Студопедия — Зæххы фæдыл
Студопедия Главная Случайная страница Обратная связь

Разделы: Автомобили Астрономия Биология География Дом и сад Другие языки Другое Информатика История Культура Литература Логика Математика Медицина Металлургия Механика Образование Охрана труда Педагогика Политика Право Психология Религия Риторика Социология Спорт Строительство Технология Туризм Физика Философия Финансы Химия Черчение Экология Экономика Электроника

Зæххы фæдыл






Уæлæ хъугомы дæллаг кæрон, æрдузыл, раст доны тæккæ сæрмæ ис иу амат — уый Тбауациллайы кувæндон у,— йæ хорзæх уæ уа. Йæ бакомкоммæ доны фаллаг фарс, айнæджы сæрыл, нæзы хъæды тæккæ раз иу æрдæг кæлддзаг куы зыны, уый та Кобеты мæсыг у. Сымах дардуынцæст стут — скæсут-ма, мæсыджы раз нырдæр ма бæрæг дарынц хæдзæртты бынæттæ, сæ бындуртæ дæр ма амаццагæй зынынц: Уыдон та Кобетæн сæ хæдзæрттæ уыдысты.

Кобетæ цардысты сæхицæн хицæнæй — чысыл хъæуæй а-хъæуы, Мæсгуыты хъæуы фарсмæ, сæ цуры нæзы хъæды фалейæ иу чысыл æрдуз ис, уым та Кобетæн сæ хуымтæ уыдысты, фæлæ ма абон дæр уыцы æрдуз Кобеты хуымтæ хуыйны. Ныр æрдуз сæрвæт у нæ хъæуæн, зæхх ихсийы, мæ хуртæ, смæгуыр и, къæвдатæ йæ ныхсадтой æмæ раджыйы хуымгæнд сæрвæты йеддæмæ хуымæн нал бæззы. Стæй адæм æндæр куыстыты фæдыл хæцын дæр фæцахуыр сты æмæ сыл зæхх æххæссыдæр. Нымæцæй дæр, æвæццæгæн, фæкъаддæр сты, чи фæцагъдымыггæгтæй Æлбегатау, чи лидзгæ фæкодта æндæр бæстæм зæхкъуындæджы руаджы, науæд туджджынтæй, чи та æддæ куыстмæ йæхи айста æмæ уымæй цæры. Гъе, зæххы фæдыл сæмбæлди æбуалгъ æмбисонд Кобетыл дæр.

Даргъ, уæрæх мыггаг нæ уыдысты Кобетæ, иу-фараст хæдзары уыдаиккой æгас мыггагæй сæ къуыппыл, æндæр нæ. Фæлæ дзы иу хæдзары авд æмхуызон æфсымæры рацыд. Кæмдæр æрдхæрæн уыдысты уыцы авд æфсымæры хъаруйæ уæд, æхсарæй уæд, гъе стæй фыдуагæй дæр афтæ уыдысты. Æмбисонд фесты куыстæй дæр. Сæ хуымты гæппæлтæ уæлдай хуыздæр задысты иннæ адæмы хуымтæй, уæд сæ фосæй зæгъай — нарддæр, хуыздæр уыдысты иннæ фосы хъауджыдæр — æхсырджындæр.

