заза фидар мæсыджы сыхгæдта. Уалынмæ мит дæр ныууарыди, зымæг хæхты сæрæй æрбырыди æфцджытæм, хъæутæм, кæмттæм æмæ сыхгæдта фæндæгтæ, уæдæ цы.

Уæд Колыйы-фырт цæхгæр фæфæлдæхти. Цæй бæрц уый агъоммæ маст кодта, никæмæн дзырдта, химарынтæм цыди, нæдзæрин кодта йæхи æмæ, сырдау, агæппæввонгæй лæууыди, уый бæрц ныр æрсабыр, бахъæлдзæг, йæ фæлмасдзинадæн æмæ йæ хъазæн-худæн ныхæстæн кæрон дæр нал ардта. Зæрдиагæй бавнæлдта куыстмæ, раст цыма йæхи хæдзары кусы æмæ Зазайы бæхты дымгæсур фестын кодта. Зылди бæхтæм афтæ, цыма йæхи сты æмæ йын цыма арвæй зæххы ’хсæн уыдон йеддæмæ никуы ницы уыди, цыма йæ дарæг, йæ уромæг уыдон сты. Æгас зымæджы дæргъы уый бæрц æрыууæндын кодта йæхиуыл Зазайы бинонты, уый бæрц бахызти сæ зæрдæйы, æмæ йæ хи бинонтæй нал æвзæрстой. Æмæ-иу кæд Заза карз сфæнд кодта уый агъоммæ Бецийыл, уæд ныр та ахæм фæнд йæ фæсонæрхæджы дæр нал уыди, куыстмæ æрдхæрæн, хъаруйæ — иннахæм, исчемæ феххæлыдаид Заза кæнæ йæ фырттæ — сæ сæрыл хох уыди Колыйы-фырт. Ацу æмæ ауæй кæн ахæм æвæджиау гуырды!

Джиуæргуыбаты тызмæг Заза æрхаста йæхицæн дыккаг усæн иу Тлиаг чызджы æмæ йын чындзхонæгæн иннæ цыты уазджыты ’хсæн уыд Колыйы-фырт дæр, гъе афтæ схион кодта уый йæхи Зазайы хæдзары. Уæдæ хæдзары мидхъуыддаг, зæгъай, æддæ хъуыддаг иннæ ахæм, чи йæ бакодтаид Бецийы хуызæн? Хъуыддаг уый уæнгтæм æрцыд, æмæ Заза хинымæры фæндтæ дæр кодта йæ номылусы чызджытæй сæ хистæры Колыйы-фырты фыццаг скæнын æмæ йæ афтæмæй бынтон хиуыл сбæттын хæстæджы охыл. Гъе ахæм хъаруджынæй разынд Беци.

Афтæмæй ацыд зымæг Бецийыл, уæдæ цы. Зымæг бæстон йæхи куы айста Зикъара æмæ Бурхохы сæрмæ, бæстæ куы басау, кæрдæг куы рахæцыди æмæ æфцджыты цæуæнтæ куы байгом сты, уæд ма æнæууæнк Заза хинымæры фæгуырысхо йæ цардыл, куы мын алидза, мыййаг, зæгъгæ, æмæ лæппуйы аивæй хъахъхъæдта. Фæлæ Колыйы-фыртæй цыма рох дæр фæци, æндæр хæдзары райгуырд, уый,— афтæ дардта йæхи. Æрыууæндыд ыл Заза дæр боныфæстагмæ, уæдæ цы уыдаид, нал æй æхгæдта мæсыджы, хæдзары йын фосы кæвдæсы фарсмæ иу къуым фæхицæн кодта æмæ йæ уым æрцæрын кодта. Уыйхыгъд, цин дын фенон, сывæрдта Бецийыл куыстытæй ахъаззаг уаргъ. Фæлæ цас фылдæр йæ туг акалдтаид лæппу куыстытыл, уыйас фылдæр куыстытæ æвæрдта Заза лæппуйы бæрзæйыл, хъуырхъуыргæнгæ «æввонгхор», ма у, зæгъгæ.