Иу ахæмы Кобейы мыггаджы цыдæр фыдбылызтæ фæбыцæу кодтой Барсæгатимæ иу чысыл хуымы гæппæлыл. Зæхх кæм уыди, мæ хуртæ, уыцы дуджы, не ’ххæсти адæмыл æмæ йын туджы аргъ кодтой. Хъуг кæм æрхуыссыдаид, уый цыди хъуджы аргъмæ, гал кæм æрхуыссыдаид, уый — галы аргъмæ, гъемæ амæлттæ кодта алчи, зæхх амæлттæ, уæдæ цы. Чи хуырджынтыл æккойæ æрхæсгæ сыджытæй хуымты гæппæлтæ арæзта, чи йæ уыгæрдæны къæхтæ саста, чи сæрвæты кæрæттæ, чи та, чысыл фылдæр кæмæ уыди, уымæй хаццоны иста тыллæджы æмбисмæ. Цæрæн та сын уыцы дуджы ’рмæст зæххæй уыд, уæдæ æндæр цæмæй уыдаиккой? Хуымзæхх дæм ис,— уæд хорæй æфсæст, уыгæрдæн дæм ис, уæд фосæй æфсæст. Æндæр куыст мыййаг та ахæм ницы зыдтой æмæ кодтой Мæсгуыты бæстæйы. Хъæд дзы ахæм нæ уыд, цъыхырыйæ дарддæр — Цы хъæды дæсныйады бацыдаиккой? Згъæр ахæм дзы нæй, цы згъæры куыст кодтаиккой? Ай-гъай, зыдтой иттæг хорз тынуафын, уæлæдарæн нымæттæ кæнын, фæлæ уыдон дæр — фосджын чи уыд, фосæн та зæхх хъуыд.

Зæххы къуындæджы тыххæй фылдæр хылтæ, фылдæр лæгмæрдтæ дæр уыцы дуджы зæххы фæдыл цыди. Алчидæр куыннæ хъахъхъæдтаид йæ зæххы гæппæлтæ цæсты гагуыйау? Куыннæ архайдтаид йæ зæхх фæфылдæрыл, йæ бон цæмæй уыдаид, уымæй? Гъемæ зæхх цыди уыцы рæстæджы ирæдмæ, цыди туджы ныхмæ. Чысыл зæхджындæр чи уыди иннæтæй, уый уыди æлдар дæр æмæ паддзах дæр йæхицæн.

Барсæгатæ зæххæй иттæг хъæздыг мыггаг уыдысты. Иннæ мыггæгтæ дæр ма уыдон зæххытæй цардысты. Зæххы фæдыл бирæ мыггæгтæ бакодтой сæхи уазæг Барсæгаты стыр мыггагæн. Цæвиттон, цыбыр, æдых мыггаг тыхджын мыггаджимæ куы сызнаг уыдаид истæй фæдыл, уæд-иу архайдта йæхи бауазæг кæнын æндæр стыр æмæ тыхджын мыггагæн. Гъемæ Барсæгатæн ахæм; бауазæггæндтæ дзæвгар уыди, иуæй тыхджын мыггаг уыдысты, иннæмæй та, зæхджын уыдысты æмæ-иу сæ уазæджы сæзæххыл дæр æрцæрын кодтой. Афтæмæй сæ зæххы ныхмæ, сæ бауазæггæндтæй истой фос уæд, хор уæд, дзаума, ахæм исты уæд, хъалонау. Уыцы мыггæгты нымайгæ дæр сæ дæлдæртыл кодтой, уæдæ цы.

Кæм æххæсти зæхх Кобетыл дæр. Авд æфсымæрмæ æрхаудта зæхх — сæ фыды хай, иу æфсымæры хай. Уалынмæ уыцы авд æфсымæры сæхæдæг дæр фæцæуæтджын сты æмæ æххормаг æййæфтой, фæуынгæг сты иннæ мыггаджы уæлдай. Барсæгатæй Кобейы мыггагмæ цы хаццоны зæхх уыди, уымæй авд æфсымæрмæ цас бирæ уыдаид, æмæ нывыл не стыхстысты зæхцухæй! Уæд авд æфсымæры сæ сæрæн ницыуал хуыздæр зыдтой æмæ сын Барсæгатæй кæимæдæр иу бонгæны цыппæрæм хай рагæй дзырддаг уыди, уый афæлдæхтой иу ахæмы. Стæй хуым куы ’рзад, уæд Барсæджы фыртæн хаццон хай дæр нал радтой уыцы гæппæлæй.