Цы бон уыди Колыйы-фыртæн дæр, æмпъухта куыстыты уаргъ, уæдæ цы кодтаид. Гъе, фæлæ-иу куыстытæн сæ тæккæ зынтæм куы бахæццæ, уæд зарыди æмæ-иу сæ зардимæ баххæст кодта. Зазайы иннæ гуырдзиæгтæ ма йæм мæсты дæр кодтой: уыдонæй дæр Заза уый бæрц куыст домдта æмæ сæ туг сæ хъæлæсæй калд, уæдæ цы.

Фæлæ кæд Колыйы-фыртимæ утæхсæнæй æрынцади Заза, уæд æндæр утæхсæны бацыд тызмæг зæронд. Йæ ног ус йæхи æнæдзæрин кодта. Тыххæй хаст уыди Зазайæн йæ мæгуыр фыдæй ’хæсы ныхмæ, ирæды фидтон дæр дзы нæ уыд. Бæргæ нæ радтаид æгады лæвæрдæй йæ чызджы Зазайæн, фæлæ дзы хуыздæр гæнæн кæм уыди Мæргъийы-фыртæн, хъуырмæ йæ скодта, йæ хæсты фæдыл фыдуаг зæронд, хæс бафидынæн та Мæргъийы-фырты хæдзары гæды дæр нæ уыд. Гъе ’мæ не ’руарзта Зазайы, æмгæрон нæ цыд йæ зæронд лæгмæ мæгуыр чызг, йæхи хъуырбæстытæ кодта, йæ туг ын æхсныфæй нуæзта тызмæг зæронд, ныцъцъæл-иу æй кодта, æхгæдта йæ фосдоны, сыдæй йæ мардта, галау ын кусын кодта, фæлæ нæ ’фхæрдæй, нæ ’ххормагæй, нæ куыстæй бадомдта Заза йæ ног усы.

Адæмæн æрдхæрæн куыннæ уыди Колыйы-фырт. Иугæр куы федта Зазайы ног усы хъуырдухæн, куы йын бакаст йæ диссаджы хъарумæ, йе ’мбисондæн хæссинаг куыстмæ, уæд цыдæр хины фæнд бацыд йæ зæрдæйы. Рæсугъдæй дæр раст сæлхæйы рæсугъд бантыст Мæргъионæн, æмæ йæ Колыйы-фырт фыдуарзт бакодта. Æвæджиау æмбаргæ сылгоймаг, æвæццæгæн, æмбæрста Бецийы зæрдæ, фæлæ æргом ницы дзырдта, æрмæст-иу хаттæй-хатт, куысты уæлхъус уыдаид, хæдзары уыдаид, сæ цуры-иу куы ничи фæци, уæд-иу уысммæ фемдзаст лæппуйы цæстытæм, æмæ-иу уæд лæппу цыма чызджы цæстытæ ацахста:

«Уæ, æгуыдзæг, цы ми кæныс? Дæ амонд дæр æмæ мæ амонд дæр дæумæ лæвæрд куы сты адзалæй, уæд цы боны хорзмæ æнхъæлмæ кæсыс?»

Уарзоны æвзаг цæстытæ сты, мæ хуртæ, бамбæрстой дыууæ адæймаджы цæстæнгасæй кæрæдзи зæрдæтæ. Афтæмæй дын иу ахæмы Колыйы-фырт фæрæдыди Мæргъионмæ.

Бонтæ сæ цыды хъуыддаг кодтой, уæдæ цы. Уалдзæг ацыд, сæрд дæр ныллæууыди. Заза йæ усмæ бынтон стызмæг, æбуалгъы æфхæрд ын кодта. Иуæй йæ йæ ус йе ’мгæрон нæ уагъта емынæйæ хъауджыдæр, иннæмæй удхæссæджы цæстæй касти æгас хæдзарвæндагмæ уый сæраппонæн, уæдæ цы. Иу хорз, æмæ нæ дæр Заза, нæдæр йæ хæдзарвæндагæй исты фæфиппайдтой дыууæ адæймаджы ’хсæн, æндæра дæ балгъитæгыл дæр ахæм бон акæнæд, уыдоныл цы бон акодтаид,— бабын уыдаиккой. Усæн йæ дзыккутæ æмæ йæ фындз ракодтаиккой æмæ йын сæ йæ армы фæсагътаиккой, йæ уæрджытæ æмбæрзæн ын йе ’фцæгыл æрцауыгътаиккой æмæ йæ хæрæгыл зыгъуыммæ бадтæй хъæууынгтыл æрзилын кодтаиккой, стæй та йæ уырсы къæдзилыл бабастаиккой, лæппуйы та уадидæгæн фыдджыны кæрдæнтæ скодтаиккой. Афтæ уыд æгъдау. Фæлæ дыууæйæн дæр сæ амонд куыд уыди, афтæмæй сæ ничи ницæмæй фиппайдта. Афтæмæй æрвыстой бонтæ æмæ æхсæвтæ: цардысты Зазайы хæдзары.

Иу хатт куы уыди, уæд Заза арвыста йæ цагъарты æмæ йæ кæстæрты уыгæрдæнтæ ’хсæдынмæ. Иу фæтæны фехсæстой, уæдæ цы уыдаид, иннæ ададжы дæр æмæ та æндæрмæ бацыдысты, цъус уыдис мыййаг цы Зазайæн уыгæрдæнтæ? Чыртæ-чыртæй та райдыдтой æхсæдын. Колыйы-фырт, зæххы бынты цæуæг лæппу, уый бæрц бакодта, æмæ йæхи ’хсæдæг скодта сылгоймæгтимæ. Мæргъион дæр уыдон æхсæн. Нæлгоймæгтæ дзы схынджылæг кодтой, фæлæ уый дзуры:

— Мæнæ ацы ефсыты куы нæ бакусын кæнон, уæд сæ æвыд нæ ныууадздзынæн!

Афтæмæй иу хибар ададжы æхсæдынц Колыйы-фырт, Мæргъион æмæ иу æртæ усы. Устытæ ницы уадиссаг зыдæй кусынц, чи дзы йæхибар дæр нæ уыд, чи рынчын, чи æнæфæразгæ æмæ сæ Колыйы-фырт дæр ныууагъта, æмæ уыдон дæр далæ дæлийæ кæмдæр сабыргай æхсæдынц сæ фæстæ, фæлæ уыйхыгъд Мæргъиоиы баййардта. Уæлæмæ-уæлæмæ йыл тындзы, тагъддæр æхсæд, зæгъгæ, æмæ дыууæ иннæтæй дзæвгар сразæй сты, æвæццæгæн, ус дæр цыдæр хатыдта æмæ йæхиуыл нæ ауæрста. Дзæвгар схицæн сты иннæ ’хсæдджытæй, уæд æм ус нал фæлæууыд:

— Уæ, дæлæмæ фæуайай, мæнæ лæг, кæдмæ скъæтхафæг уыдзынæ, кæ, зæронд цъаммарæн, æви мæнау ды дæр æнæхæдзар дæ? Æви дæ дæ ныййарджытæ хуыздæр куыстыл нæ сахуыр кодтой, æмæ дæ ныфс сæрмагонд цардмæ нæ хæссыс?

— Æвæццæгæн мæ Заза ныр та дæуæй фæлвары, Мæргъион. Цы кæны — зæгъ ын уый: Бецийы Зазайы хæдзарæй хуыздæр хæдзар нæ хъæуы, хуыздæр цард нæ домы,— сджидзæг кодта лæппу усæй. Уый бæрц æнæууæнчытæ кодта æмæ суанг Мæргъионыл дæр æххæст не ’ууæндыд, цыфæнды йын бавæййæд Бецийæн, уæддæр Зазайы бинойнаг у.— Зæгъ ын-иу, дæуау ыл æз дæр мæ зæрдæ не сивдзынæн зæронд Зазайыл,— йе ’ууæнк ын нæ фехалдзынæн.