Барсæджы фырт фыдуаг уыди кæмдæр, фæмидæг дын авд æфсымæры хæдзары æмæ къæсæрæй сæ хистæрмæ бахъæр кæны:

— Хæрæг Кобейы фырт! Мæ бонгæны цыппæрæм хай куы æркарстай, уæд мæ хаццойнагæн — айс зæгъын дæ куыд ферох Кобетæ ма бæргæ дзырдтой, бæргæ лæгъстæ кодтой, дзырддаг у, зæгъгæ, æмæ хъуыддаг раст адæммæ æрхæссæм, фæлæ сæ хъал Барсæджы фырт кæм уагъта. Рæхысмæ йæхи байвæзта хаццойнагæн æй хæссын, зæгъгæ, хæдзар скъуымбил кодта. Кæм уæндыдысты стыр фыдуаг мыггагæй лæгмæ Кобетæ. Быхстой, уæдæ цы уыдаид, фæлæ æгæр-æгæр куы кодта Барсæджы фырт, уæд сын загъд ацайдагъ. Загъд хылмæ аздæхти. Барсæджы фырт сыл ехсæй балæууыди æмæ уæд æфсымæртæ радæргъ кодтой лæджы æмæ, хъæуы ма дæ — нал, ахъаззаг ын йæ цармыл абырыдысты.

Хæрам ахастой уæдæй фæстæмæ Барсæгатæ Кобетæм, уæдæ цы уыдаид. Сæ лæджы нады ныхмæ сын Кобетæ фынг кæй скодтой, табу сын кæй фæкодтой, уый дæр ма цæмæ æрдардтаиккой хъал мыггаг, æрдумæ дæр нал. Афтæмæй Кобетæн нал фос фосы нывыл уагътой, нал хор хоры нывыл. Фæстæмæ айстой сæ хаццонтæ дæр Кобетæй æмæ сæ афтæмæй донмæ æртардтой æмæ сæ æнæ донæй фæстæмæ аздæхтой. Уæ балгъитæг æнæрцæф Барсæгаты хъыджы бацыдаид, æхсай цыппар хæдзары уыдысты, цыппар гæнахы æмæ сын авдбынатон мæсыджы уыди, сæдæ цыппар топпæхсæджы, æмæ сæ сæрты маргъ тæхын дæр нæ уагътой, арв дæр сæ нæ уæндыд нæрын. Уыимæ бирæ зæхджын мыггаг æмæ цардысты айдагъ Мæсгуыты хъæуы мыййаг нæ, фæлæ Хъæлласæны дæр, Тахойы хъугомы дæр, суанг Тлийы дæр, афтæмæй æвæджиау æнгом мыггаг уыдысты, иу дзы иннæйы тыххæй мæлæтмæ бацыдаид. Кобетæ куы суынгæг сты, уæд бæргæ афæндтæ кодтой ныхмæ лæууыныл, фæлæ цы сæ бон уыди æмæ уæд иу ахæмы мыггаг тæрхоны ’рбадтысты æмæ загътой сæ авд æфсымæрæн:

— Ай сымах тыххæй сæфæм, æмæ йе Барсæгаты зæрдæйы бацæут исты амалæй, йе та уæ сæрæн исты хос скæнут.

Уæд авд æфсымæры хуыздæр хосæн сæ сæрæн ницы ссардтой, сыстадысты æмæ Дæллаг хъугоммæ балыгъдысты. Иугæр Барсæгаты цæсты раз сындз нал уыдысты, уæд уыдон дæр фæсабырдæр кодтой сæ азар, райстой авд æфсымæры зæхх, сæхи йæ бакодтой, стæй сын æй фæстæмæ хаццоны радтой, æндæр та сæ цæмæн хъуыди? Иннæ Кобетыл дæр та сæ хæлары къух æрывæрдтой. Уыцы авд æфсымæры Дæллаг хъугомы хуыры ’хсæн пыхсытæ æмæ хуыртæ ссыгъдæг кодтой æмæ дзы хъаймæты куыстæйхуымгæндтæ скодтой, дзывыр сæ мыййаг нæ разылдаид — чысыл гæппæлтæ уыдысты, фæлæ сæ-иу белтæй скъахтой, афтæмæй-иу сæ байтыдтой. Афтæмæй цардысты, мæгуыртæг, сæ царды бонтæ ’рвыстой, фæлæ сæ хъал зæрдæдзинад нæ ныууагътой. Уæд иуахæмы æрымысыдысты уыцы авд æфсымæры авдбынатон мæсыг амайын. Дæсны уыдысты мæсыг амайынмæ — æндæр мыггæгтæн дæр-иу амадтой, æмæ сæм дзæвгар пайда цыди уыцы дæсныйадæй. Амайынц сæ мæсыг, амайынц. Мæсыгæн йæ æртæ бынаты куы сæххæст кодтой, уæд, хуыцау уын хорз ракæна, æмæ цыппæрæммæ куы бавнæлдтой, уæд дын иу бон амайгæ-амайын дур рахаудта æмæ æфсымæртæй сæ иуы сæр асаста — сæ хистæры сæр. Амбырд сты æфсымæртæ сæ цæф æфсымæрыл, уæдæ цы уыдаид, æмæ йæ сæ хæдзармæ бахастой.

Куы ’рчъицыдта цæф æфсымæр, уæд йæ хуыссæныл рабадти æмæ иннæтæм баздæхти.

— Тутыры бонтæ нæ уæлæ сты,— загъта.— Бавдæлут æмæ мын мæ сæр фидар бабæттут æмæ мыл мæ худ арф æркæнут, баст куыннæ зына, афтæ. Райсом мæ Мæсгуыты хъæумæ ныккæнут Тутыры хъæзтытæм. Уым Барсæгаты хъазынмæ рахонут, хъазгæ-хъазынмæ ма кæд мæ уд не схауид. Уæд мæ исчи фесхойдзæн уыдонæй æмæ мæ сæр дурмæ бахæсдзынæн. Стæй мын мæ мард уыдоныл сæвæрут æмæ сæ тугæн зæхх æрцагурут — уæхи зæхх уын уæддæр ратдзысты, кæд æппын нæ, уæддæр. Кæннод уын зæхх нæй, æмæ цæмæй фæцæринаг стут? Æз куыд хатын, афтæмæй уæлæуыл баззаинаг нал дæн æмæ мæ мæлæт дзæгъæлы куыннæ фесæфа нæ хæдзарвæндагæн, афтæ бакæнут, мæ хуртæ.

Æцæг, тутыры бонтæ уыдысты æмæ-иу уæд адæм хъазаг уыдысты уыцы бонты. Сæумæраджы-иу æрымбырд уыдаиккой Мæсгуыты хъæумæ адæм æгас Мæсгуыты бæстæй, сылæй-нæлæй æмæ-иу бон сау изæрмæ Мæсгуыты хъæуы уынгты сæ хъазты кæрон нæ аскъуыдаид.

Рараст дын кодтой дыккаг бон Кобетæ сæ цæф æфсымæримæ хъазынмæ Мæсгуыты хъæумæ, уæдæ цы уыдаид. Кæсынц æмæ дуне хъазынц — лæу-лæу кæнынц хъæу. Дæлкъух-уæлкъух ныххæцыди адæмæн сæ дзæвгар хай æмæ хъæуæн йæ иу кæронæй йе ’ннæ кæронмæ симы уынгты. Дзассатæн уæрæх уæлхæдзар уыди — авд хæдзары ныхæст уæлхæдзар — уым иу дзæвгарæй хъазынц гæлæмытæй æмæ быныбадджытæй. Сыджыткъахæнæй уырдыджы бырынц иннæтæ тъепайыл æмæ къахдзоныгътыл æмæ фæзы хуымы бæрзонд быруйы сæрты быргæ-бырын расæррæтт кæнынц чи дарддæр ахаудзæныл! Хъæуы фарсмæ фæзы иннæтæ хъазынц гуыппытæй, фыд над кæнынц кæрæдзийæн. Аннæтæ кафынц, сæ фарсмæ æрæфтыдтæй уæхск-уæхск дывæрццыгæй, бынæгтæ схъæр кæнынц: «æрæфтдзыстут». Уæллæгтæ сæм æрдзурынц: «не ’рыфтдзыстæм». Хъæу йемдзаг у хъазæг адæмæй, къух акæнæн дæр дзы нал ис.