Уæд æй ус фембæрста æмæ фырмæстæй йæ цæстысыгтæ арæхæй æрызгъæлдысты.

— Уæ, авд дæлзæх фæуа ме скæнæг мæ тæригъæдæй. Иунæг ацы адæймагыл ма мæ зæрдæ дардтон æмæ дзы зæрдæхæлд куы ’рбадæн.

Лæппу бамбæрста усы афарст зæрдæбынæй кæй уыд æмæ йæм дзуры:

— О, мæ сæууон стъалы, ма ку, хъазгæ дæ кодтон. Стæй, мæ уды гага, Зазайы къухы мæхиуыл дæр æнæууæнчытæ кæнын, фæлæ мæ дæуæй ныфс куы уаид, уæд дын сыхалин ме ’ууæнк æмæ дын зæгъин ацауал мæйы дæргъы мæ карз фæндон.

— Зæгъ мын, Беци, æмæ уæртæ къæдзæхæй дæр мæхи фехсдзынæн. Цы дæн, уымæй дæуæн куы радтон мæхи. Мæ зæрдæ ма дæуыл лæууы, æфсоны цард ма у мæ тæригъæддат цард,— дзуры Бецимæ сылгоймаг.

— Уæдæ дын уый мæ ныхас: дæхи мæнау æрфæлмас кæн Зазайы бинонтæм, кæннод мæ зæрдæ тæгæлтæ хауы де ’фхæрдмæ кæсынæй. Кæд æппын сæ зæрдæмæ бахизис. Стæй дæхи цæттæ дар æмæ мæм æнхъæлмæ кæс.

— Æмæ мæ, гормон, уыцы зæронд куыдзæн ком дæттын кæныс? Уæдмæ дæр уал йæ цардæй æндæр мацы фенæд.

— Ууыл дæ æз дæр нæ ардауын. Æнæуый уал дæхи æрлæгъз кæн!

— Æмæстæй? Цы ныфсæй мæ цæрын кæныс, цы сфæнд кодтай? — фæрсы лæппуйы ус, цæсгом фæрухсæй.

— Уый та, рæстæг куы ’рцæуа, уæд базондзынæ, мæ дунейы рухс! Цæй, ныр дæхи аддæдæр кæн, куыд ничи нæ бафиппайа,— бакодта Беци æмæ æндæрæрдæм фæраст æхсæдгæ-æхсæдгæ æмæ заргæ-заргæ.

Уæдæй фæстæмæ Мæргъион дæр æрсабыр, æнæдзæрин нал кодта æмæ йæ æфхæрд дæр фæкъаддæр ис. Заза дæр цины царды ленчытæ куыннæ кæна, йæ хæдзарвæндаг сæрæгас æмæ йæ коммæгæс, йæ цагъартæ кусæг æмæ æфтиаггæнæг. Хæдзар — царвы кæхц. Мæргъион йæ мæстæй мары — æхсæв æй æмгæрон нæ уадзы, фæлæ уый дæр æрсабыр, æмæ абон уа, райсом уа, æруарздзæн æй. Йæ номылусы чызджы дæр ратдзæн Бецийæн, бакой йæ кодта бинонтæн æмæ Бецийæн дæр æмæ цыма лæппу разы у.