Уæд Кобетæ бараст сты гуыппытæй хъазджытæм. Уыдон уыдысты сыгъдæг Барсæгатæ æмæ сæм Кобетæ бадзурынц: «Уæ, Барсæгатæ, уæ хъазты нæ айсут!

Барсæгатæ былысчъилтæ акодтой, æнæввæрсонтæ, фæлæ стæй загътой:

— Цæй, уазджытæ стут æмæ рацæут, фæлæ куы фембылды уат, уæд-иу хъæстгæнæгæй ма фæцæут.

Афтæмæй дын хъазынтæ райдыдтой, гуыппытæй хъазынтæ, цæмæй хæйрæг уыдысты Барсæгатæ, ай Кобеты ’хсæн æрдæг мард ис. Афтæмæй дын хъазгæ-хъазын Барсæгатæй чидæр Кобеты цæфы ныггуыпп кодта. Цæф йæ сæр дурмæ бахаста æмæ дæ балгъитæг дæр афтæ, сæр фæйнæрдæм нызгъæлæнтæ æмæ лæг дзыхъмард фæци. Куыд бахъуыды кодтой, афтæ рауад сæ хъуыддаг Кобетæн. Фæлæ тæлтæг адæм уыдысты уыцы æфсымæртæ, сæ зонды нал афарстой, сæ маст сæ нал баурæдта, афтæмæй дын лæбурынмæ фесты æмæ Барсæгатæй иуы æрбамардтой. Цалынмæ сæм фæдис иргъæвынмæ хæццæ кодта, уалынмæ сæ Барсæгатæ дæр дыууæ æрбамардтой. Иннæ Кобетæ дæр слæбурæг сты, фæлæ адæм уæдмæ дыууæ мыггаджы ’хсæн бацыдысты, æндæра Кобетæ мыггагдзагъд фæуыдаиккой, кæм цы бакодтаиккой Барсæджы мыггагæн, уый дæр быгъдæг ран. Афтæмæй ма уыцы авд æфсымæрæй хæдзарыл сæмбæлд æрмæст цыппар.

Туг ахаста дыууæ мыггагæн уæдæй фæстæмæ, уæдæ цы уыдаид, æмæ ма Кобетæ иу амардтой Барсæгатæй, фæлæ та сæ Барсæгатæ ноджы æртæ амардтой, æмæ ма авд æфсымæрæй æрмæст. баззади иу. Стæй рафæнд кодтой Барсæгатæ хæдзармæ фæцæгъдын бынтондæр Кобейы мыггаджы, мыггагскъуыд æй фæкæнын. Ноджы сæрысуангæй аххос Кобетыл бадти æгъдаумæ гæсгæ. Цæвиттон, хъазты æнæбары чи фæмард уыдаид, уымæн йæ туг нæ истой йæ мыггаг, фæлæ-иу бафидыдтой æмæ фидыдмæ гæсгæ тугмæ истой йе фæллой уыдаид, йе зæхх. Кобетæ та хъазты мидæг сæ лæгмæ лæг амардтой. Гъе, уыдæттæ дæр сыл æртыхтой Барсæгатæ, кæд Кобетæй фылдæр фæцагътой, уæддæр, æмæсын æфсонæн уыд Кобеты быныскъуыд скæнын хъуыддагæн адæмы цæсты раз.