Бонтæ згъордтой дугъон бæхтау, æмæ мæнæ хосгæрдæн дæр къæсæрмæ ’рбалæууыд, фæрнæй уыл цæуа алаз дæр, мæ хуртæ. Афтæмæй дын а-ныр иннæбон цæуынц адæм хосмæ, афтæ Колыйы-фырт фыдрынчын æрци. Хуылфæй схъæрзыдта æмæ йæ буары нуæрттыл ратул-батул кæны, сурхид суадонау фемæхст, дæндæгтæ кæрæдзийыл сæхи хойынц. Хуыссы йæ мæгуыр лыстæны, сæнттæ цæгъды, артау судзы. Заза фенкъард æмæ фæмæсты. Тæккæ хосмæдзæуæны йæ хуыздæр хосдзауæй æнæхай кæны. Бафтыдта йæ номылусы чызджы æмæ Мæргъионы рынчынмæ кæсыныл. Фæлæ кæм, мæлæты фæндагыл ныллæууыд мæгуыр лæппу.

Уалынмæ хосмæцæуæн бон адæм ныххæррæтт кодтой æмæ ацыдысты уыгæрдæнтæм. Кæрæф Заза дæр ацыд, уæдæ цы, хæдзары хосмæцæуынхъом нæлгоймæгтæй иу дæр нæ фæуагъта, иууылдæр сæ акодта. Аходæн афонмæ хæдзары устытæ аходæн ацæттæ кодтой æмæ уыдон дæр уыгæрдæнмæ ацыдысты. Ахастой лæгтæн аходæн, халамæрзæнтæ æмæ мæхъитæ æмæ æргъомæй антъыхтой, Заза сын куыд ныффæдзæхста, афтæ. Хур йæхи зæххыл хафта, ахæм бон скодта æмæ ссивынмæ дæр цæттæ кодта йæхи зæронд Заза.

Мæргъион баззад хæдзары. Колыйы-фырт мæлæтыл тухæнимæ ныллæууыди уыцы бон, æмæ Мæргъионы устытæ нæ ауагътой семæ Зазайы тæссæй, лæппуйыл исты куы ’рцæуа, уæд æй æвæгæсæгæй ныууагътой, зæгъгæ, æмæ сæ аргæвддзæн. Устытæ куы ацыдысты, уæд Мæргъион иу уæлибых бахаста Бецийæн, исты дæ хъуыры ауадз, зæгъгæ, йæхæдæг йæ цæстысыгтæ ныхъхъуыры, хæкъуырцц куыд кæны. Феуæгъд кодта кæуынæй йæ зæрдæйы маст Мæргъион. Чи йæ уыны, хæдзары ничи ис, æмæ Бецийы риуыл ныффæлдæхы иунæгæй. Уæд ын Беци сусæгæй дзуры йæ хъусы:

— Хæдзары ма исчи ис?

— Ничи æппындæр,— Бецийы æвиппайды æрчъицыныл цинæй æмæ джихæй сагъд фæци Мæргъион.— Сабитæ сты æмæ хъæууынгты хъазынц. Нæ номылусы чызг у æмæ фæсхъæумæ чызджытимæ бадынмæ ацыд, æндæр хæдзары ничи ис, Беци!

— Уæдæ тагъд дæхи аифтонджытæ кæн, æмæ цæугæ! — фæтæррæст кодта Беци йæ хуыссæнæй.

— Мæ къона ’рбайхæлд, уый та куыд уа, ахæм рынчынæй? — фæуынгæг ис ус, афтæ фенхъæлдта, Беци сæнттæ цæгъды æмæ йæ тæвдæй фестад.

Уæд зæрдæбынæй ныххудт Колыйы ’рдхæрæн фырт. — О, æдылы, уый æфсон кодтон, æфсон, æз абонмæ хъавыдтæн лидзынмæ, рагæй,— азымæг мæхи куы ’рфæлмас кодтон, уæдæй уыди мæ фæнд конд... Фæлæ, цæй, уыцы таурæгътæ фæстæдæр кæндзыстæм, æз бæхтæ аифтындзон æмæ хæдзар æрцагурæм, хæдзар, мæ уды гага! — йæхæдæг дуарæн феддийæ.