Кобетæ хъуыддаг куы ’рымбæрстой, уæд ма сын, мæгуыртæг, цы гæнæн уыди æмæ фидауыныл ныллæуыдысты. Адæмтæ сыстадысты æмæ ныззоныгуыл кодтой фыдуаг мыггаджы раз — Кобейы мыггаг ма аскъуынут, зæгъгæ, æнæуый сын цы кæнут, уый кæнут, уæ дзых сын тæрхонгæнæг фæуæд.

Æрдардтой сæ хъус дзыллæты лæгъстæмæ Барсæгатæ дæр, уæдæ цы æмæ ныффидыдтой Кобейы мыггаджимæ. Цы ма ныууагътаиккой, мæгуыртæг, Кобетæн хъал мыггаг, туг фидтæнмæ сын рахастой сæ исфæллой. Фидыды чызг дæр æркодтой Кобетæй. Æгад уыди тугфидтæны чызг радтын нæ фыдæлты цæсты. Чызг айсæг-иу чызджы кусæг скодта, уæй дæр æй кодта. Науæд чызджы исчи мыггагæй йæхицæн номылус куы скодтаид, уæд йæ цæуæт дæр кæвдæсардыл — сауыл нымад цыдысты. Гъе, фæлæ ма дзы Кобейы мыггагæн хуыздæр гæнæн кæм уыди æмæ чызг дæр радтой. Мыггагскъуыдæй кæй аирвæзтысты, уый дæр сын стыр хæрзиуæг уыди.

Йæ фæстæ ма сын цæй цæрыны фадат уыдаид а бæсты. Зыдтой сæ арвы цæф. Барсæгатæй сыстадысты æмæ кæдæмдæр сæ сæр фесæфтой. Кæсут ныр, цæрæгæй æдзæрæг фæци уæртæ Кобеты къуылдым.

Ахæм тугуарæн хъуыддæгтæ цыди, гъе, мæ хуртæ, уыцы фыд-заманы зæххы фæдыл.







Дата добавления: 2015-08-31; просмотров: 431. Нарушение авторских прав; Мы поможем в написании вашей работы!



Аальтернативная стоимость. Кривая производственных возможностей В экономике Буридании есть 100 ед. труда с производительностью 4 м ткани или 2 кг мяса...

Вычисление основной дактилоскопической формулы Вычислением основной дактоформулы обычно занимается следователь. Для этого все десять пальцев разбиваются на пять пар...

Расчетные и графические задания Равновесный объем - это объем, определяемый равенством спроса и предложения...

Кардиналистский и ординалистский подходы Кардиналистский (количественный подход) к анализу полезности основан на представлении о возможности измерения различных благ в условных единицах полезности...

Устройство рабочих органов мясорубки Независимо от марки мясорубки и её технических характеристик, все они имеют принципиально одинаковые устройства...

Ведение учета результатов боевой подготовки в роте и во взводе Содержание журнала учета боевой подготовки во взводе. Учет результатов боевой подготовки - есть отражение количественных и качественных показателей выполнения планов подготовки соединений...

Сравнительно-исторический метод в языкознании сравнительно-исторический метод в языкознании является одним из основных и представляет собой совокупность приёмов...

Кран машиниста усл. № 394 – назначение и устройство Кран машиниста условный номер 394 предназначен для управления тормозами поезда...

Приложение Г: Особенности заполнение справки формы ву-45   После выполнения полного опробования тормозов, а так же после сокращенного, если предварительно на станции было произведено полное опробование тормозов состава от стационарной установки с автоматической регистрацией параметров или без...

Измерение следующих дефектов: ползун, выщербина, неравномерный прокат, равномерный прокат, кольцевая выработка, откол обода колеса, тонкий гребень, протёртость средней части оси Величину проката определяют с помощью вертикального движка 2 сухаря 3 шаблона 1 по кругу катания...

Studopedia.info - Студопедия - 2014-2024 год . (0.01 сек.) русская версия | украинская версия