Гъæйда-мардзæ! Æввахс сæрвæтмæ ауад Беци. Уым Зазайы æмбисонды бæхрæгъауæй тæккæ дыууæ хуыздæр бæхы — дыууæ саулохаджы, уæлдай хуыздæр кæмæ зылди Беци, уыдон къæбæлбастæй феуæгъд кодта æмæ сæ кæртмæ ’рбатыгуыр кодта. Уым сæ цæсты фæныкъуылдмæ аифтыгъта Зазайы хуыздæр æвзист сæргътæй, йæхæдæг фæстæмæ хæдзары фæмидæг. Йæхи топп, Зазайы хуыздæр кæрдтæй дыууæ, дыууæ дамбацайы æмæ иу хъама йæ уæлæ ’рбаста. Фырцинæй кафæг Мæргъион дæр уæдмæ йæхи ацæттæ кодта, рауадысты, бæхтыл абадтысты æмæ дымгæйау атахтысты.

Хъæуæй куы ахицæн сты Беци æмæ Мæргъион, уæд сæ Зазайы номылусы чызг фæфиппайдта. Зæрдæхæлд куыннæ ’рбауыдаид, йæ мойагæй æнæ мойæ аззад. Уайынтæ дын систа уыцы хуызæнæй йæ фыдмæ хæрзгæнæгæй. Заза хабар куы фехъуыста, уæд арсы богъ ныккодта æмæ бæхтæм рарвыста йæ хосдзауты. Уадидæгæн фæдис сурынтæ райдыдтой Колыйы-фырты, сурынтæ, Заза сæ разæй, афтæмæй, фæлæ ма цы, суанг Зикъарайы æфцæджы сæрмæ схæццæ фæдис, фæлæ Бецийæн йæ дымгæ дæр нал баййæфтой: æфцæгæн фæфалейæ. Æнæмард æрдиаг бакодта Заза æмæ маст дæнгæл’зæрдæйæ раздæхт йæ хæдзармæ.

Ахæм æбуалгъ ми сæмбæлди фыдлæг Зазайы сæрыл мæ хуры чысылтæ, æнæнхъæлæджы, бон, аходæн афон.







Дата добавления: 2015-08-31; просмотров: 624. Нарушение авторских прав; Мы поможем в написании вашей работы!



Шрифт зодчего Шрифт зодчего состоит из прописных (заглавных), строчных букв и цифр...

Картограммы и картодиаграммы Картограммы и картодиаграммы применяются для изображения географической характеристики изучаемых явлений...

Практические расчеты на срез и смятие При изучении темы обратите внимание на основные расчетные предпосылки и условности расчета...

Функция спроса населения на данный товар Функция спроса населения на данный товар: Qd=7-Р. Функция предложения: Qs= -5+2Р,где...

Типы конфликтных личностей (Дж. Скотт) Дж. Г. Скотт опирается на типологию Р. М. Брансом, но дополняет её. Они убеждены в своей абсолютной правоте и хотят, чтобы...

Гносеологический оптимизм, скептицизм, агностицизм.разновидности агностицизма Позицию Агностицизм защищает и критический реализм. Один из главных представителей этого направления...

Функциональные обязанности медсестры отделения реанимации · Медсестра отделения реанимации обязана осуществлять лечебно-профилактический и гигиенический уход за пациентами...

Разработка товарной и ценовой стратегии фирмы на российском рынке хлебопродуктов В начале 1994 г. английская фирма МОНО совместно с бельгийской ПЮРАТОС приняла решение о начале совместного проекта на российском рынке. Эти фирмы ведут деятельность в сопредельных сферах производства хлебопродуктов. МОНО – крупнейший в Великобритании...

ОПРЕДЕЛЕНИЕ ЦЕНТРА ТЯЖЕСТИ ПЛОСКОЙ ФИГУРЫ Сила, с которой тело притягивается к Земле, называется силой тяжести...

СПИД: морально-этические проблемы Среди тысяч заболеваний совершенно особое, даже исключительное, место занимает ВИЧ-инфекция...

Studopedia.info - Студопедия - 2014-2024 год . (0.012 сек.) русская версия | украинская версия